Цхинвалы районы фӕллойгӕнджытӕ сӕ фӕллойадон архайдӕй фылдӕр рӕзын кӕнынц фосдарды куыст ӕмӕ продуктивондзинад. Уыцы ахсджиаг ӕмӕ ӕнӕмӕнгхъӕуӕг архайдмӕ сӕ аккаг хайбавӕрд хӕссынц канд фермерон хӕдзарадтӕ нӕ, фӕлӕ ма хисӕрмагонд хӕдзарадты фосдарджытӕ дӕр. Уымӕй дарддӕр ма ӕндӕртӕ та сӕ тыхтӕ фӕлварынц ӕфсирон культурӕтӕ тауын ӕмӕ сӕ хъӕздыг тыллӕг ӕрзайын кӕныны сæраппонд. Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ иутӕ ацы куыстмӕ се ‘ргом раджы аздӕхтой, фаг сӕм ис куысты фӕлтӕрддзинад ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕрвылаз дӕр сӕ фӕззӕджы тыллӕгӕрзадӕй барухс вӕййы сӕ зӕрдӕ.

Хъабанты Хъазбег ӕфсирон культурӕты куыст кӕны цалдӕр азы, сӕххӕст кӕны агротехникӕйы ӕппӕт домӕнтӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн азӕй-аз хуыздӕр фӕстиуджытӕм фенхъӕлмӕ кӕсы фӕззӕджы. Хъабаны фыртӕн ацы аз дӕр зӕрдӕйы фӕндиаг уыдзӕн йӕ тыллӕгӕрзад, кӕй та барухс уыдзӕн фӕллойуарзаг зӕхкусӕджы зӕрдӕ, ууыл ис зӕрдӕ дарӕн. Ивгъуыд фӕззӕджы кæй бахуым кодта, уым байтыдта фӕззыгӕнд мӕнӕу 6 гектары. Уалдзӕджы та байтыдта хъӕбӕрхор. Знауыры районы «Агросервис»-ы механизатортӕ Пухаты Дзанте ӕмӕ Джиоты Алик тауыны куыстытӕ ахицӕн кодтой рӕстӕгыл, афтæмæй хор байтыдтой 25 гектары ӕмӕ 3 гектары та сысджы агротехникӕйы домӕнтӕм гӕсгӕ. Фермер куыд банысан кодта, афтӕмӕй тауинаг уыд, йӕхӕдӕг цы тыллӕг ӕрзайын кодта, уымӕй ӕмӕ у тынг гъӕдджын.

Цӕмӕй хъӕздыг тыллӕг ӕрзайын кӕнай, уый тыххӕй фаг не сты хуым кӕнын-тауыны куыстытӕ рӕстӕгыл ахицӕн кӕной, уый. Фӕхъӕуы байтыдты алыгъуызон зиангӕнджытӕй бахизын дӕр. Хъабаны фырт тыдтытӕм ныр цалдӕр хатты бахаста маргхимикаттӕ ӕмӕ йӕ ныфс ис бӕркадджын тыллӕгӕрзадӕй.

Хуыбиаты Батрадз та хъӕууонхӕдзарадон куыстмӕ йе ‘ргом здахы ныр дыккаг аз ӕмӕ йын тыллӕгӕрзадӕй нӕ вæййы мӕгуырау ӕнтыст. Ацы аз хъӕбӕрхор байтыдта 14 гектары. Хуым кӕнын ӕмæ тауыны куыстытӕ сӕххӕст кодтой раззагон механизатортӕ Хуыбиаты Алан ӕмӕ Мӕлдзыгаты Алан.

«Билурта»-йы хӕдзарад фӕззыгӕнд мӕнӕу, хъӕбӕрхор ӕмӕ сысджыйы культурӕтӕ ӕдӕппӕт байтыдта 30 гектары фӕзуатыл ӕмӕ сӕм фӕкӕсдзӕн минералон хъацӕнтӕй дӕр. Хӕдзарады уӕнгтӕ рагацау бацархайдтой, цӕмӕй сӕ зӕххы фадыг хызт уа знаггадӕй ӕмӕ йӕ ӕрӕмбонд кодтой. Хицӕн ӕмбӕстӕгтӕй та ӕфсирон культурӕтӕ Къостайыхъӕуӕй байтыдтой цалдӕрæй. Цӕвиттон, Габуты Зауыр ӕмӕ Санахъоты Валерийӕн фӕззыгӕнд мӕнӕу байтауын бантыст 14 гектары ӕмӕ хъӕбӕрхор та – 4 гектары.

  Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.