Спорты къабазы йæ радтæг Ирыстонæн стыр лæггæдтæ чи бакодта, уыдонæй иу у  уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы сгуыхт тренер Габысаты Хъамболат. Ууыл кæд æрæджы 90 азы сæххæст, уæддæр у уæнгрог, йæ энерги – æвидигæ. Уый дарддæр фæнд кæны фидæны чемпионтимæ кусын.

Йæ юбилейы бон Габысаты Хъамболат бирæ арфæтæ райста, уыцы нымæцы УФ-йы Президент Владимир Путинæй дæр. «Владимир Путины зонын йæ чысылæй фæстæмæ. Базонгæ стæм Владимир Владимиры фыртыл 11-12 азы куы цыд, уæд. Уæд æз куыстон тренерæй æмæ махмæ Ленинграды уагъд цыдысты сбортæ. Уыцы азты Путин архайдта дзюдойæ æмæ дзюдоистты командæ тренировкæтæ кодтой нæ базæмæ æввахс. Растдæр уæд базонгæ стæм, фондз азы бæрц æмбæлдыстæм æмæ арæх ныхас кодтам. Уый фæстæ нæ фæндæгтæ фæхицæн сты. Æхсызгон мын у, Владимир Владимиры фырт мын æрвылаз дæр мæ гуырæн боны цытæн кæй ра-арфæ кæны, уый», – банысан кодта Хъамболат Ибрагимы фырт.

Габысы фырт райгуырд 1930 азы Цæгат Ирыстон-Аланийы Кировы районы Даргъ-Къохы хъæуы. Куыд йе ‘мкарæнтæ, афтæ тыхджын æмæ фидар лæппу тырныдта йæ уарзон хъæбысæйхæцджытæ Дзæрæсаты Саукуыдз, Хъуылаты Барис, Баллаты Амырхан, Тедеты Елхъаны хуызæн суæвынмæ. Йæ хъæуы тренировкæтæ кæнынæн æмæ йын горæтмæ цæуынæн  фадат нæ уыд. Астæуккаг скъолайы фæстæ службæ кодта Белорусийы. Радиотелеграфисты æртæмæйон курсытæ рацæуыны фæстæ радио-хъусинæгтæ адæттыны æмæ райсыны фæдыл ерысты кæй фæуæлахиз, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Советон æфсады отличникы дыууæ нысанæй. Службæйы йе ‘нтыстыты тыххæй æрвыст æрцыд Китайы  порт Далянмæ. Уыд радиостанцы хистæр, сæ экипажæн бастдзинад уыд Владивосток, Мæскуы æмæ Хабаровскимæ. Китайы йæ хорз службæйы тыххæй, уымæн радтой улæфт æмæ æрцыд йæ райгуырæн бæстæмæ. Уæд йæ сæрмæ æрцыд спортзал бакæныны фæнд дæр. «Марковы уынджы 6-æм скъоламæ æввахс уыд æрмгуыстгæнæн ахуыргæнæндон хæрæндонимæ, кæцыйы цахæмдæр аххосæгтæм гæсгæ хъуамæ сæхгæдтаиккой. Æз бацымыдис кодтон æмæ бафарстон йæ директоры уагдоны хъысмæтæй. Загътон ын, зæгъын, хорз уаид уым хъæбысхæсты спортзал бакæнын. Стыр æххуыс мын бакодтой партийы обкомы». Уый фæстæ Хъамболат  ацыд йе службæмæ æмæ фæстæмæ куы æрæздæхт, уæд спортзал куыста. «Мæнæн ацы спортзал мæ дыккаг хæдзар у. Сæхи тыхтæй йæ хъæбысæйхæцджытæ иу æмæ дыууæ хатты не сцалцæг кодтой. Ныртæккæ спортивон объекты тренировкæ кæнынц боксертæ. Ацы залæй рацыд нæ зынгæ æм-зæххон Гасситы Мурат. Легендарон Андиаты Сосланы куырдиатмæ гæсгæ ацы залы тренировкæтæ кодтой хуссарирыстойнаг спортсментæ. Фæлæ сæйраджыдæр та ацы зал  сывæллæтты  кæй у æмæ дзы сæ бон  æнæаргъæй тренировкæ кæнын кæй у. уый мæнæн мæ царды у иууыл стырдæр хорзæх. Цалынмæ удæгас дæн, уæдмæ ацы залæй нæ ацæудзæн, дзырд уын дæттын!».

«Мах, ома, боксы секци ацы спортивон зал райстам цалдæр азы размæ. Æмæ нын цыбыр рæстæгмæ цас бирæ бантыст – нæ тренертæ бацæттæ кодтой Европæйы фондз чемпионы æмæ дунейы иу чемпион. Æлборты Игорь та у фыццаг ирыстойнаг боксер, кæцы архайдта Олимпион хъæзтыты. Ацы æнтыстытæм йæ хайбавæрд бахаста Габысаты Хъамболат æмæ дзы стæм æгæрон бузныг. Фæсивæд æй бирæ уарзынц Бирæ азты ма не ‘хсæн кусæт æмæ нæ афтæмæй йæ фарнæй хайджын кæнæт!», – загъта боксæй УФ-йы сгуыхт тренер Сланты Витали.

90-аздзыд хъомылгæнæг цæрæнбонтæм бахъуыды кодта йæ тренер Абайты Барисы фæдзæхст: «Лæппу, хъусыс! Цыфæнды уавæрты дæр дæ сæр сæрмæ хæссын фæраз. Искæйы зæрдæхудт æнæхъуаджы райсыны, хи стауыны бæсты дæ иу хъуыддаг дæр нæ хъæуы». Афтæ амыдта цæрæнбонты йæ хъомылгæнинæгтæн дæр. Иууылдæр ын сты йæхи сывæллæтты хуызæн. Йе ‘ппæт цардæй дæр Габысы фырт у нысанмæ тырнындзинады æмæ лæгдзинады дæнцæг. Лæгдзинады руаджы бафæрæзта хъысмæты уæззау цæфæн. Дзæу-джыхъæуы централон базары теракты йæ чызг Зæлинæ куы бабын, уыцы сау бон æрæмысгæйæ, ныр дæр йæ цæссыг нæ бауромы. Фæлæ йæхимæ ссардта йæ иннæ кæстæрты, уыимæ Зæлинæйы дыууæ хъæбулы тыххæй дæр цæрыны хъару…

Æрмæстдæр 1956 азы Хъамболат демобилизацийы фæстæ серьезонæй райдыдта спортæй архайын. Тренировкæ кодта Абай-ты Барисмæ. Æртæ хатты ссис спортивон æхсæнад «Локомотив»-ы Централон советы чемпион. 1970 азы каст фæцис ЦИПУ-йы физикон хъомылады факультет. Æмæ «Локомотив»-ы штатон тренер та ссис 1962 азы. Дæргъвæтин азты æнтыстджын куысты фæрцы уый схъомыл кодта Советон Цæдисы спорты 30 мастерæй фылдæры. Уыдон ‘хсæн сты зынгæ спортсментæ, Европæйы чемпионтæ Бигъаты Барис, Калоты Олег, Европæйы дыууæ хатты чемпион, дунейы Кубокы уæлахиздзау Челехсаты Рустем, Советон Цæдисы чемпионатты призертæ, УФ-йы сгуыхт тренер Тедеты Марик, Калоты Арон, фæсивæды ‘хсæн дунейы чемпионаты уæлахиздзау Плиты Владимир, Советон Цæдисы чемпионаты призер Хъесаты Анатоли æмæ æндæртæ.

Габысаты Хъамболаты хъысмæт схайджын кодта актеры курдиатæй дæр. 1964 азы уый ахъазыд советон нывæфтыд фильм «Донская повесть»-ы, кæцы ист æрцыд Михаил Шолоховы радзырдтæ «Шибалково семя» æмæ «Родинка»-йы мотивтæм гæсгæ. Ирон лæппу сæххæст кодта бæрзонд цинимæ хъазахъхъаджы  роль. «Мæхицæн стыр кадыл нымадтон иу фæзуаты советон кинойы стъалытæ Евгений Леонов æмæ Людмила Чурсинаимæ архайын. Леонов тынг дис кодта бæхыл цæуын афтæ хорз кæм сахуыр дæн, уый. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ райгуырæн Даргъ-Къохы хъæуы. Абоны онг дæр  мын Леоновимæ цы ист ныв ис, уый æвæрд у мæ хæдзары. Ацы ролы тыххæй 2014 азы хорзæхджын æрцыдтæн инæлар А.Ермоловы номыл майданæй», – йæ зæрдыл æрлæууы Хъамболатæн. Габысы фырты царды уагæвæртæ сты ахæм: макæмæ хæлæг кæн, алыхатт дæр адæмимæ баззай хорз ахастыты, уарз адæмы, раст фæндагыл хъомыл кæн рæзгæ фæлтæры. Царды тау æрмæстдæр хорздзинад æмæ мастисæн макуы кæн!.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.