Национ ахастдзинæдтæ нывыл кæнын  æмæ террористон фæзындты ныхмæ профилактикон куысты фæдыл уыд республикæйы разамынды, Национ ахастдзинæдты фæдыл министрады æмæ Терроризмы ныхмæ архайды къамисы радон æмбырд, республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй. Архайд-той ма дзы барадхъахъхъæнæг органты, министрадтæ æмæ ведомствоты разамонджытæ.

Æмбырды ныхасгæнджыты иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны æхсæнадон – политикон уавæр æппæтæй дæр аразгæ у Цæгат Кавказы федералон зылды нациты æмæ конфесситы æхсæн ахастдзинæдтæй. Уый у  паддзахадон хицауады органты сæйраг хæс – цæмæй республикæйы уа сабырдзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад. Æрфарстмæ гæсгæ, Кавказы регионтæй нæ республикæйы хуызæн нациты ʻхсæн хæлардзинад никуы ис. Фæлæ ма нæм цы æвзæр зондыл хæст тыхтæ ис, уыдонмæ уæлæнгай цæстæй кæсын тынг тæссаг хъуыддаг у. Нациты æмæ конфесситы ʻхсæн ахастдзинæдты фидæны уавæр бæстæйæн куыд ахсджиаг у, уый æмбаргæйæ ууыл хъуамæ архайой æппæт хицауиуæгады æмæ бынæттон хæдразамынды органтæ, стæй æппæт бæрнон æхсæнадон иугæндтæ æмæ активисттæ дæр.

Уыцы иумæйаг куысты зæрдиагæй архайынц æхсæнадон змæлд  “Нæ Ирыстон”,  национ – культурон егъаудæр центртæ, дины организацитæ. Уыдон стыр æвæрæн хæссынц республикæйы æхсæнадон – политикон уавæрмæ.

Боны фæткы иннæ фарста уыд адæмы террористон фæзындтытæй бахъахъхъæнын. Хъыгагæн, уый алыхатт къухы нæ бафты æмæ бирæ ирон фæсивæд сæ хызы бахауынц. Ныртæк-кæ Сирийы ис Цæгат Кавказæй, уыимæ Ирыстонæй бирæ лæппутæ æмæ чызджытæ,  бирæтæ – сывæллæттимæ. Уыдонæй кæмæндæрты фæмард сты сæ ныййарджытæ. Уыцы сабитæ æцæгæлон зæххыл цы мæгуыры бонтæ æвзарынц уазал, стонг æмæ низтæй, ууыл дзырдтой æмбырды архайджытæ. Уыцы сывæллæттæн æххуыс кæныныл æмæ сæ  хæстон бынæттæй ракæныныл архайынц алыхуызон организацитæ. Битарты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй æрæхгæнын хъæуы терроризмы гуырæнтæ кæцæй цæуынц, адæмы зондахаст чи халы, уыдон. Уый барадхъахъхъæнæг органты бафæдзæхста, цæмæй ноджы лæмбынæгдæр бæрæг кæной интернеты тыгъдад æмæ террористон сайттæ æхгæной. Бæрæг куыд у, афтæмæй фæсивæды зондахаст халынц, уым цы алы хъылма фыссынц, террористон фыдракæндтæм сæ куыд разæнгард кæнынц, уыдæттæ.

“Ацы фарста кæмæ хауы, уыцы ведомствотæ æмархайд куынæ кæной, уæд нæ къухы æнтыстдзинæдтæ нæ бафтдзæн нæ цæрджыты терроризмæй бахъахъхъæныны. Ныртæккæ цы мадзæлттæ арæзт цæуы, уый фаг нæу. Уымæн æвдисæн, нæ республикæйæ уыцы фæндагыл чи ныллæууыд, Сиримæ чи афтыд, уыдон архайд дæр. Ныййарджыты аххосæй сæ сабибонтæ, сæ фидæн фесафынц бирæ сывæллæттæн. Уыдон ахæм зындонæй аирвæзын кæнын та у не  ‘ппæты хæс дæр”, – банысан кодта республикæйы Сæргълæууæг.

Нæ   уацх.                  

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.