Хуссарирыстойнаг фарс æрсидт женевæйаг дискусситы хайадисджытæм, цæмæй æбæргæй сæфт адæймæгты ссарыны тыххæй бандавой Гуырдзыстоныл, – фехъусын кодта журналисттæн фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Мурат.

«Дыккаг кусæгон къорды фæлгæтты Женевæйы уынаффæ  кодтой, гуманитарон характеры фарстатыл, кæцытæ баст сты æбæрæгæй сæфт адæймæгты ссарын, ахуырад, экологон æдасдзинад, культурон бынтæ бахъахъхъæнынимæ»,  загъта уый.

Джиоты Мураты ныхæстæм гæсгæ, банысанчындæуыд, зæгъгæ, гуырдзиаг тыхон структурæтæ кæй аскъæфтой æмæ Гуырдзыстоны территорийыл æбæрæгæй чи фесæфт, уыцы адæймæгты ссарынимæ баст фарстатыл уынаффæ кæнын у æдасдзинад æмæ гуманитарон ситуацийы фæдыл дыккаг кусæгон къорды архайды ахсджиаг хай.

«Хуссарирыстойнаг делегаци банысан кодта ЕÆÆО-йæ æрбахонгæ эксперт Душан Игнятовичы куыст, фæлæ уыцы иурæстæджы æрсидт дунеон организацитæм дæр, цæмæй бандавой гуырдзиаг фарсыл, йæ докладты цы рекомендацитæ ис, уыдон сæххæст кæныны нысанæн», – банысан кодта уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.