Нӕ республикӕйы дарддӕр кӕнынц хуым кӕнын ӕмӕ ӕфсирон культурӕтӕ тауыны куыстытӕ. Кӕд хӕдзарадтӕ ӕвзарынц ӕмбӕлон техникӕйӕ хъуагдзинад, стӕй хатт хъӕуӕг тауинаг ӕрӕввонг кӕнынӕй, уӕддӕр хӕдзардзин ӕмӕ куыстуарзаг зӕхкусджытӕн уыдон къуылымпыйы хос не сты. Уымӕ гӕсгӕ сӕ иутӕн бантыст куыд фӕззыгӕнд мӕнӕу, афтӕ уалдзыгӕнд культурӕтӕ байтауын дӕр.

Раззагон фермерон хӕдзарадыл нымад у, Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы цӕрӕг Хъабанты Хъазбег кӕмӕн разамынд кӕны, уый. Хӕдзарад кӕны куыд стурвос ӕмӕ фысдарды, афтӕ хуыдарды куыст дӕр ӕмӕ азӕй азмӕ рæзы куыд сӕ нымӕц, афтӕ  сӕ продуктивондзинад дӕр. Хъабанты бинонтӕ хъаруджынӕй архайынц ӕфсирон культурӕтӕй хъӕздыг тыллӕг райсыныл дӕр ӕмӕ сын уым дӕр ис раппӕлинаг фӕстиуджытӕ. Се’ркӕнгӕ тыллӕджы иу хай среализаци кӕнынц республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн, фӕкӕсынц ӕмӕ се ‘ххуысы къух фӕдаргъ кӕнынц, тауинаг кӕй бахъӕуы, уыдонмӕ дӕр.

Хъабаны фырт йӕ хуымзӕххытӕй фӕззӕджы фӕззыгӕнд мӕнӕуы культурӕ байтыдта 9 гектары фӕзуатыл. Фӕлӕ ууыл не ‘рлӕууыд ӕмӕ йын ацы бонты та «Агросервис»-ы Уелиты хайады механизатортӕ хъӕбӕрхор байтыдтой 25 гектары. Цӕмӕй ӕвзартӕ хызт уой алыхуызон зиангӕнджытӕй, уый тыххӕй байтыдтӕм бахӕссы марг-химикаттӕ, стӕй ма сӕм фӕкӕсы минералон хъацӕнтӕй дӕр. Уыдӕтты фӕрцы йӕ фӕззӕджы бӕркад вӕййы зӕрдӕйы фӕндиаг.

Фӕззыгӕнд мӕнӕу рӕстӕгыл байтауыны фӕстӕ уалдзыгӕнд культурӕ байтауынмӕ йӕхи развӕлгъау бацӕттӕ кодта ацы хъӕуы «Билурта»-йы фермерон хӕдзарады разамонӕг Цхуырбаты Алан дӕр. Уый рӕстӕгыл бахуым кодта йӕ зӕхх, ӕмӕ йӕ таугӕ дӕр бакодта. Цӕмӕй хуымтӕ знаггадӕй хызт уой, уый тыххӕй йӕ ӕрӕмбонд кодта.  Ӕфсирон культурӕты куыстыл хӕст у, йӕ рӕстӕджы раззагон механизатор, хъӕууонхӕдзарадон куыстыты активон хайадисӕг Хуыбиаты Уасил дӕр. Уый ныртӕккӕ дӕр ӕнцад нӕ бады, фӕлӕ ӕрвылаз дӕр йӕ хайбавӕрд хӕссы ӕфсиронтӕй хъӕздыг тыллӕг райсынмӕ. Ӕввахс бонты уымӕн бантыст 8 гектары хъӕбӕрхор байтауын. Зӕххы куыстмӕ бавнӕлдтой ӕрыгон амалиуӕггӕнджытӕ Хуыбиаты Аджӕ ӕмӕ Дадте дӕр ӕмӕ сын хъӕбӕрхоры культурӕ байтауын бантыст 10 гектары фӕзуатыл.                                                                         

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.