18 марты уыдзысты Уӕрӕсейы Федерацийы президентон ӕвзӕрстытӕ. Уыцы бон зӕрдылдаринаг уыдзӕн Хуссар Ирыстоны фӕллойгӕнджытӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ растӕн дӕр уыцы бон ӕххӕст кӕны ӕртӕ азы Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы ‘хсӕн Æмцӕдисад ӕмӕ интеграцийы фæдыл бадзырдыл, сӕ къухтӕ йыл ӕрфыстой Президенттӕ Тыбылты Леонид ӕмӕ Владимир Путин. Ацы ӕвзӕрстыты ахсджиаг нысаниуӕг ӕмбаргӕйӕ, ӕрӕджы Хуссар Ирыстоны ветерантӕ Уӕрӕсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минӕварадимӕ иумӕ ауагътой рабадт. Уыдон лӕмбынӕг ӕмӕ ӕргомзӕрдӕйӕ ӕрдзырдтой нӕ бӕстӕйы ацы ахсджиаг политикон цауы тыххӕй, банысан кодтой, цӕмӕй ӕвзӕрстыты активон хайад райсой нӕ республикӕйы цӕрæг уæрæсейаг æмбæстæгтæ дӕр. Ӕвзӕрстытӕм ныртӕккӕ цӕуынц цӕттӕгӕнӕн куыстытӕ ӕмӕ нӕм иууыл иумӕ уыдзӕн 11 ӕвзарӕн фадыджы, уымӕ гӕсгӕ ӕмбӕстӕгтӕй алкӕмӕн дӕр фадат уыдзӕн равзӕрстгонд кандидатӕн схъӕлӕс кӕнынӕн. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны цӕрджыты 90 процентӕй фылдӕр сты Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгтӕ ӕмӕ куыд ӕрвылхатт, афтӕ та ныр дӕр хайад райсдзысты ацы ӕнӕмӕнгхъӕуӕг политикон цауы. Рабадты хайадисджыты раз раныхас кодта нӕ республикӕйы Ветеранты советы сӕрдар Бесаты Вячеслав ӕмӕ банысан кодта, не ‘ппӕты дӕр ацы бонмӕ кӕй хъӕуы ӕмбӕлон куыст бакӕнын. Уый фӕстӕ ӕрӕмбырдуӕвджыты базонгӕ кодта, цы Сидт райстой, уыимӕ ӕмӕ йӕ банымадтой хорзыл. Ветеранты фембӕлды ма уыдысты ӕмӕ ахсджиаг кампанийы тыххӕй сӕ хъуыдытӕ загътой Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы Федерацийы хистӕр уынаффæгæнæг Манько Сергей, Россотрудничествойы минæварады сӕрдар Хуссар Ирыстоны Степанов Михаил, ветерантӕ Липин Сергей, Гуыцмӕзты Мурат ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.