Нæ зынаргъ газеткæсджытæ!

Нымад сахаттæ баззадис Ног Азы æрбалæудмæ. Тагъд ныццæгъддзысты куранттæ æмæ ралæудзæн Ног, 2023 аз.

Афтæ нæм фæкæсы, зæгъгæ, 12 цæфы цалынмæ кæны сахат, уæдмæ дæ бæллицтæ уæлæрвтæм сыгъдæгзæрдæ куывды хуызы фæхæццæ кæн æмæ æнæмæнг иууылдæр сæххæст уыдзысты. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй æцæгдæр афтæ уа.

Фæнды мæ, цæмæй алкæй бинонтæ дæр уой æнгом, æнæниз, æнæфыдбылыз, зæрдæрухс æмæ æнтыстджын — куысты, ахуыры, æмткæй царды!

Фæнды мæ, цæмæй нæ хæстон хъæбултæ æнæ иу цъæрæмыхстæй уæлахиздзаутæй сæрыстырæй сæмбæлой сæ ныййарæг Ирыстоныл!

Мæхи æмæ нæ редакцийы кусджыты номæй арфæ кæнын нæ газетыл йæ зæрдæ чи никуы сивта, уыдонæн — уæ дæнцæг иннæтæн фæзминаг, уымæн æмæ уæ фæрцы «Хурзæрин» къуыри æртæ хатты ныр уал азы мыхуыры цæуы æмæ Ирыстоны ирон дзыллон-информацион мыхуыры фæрæз ис!

Дуне Сфæлдисæг Иунæг Хуыцау уæ æрцæугæ азы ахъаззаг фылдæр скæнæд!

2023 азы алы бон дæр уын цин æмæ ныфс куыд хæсса, ахæм амонд уын Дунейы Фарн раттæд! Уæлахиз нын ут!

«Хурзæрин»-ы коллективы номæй Дамбегти Иринæ