Ӕрӕджы хыгъдон ӕмбырд уыд Цхинвалы горӕты Ветеранты советӕн ӕмӕ дзы 2017 азы бакӕнгӕ куысты тыххӕй ӕрдзырдта йӕ сӕрдар Гобозты Ӕхсар. Уый куыд банысан кодта, афтӕмӕй алы квартал дӕр уагъд цыдысты рабадтытӕ, ветерантӕ активон хайад истой, горӕты ахуыргӕнӕн уагдӕтты цы мадзӕлттӕ уагъд цыдысты, уым, ӕмбӕлдысты фӕсивӕдон организацитӕ ӕмӕ куыстуӕты коллективтимæ. Хӕдзӕртты бӕрӕг кодтой, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветерантӕ ӕмӕ сӕ идӕдзты царды уавæртæ.

Ныртӕккӕ горӕты Ветеранты советы хыгъды ветеранты нымӕц у 1292, уыцы нымӕцы Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджытӕ – 22 адæймаджы, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты ветерантӕ сты 140 адæймаджы, фӕллойы ветерантӕ – 939, Афганистаны хӕсты ветерантӕ – 77, Мидхъуыддӕгты органты ветерантӕ – 33, Венгрийы цауты хайадисджытӕ  – 13, Ӕфсады сахъатджынтӕ – 9 ӕмӕ Гарзджын тыхты ветерантӕ та 13 адæймаджы. Хъыгагӕн, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисджытӕй цалдӕр сты уӕззау уавӕры. Зӕгъын хъӕуы, ветерантӕ хайад истой Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты Уӕлахизы 72 азы, афтӕ ма Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны Хӕдбардзинад расидыны боны цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты. Ветеранты совет ӕмбӕлон хъусдард здахы, горӕты территорийы цы мемориалтӕ, цыртдзӕвӕнтӕ ис, уыдонмӕ, стӕй ма Хæстон кады хатӕнтӕм дӕр. Стыр хъусдард здахынц рӕзгӕ фӕлтӕр ӕмӕ фӕсивӕды монон ӕмӕ патриотон хъомыладмӕ, цӕмӕй ӕнувыд уой сӕ фыдыбӕстӕйыл, дарддӕр сын кӕной сӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ традицитӕ. Горӕты ӕппӕт скъолаты дæр уагъд цыдысты монон-хӕрзӕгъдауы фӕдыл мадзӕлттӕ. Активон хайад сæ райстой хӕсты хайадисджытӕ ӕмӕ фӕсчъылдымы ветерантӕ Дзеранты Шота, Тедеты Никъала, Цоциты Амиран, Къусраты Н., Уалыты Л., Цхуырбаты И., Харебаты Л. ӕмӕ ӕндӕртӕ. Гобозы фырт куыд банысан кодта, афтӕмӕй ветерантӕм стыр хъусдард здахы «Россотрудничество» М. В. Степановы сӕргълӕудӕй. Уый Сылгоймӕгты дунеон бон – 8-ӕм марты цытӕн фӕхуыдта горӕты сылгоймӕгтӕй Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хайадисӕг ӕмӕ ветеран Нарыкъаты Л., Уалыты Л., фӕллойы ветеран Пономарева Л., 5-ӕм ӕмӕ 10-ӕм астӕуккаг скъолаты директортӕ Бестауты А., Бабаты И. ӕмӕ ӕндӕрты. «Россотрудничество»-йы къухдариуӕггӕнӕг зӕрдиаг арфӕ ракодта ӕппӕт сылгоймӕгтӕн бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ сын бакодта зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ. Уӕлахизы боны цытӕн фронты хайадисджытӕ Дзеранты Ш., Цоциты А., Тедеты Н., Ветеранты советы сӕрдар Бесаты В., йӕ хӕдивӕг Уалыты Г. йӕхимӕ фӕхуыдта УФ-йы минӕварад. Уыдоныл зӕрдиагӕй сӕмбӕлдысты УФ-йы раздӕры минӕвар Хуссар Ирыстоны Къарджиаты Эльбрус, минӕварады кусджытӕ Манько С., «Россотрудничество»-йы къухдариуӕггӕнӕг Михаил Степанов. Уыдон зӕрдиаг арфӕ ракодтой ветерантӕн ӕмӕ сын бакодтой зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ. Уымӕй дарддӕр ма ӕппӕт скъолатӕ ӕмӕ культурон объектты дӕр уагъд ӕрцыдысты мадзӕлттӕ, хæсты ветеранты хайадистæй. Ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ зӕрдӕбын арфӕтӕ ракодтой уазджытӕн, бакодтой сын лӕвӕрттӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Ахӕм мадзӕлттӕ ма уагъд ӕрцыдысты Анахарсисы номыл республикон ӕмӕ горӕтон библиотекӕты дӕр. Ацы мадзӕлтты иумиагахуырадон уагдӕттӕй уӕлдай хуыздӕр равдыстой 5-ӕм, 6-ӕм, 9-ӕм, 10-ӕм ӕмӕ 12-ӕм скъолатӕ, уыдон уазджытӕн равдыстой концерттӕ, дзырдтой ирон ӕмӕ уырыссаг поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ, бацӕттӕ кодтой Плиты Грисы поэмӕ «Авд цухъхъа»-мӕ гӕсгӕ инсценировкӕ. Банысан кӕнын хъӕуы, 9-ӕм майы ӕфсӕддон парады трибунӕмӕ кӕй фӕхуыдтой Дзеранты Ш., Тедеты Н., Цоциты А., Нарыкъаты Л., Уалыты Л.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ацы аз 100 азы сӕххӕст хæсты хайадисӕг Гатыгкоты Захарыл ӕмӕ йын уый охыл Ветеранты совет бакодта зынаргъ лӕвар. Гатыгкойы фырт ӕнӕхъусдард нӕ баззад нӕ республикӕйы разамындӕй дӕр, сӕрмагондӕй йын раарфӕ кодта Президент Бибылты Анатоли, ныфс ын бавӕрдта ног хӕдзар саразынӕй ӕмӕ, ӕцӕгдӕр ныр йӕ арӕзтад фӕуд кӕны.

Ветеранты куысты фӕстаг рӕстӕджы ныббиноныг хорз традици. Цӕвиттон, ивгъуыд аз уыдон уыдысты Дзауы районы Синагур ӕмӕ Теделеты хъӕуты, федтой 18 цӕвӕджджыны цыртдзӕвӕн ӕмӕ йыл сӕвӕрдтой дидинджытӕ. Ацы аз та ахӕм балцы уыдысты Цхинвалы районы Къостайыхъӕу ӕмӕ Знауыры, уым хӕсты бабынуӕвӕг хӕстонты но-мыл сты цыртдзӕвӕнтӕ. Къостайыхъӕуы скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕ цыртдзӕвӕны раз кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, хайад ма дзы райстой ветерантӕ ӕмӕ скъолайы ахуыргӕнджытӕ, дзырдтой се ‘мзӕххонты тохы фӕндӕгты тыххӕй. Знауыры поселочы та ӕрдзырдтой се ‘мзӕххон, Советон Цӕдисы Хъайтар Цхуырбаты Иваны сгуыхтдзинӕдты фӕдыл ӕмӕ кӕстӕрты фӕдзӕхстой, цӕмӕй уой хистӕрты хорз хъуыддӕгты дарддӕргӕнӕг.

Хӕрзӕрӕджы 9-ӕм скъолайы уагъд ӕрцыд мадзал. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй ацы скъола хӕссы Советон Цӕдисы дыууӕ хатты Хъайтар, Монголты Адӕмон Республикӕйы хъайтар Плиты Иссӕйы ном. Мадзал бацӕттӕ кодтой ӕфсӕддон хъомылады ахуыргӕнӕг Лалыты Б., скъолайы директор Зассеты З., организатор Танделаты Г. ӕмӕ ӕндӕртӕ. Мадзалмӕ фӕхуыдтой хӕсты хайадисӕг Тедеты Н. Ахуыргӕнинӕгтӕ дзырдтой номдзыд инӕлары хӕстон фӕндӕгты, йӕ хъайтарон цауты тыххӕй. Ахуыргӕнинӕгты раз раныхас кодтой Гобозты Ӕхсар, Козаты Павел, Тыбылты Э., Лалыты Г., Танделаты Б. ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Декабры райдианы 45 азы сӕххӕст 12 скъолайы байгомыл ӕмæ йӕм фæхуыдтой хӕсты хайадисӕг Дзеранты Ш. Юбилейон мадзалы хайад райста ӕмӕ дзы раныхас кодта Президент Бибылты Анатоли. Скъолайӕн бакодта зӕрдылдарӕн лӕвар.

– Уыимӕ иумӕ, банысан кодта Гобозы фырт, – ис нӕм ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр категориты ветерантӕ, уыдон арӕх фӕдомынц санаторитӕ, улӕфӕн хӕдзӕртты баулӕфыны тыххӕй балцӕгтӕ, льготӕтӕ. Фӕлӕ нӕ ветерантӕн уыцы уавӕртӕ ӕмӕ фадӕттӕ нӕй, ныфс мӕ ис, уыцы фарст кӕй ӕрбӕстон уыдзӕн Уӕрӕсейы ӕххуысы фӕрцы.

Ӕмбырды хайадисджытӕ ма ӕркастысты организацион фарстмӕ дӕр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.