ИУТÆ ЧЪИЗИ КÆНЫНЦ, ÆНДÆРТÆ ТА – ÆФСНАЙГÆ

Махæй алчидæр мин-мин тæгтæй баст у æрдзимæ. Нæхæдæг дæр йæ иу хай стæм. Уымæ гæсгæ йæ хъæуы  хъахъхъӕнын, йӕ зӕрдӕхудты цӕуӕн нӕй.

Сӕрд улӕфыны рӕстӕг у,  æмæ алчидæр йе ‘рбалæудмæ тынг зӕрдиагӕй фенхъӕлмӕ кӕсы.  Хъарм бонтӕ куы райдайынц, уӕд байгом вӕййы хиирхæфсæн сезон, физонджыты сезон, ӕмӕ иууыл хуыздӕр улӕфӕн бынӕттӕ горӕты ӕддейӕ, сӕйраджыдӕр, донбылгӕрӕтты, байдзаг вӕййынц адӕмӕй.

Хъарм боныгъӕдтӕ “сайынц” адӕмы ӕрдзы хъӕбысмӕ, æмæ уый хорз хъуыддаг у, фæлæ… сӕ фӕстӕ бафснайыны мӕт бирæтæ не ‘ркæнынц æмæ сæ хиирхæфсæн бынат райсы брондоны хуыз.

Донбылгӕрӕтты, улӕфӕн бынӕтты, суанг ма кувӕндӕтты цурты дӕр бирæтæ ныууадзынц сӕ брæтты æмæ афтæ фæлæзæрынц.

Ӕнуд кабинеттӕ ӕмӕ горӕты тыхстызмæлдӕй адӕм сӕхи ӕппарынц хъӕутӕм, донбылгӕрӕт-тӕм ӕмӕ ӕрдзы хъӕбысмӕ æмæ ахæм бынæттæм бахаугæйæ, адæймаджы зæрдæйы равг фехалы.

Уæддæр сæ цæрæнбон бирæ фӕсивӕдон организацитӕ ӕмӕ бархион къордты хайадисджытæн. Уыдон азилынц, адæм фылдæр цы бынæттæм фæцæуынц, уыдоныл æмæ сæ сæ бæсты бафснайынц, фæлæ сыл уыдон дæр нал тых кӕнынц. Куырыхон адӕмы сидтытӕ дӕр ӕмбӕлон фӕстиуджытӕм нӕ кӕнынц. Уавæр уæлдай мæгуырдæр у Цхинвалы ӕмӕ Дзауы районты. Иуӕй ацы районтӕ горӕтмӕ сты хӕстӕгдæр, аннӕмӕй дзы ис бирӕ рӕсугъд бынӕттӕ ӕмӕ улӕфджыты ‘хсӕн сты уӕлдай “популярондӕр”.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, улӕфджытӕй алчи иугъуызон нӕу, ис дзы цӕсгомджынтӕ, кӕцыты бахъӕуы сӕхи фӕстӕ дӕр ӕмӕ сӕ разӕй уыцы бынаты чи бадт, уыдон фӕстӕ дӕр бафснайын, фæлæ кæд банкъардзысты, бæрндзинад адæмы раз æмæ сæхи раз дæр, нæ фенддаг бынæттæ нын чи чъизи кæнынц, уыдон та?

Дриаты Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.