Ӕрӕджы нӕ республикӕйы ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты хайадисджытӕ разындысты ӕнӕххӕст кары адæймæгтæ.

Хуыцаубоны сихорафон 17-аздзыд лӕппу нӕ сарӕхст автомашинӕ скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд электрохаххы цӕджындзыл. Йемӕ ма бадт 15-аздзыд бӕлццон ӕмӕ аварийы фӕстиуӕгӕн рынчындонмӕ алыгъуызон цӕфтимӕ бахаудта. Къуырисӕры та Цхинвал-Дзауы фӕндагыл 16-аздзыд чызг, автомашинӕ скъӕргӕйӕ, фӕсвӕд афӕлдӕхт. Йемӕ ма бадтысты дыууӕ 17-аздзыд чызджы.

Ахӕм цауты рӕстӕджы фӕндагон инспектортӕ бархалыны фӕдыл цы гæххæттытæ саразынц, уыдон арвитынц ӕнӕххӕст кары сывӕллӕтты хъуыддӕгты фӕдыл къамисмӕ. Горӕт Цхинвалы милицийы управленийы ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл хайады хистӕр Гатайты Лалийы ныхӕстӕм гӕсгӕ ахӕм ӕрцӕугӕ цауты рӕстӕджы сывӕллӕттӕ аххосджын нӕ вӕййынц, фыдбылыз ӕруадзынц сӕ ныййарджытӕ.

«Кӕцыдӕр ныййарджытӕ бынтондӕр ницы бӕрндзинад хӕссынц сӕ сывӕллӕтты тыххӕй ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн сӕхи сывӕллӕтты дӕр ӕмӕ ма ӕндӕр искӕй дӕр фыдбылызы баппарынц. Фӕлӕ йӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй ахӕм ныййарджыты кой ничи фӕкӕны. Ацы ӕрцӕугӕ авариты, зӕгъгӕ, уды зиан ӕрцыд, уӕд алчидӕр аххосджын кодтаид барадхъахъхъӕнӕг органты, ома уӕ куыст куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ бакодтат. Фӕлӕ фыццаджыдӕр ныййарджытӕ хӕссынц бӕрндзинад сӕ сывӕллӕтты тыххӕй. Кӕд ӕмӕ ныййарӕг ӕмбӕлонӕй не ‘ххӕст кӕны ныййарӕджы хӕстӕ йӕ сывӕллонӕн хъомылдзинад радтыны хъуыддаджы, уӕд ахӕмтӕ ӕфхӕрд ӕрцӕуынц закъоны фӕлгӕтты», – зӕгъы Гатайты Лали.

Фӕндагон инспектортӕ хатынц ныййарджытӕм, цӕмӕй профилактикон хуызы аныхас кӕной се ‘нахъом сывӕллӕттимӕ ӕмӕ сын ӕй бамбарын кӕной, цалынмӕ сыл 18 азы сӕххӕст уа ӕмӕ автомашинӕ скъӕрыны бары гӕххӕттытӕ райсой, уӕдмӕ сын машинӕ скъӕрыны бар кӕй нӕй, уый.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.