35 азы размæ, 27-æм ноябры цытджын æгъдауæй эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд Транскавказы автомагистраль, кæцы сиу кодта Ирыстоны дыууæ хайы. Трассæйы иумиаг дæргъ у 164 километры, фæндаджы æфцæджы фадыгæн та – 65,9 километры, Ручъы тъунелы дæргъ та у 3, 7 километры.

Ацы царды фæндаджы тыххæй дзургæйæ цæстыты раз слæууы йæ бындурæвæрæг Гаглойты Рутены ирд фæлгондз. Номхуындæй, Гаглойты Рутен æрæвæрдта бындур Ручъы фæндагæн.  Уый тынг бирæ тыхтæ бахардз кодта ацы фæндаджы тыххæй, фæлæ, хъыгагæн, гуырдзыйы аххосæй йæ фæндтæ сæххæст кæнын йæ къухты нæ бафтыд  æмæ йæ удæгасæй арæзт не ‘рцыд. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ арæзтадæн бирæ ныхдуртæ  æвæрдтой нæ цæрæнбонты цыфыддæр знæгтæ.

1918 азы 28 майы Дзауы ирон национ советы æртыккæгæм съезды Ручъы æфцæгыл фæндаджы тыххæй докладимæ раныхас кодта Гаглойты Рутен. Съезды хайадисджытæ доклад банымадтой хорзыл. Мæнæ цы фыста курдиатджын инженер: «Я отчасти начал свою идею, свой долг и фантазию осуществлять: я привез без одной копейки затрат в центр Осетии Южной 1000 пудов динамиту, 850 пудов пороху скального, 1000 лопат, 700 пудов английской стали, разного другого инструмента и пр. И вдруг не только мне обрезали крылья, не только лишили меня возможности работать, но уничтожили и это имущество, которое я таскал в Осетию…». Уæд Рутен Гуырдзыстоны къухдариуæгады бацамындмæ гæсгæ æрвыст æрцыд Советон Цæдисæй. Гуырдзыстоны хицауад æппæт фæрæзтæй дæр архайдта фæндаджы арæзтады ныхмæ. 1919 азы 26 марты газет «Кавказское слово»-йы уац «Опасный путь»-ы фыст уыд: «Æнæхицау аргъуаны хицауиуæгад кæнын райдайынц хæйрæджытæ», – зæгъы гуырдзиаг æмбисонд. Ирæттæ уырыссæгтæн Гуырдзыстонмæ гом кæнынц ног дуæрттæ, фæлæ уыцы дуæртты дæгъæлтæ æвæрынц сæхи дзыппы. Ацы фæндаг Гуырдзыстоны дыууæ дихы фæкæндзæн. Цалынмæ нæ байрæджы, уæдмæ Гуырдзыстоны хицауад хъуамæ æруромын кæна Ручъы фæндаджы арæзтад».

Ирыстоны цæгат æмæ хуссар хайы чи хъуамæ сиу кодтаид, уыцы фæндаджы арæзтадмæ æрæвнæлдтой 1930 азы. 12 апрелы Советон Цæдисы Адæмон къамисариаты совет сфидар кодта Ручъы тъунелыл фæндаджы арæзтады план, бæрæг æхцайы фæрæзты йын рахицæн кæнгæйæ. 7-æм ноябры, Октябры революцийы радон азы бæрæгбоны, цытджын æгъдауæй къæдзæхы арæзт æрцыд фыццаг срæмыгъд. Астæуккаг Ручъы онг, цыранæй хъуамæ райдыдаит тъунел, уæдмæ арæзт æрцыд сосæфæндаг æмæ цалдæр чысыл тъунелы. Арæзтады организацийыл къухдариуæгад кодта зынгæ курдиатджын инженер Гаглойты Рутен. Куыстытæ цыдысты къуылымпытимæ, нæ фаг кодтой нæдæр материалон фæрæзтæ, нæдæр механизмтæ, фæлæ уæддæр сæ ныфс нæ саст. Гаглойы фырт сарæзта фæндаджы проектты цыппар версийы. Ручъы тъунелы динамитæй фыццаг срæмыгъд дæр уый сарæзта (ныртæккæ кæм ис уым нæ, фæлæ Ручъы хъæумæ æввахсдæр, цыран нæ уыдаид зæйтæ æрцæуыны тасдзинад). Фæлæ уæдмæ æрбалæууыд 1937 аз æмæ гуырдзиаг хицауад троцкизмы ныхмæ тох кæныны æфсонæн аскъуыддзаг кодтой фæндаджы арæзтады инициаторы амарын. 1937 азы Л.Берияйы бацамындмæ гæсгæ, Гаглойты Рутены фехстой Тбилисы, куыд «адæмы знаг», афтæ.

Транскавказы автомагистралы арæзтады фарст сног кодтой 1960 азты кæрон.  Æруынаффæ йыл кодтой Советон Цæдисы паддзахадон планкæнынады. 1969 азы Цæгат Ирыстоны министрты Советы сæрдар Баситы Олег Советон Цæдисы Уæлдæр Советы сессийы ралæууыд докладимæ Ручъы тъунелыл фæндаг саразыны тыххæй. 1971 азы Советон Цæдисы Министрты совет уынаффæ райста фæндаджы арæзтады фæдыл æмæ хаст æрцыд 1971-1975 азты Советон Цæдисы рæзты фондзазон планмæ хицæн рæнхъæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, гуырдзиаг хицауад та растадысты фæндаджы арæзтады ныхмæ… Æмæ æрмæстдæр 1975 азы райдыдта йæ арæзтад, фæн-дагаразджытæ куыстой æвæллайгæйæ æмæ тъунелы æмбисы кæрæдзийыл фембæлынмæ цыдысты куыд цæгат, афтæ хуссарæй дæр. Аразджытæн арæзт цыдысты цæрæн городоктæ, рæстæгмæйон ЛЭП-тæ. Рæмудзæн куыстытæм æрæвнæлдтой æрмæстдæр 1976 азы. Сæйраг æмæ уæлдай вазыгджындæр объект уыд Ручъы тъунел. 1981 азы тъунелы æмбисы кæрæдзийыл сæмбæлдысты Ирыстоны цæгат æмæ хуссары къухдариуæгад. Ацы рæнхъыты автор дæр хорз хъуыды кæны кæрæдзийæн фырцинæй куыд хъæбыстæ кодтой, уый. Ист æрцыд документальон фильм дæр.

Куыстыты райдианы фыццаг аз фæбæрæг, ТрансКАМ-ы арæзтадыл чи куыста, уыцы 20 организацийæ фылдæрæн сæ архайдтытæ мæгуырау координацигонд кæй уыдысты, уый. Нæ дзы уыд æмбæлон дисциплинæ, аразджытæ алыхатт ифонг нæ уыдысты материалон-техникон ресурстæй. Куыд фæбæрæг, афтæмæй ТрансКАМ-æн æфсæнбетонон конструкцитæ аразæн заводы сметæйы æвæрд фæрæзты æмæ автотранспорт самал кæнынын тыххæй Тбилисы районы арæзт æрцыд бынтон æндæр профилы завод, æмæ самалгонд автомобилтæ та адих кодтой æндæр организацитыл. Æмæ æрмæст уый нæ, гуырдзиæгтæ æппæт дæр арæзтой фæндаджы арæзтад бакъуылымпы кæнынæн. Æрмæстдæр Советон Цæдисы транспортон æмæ Паддзахадон арæзтады министрады къухдариуæгады фæрцы Ручъы тъунелмæ æрвыст æрцыдысты æмбæлон машинæтæ æмæ комплекстæ, кæцыты уый размæ истой стыр къуылымпытимæ.

Райдианы æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, арæзтад кæронмæ фæуыдзæн 1984 азы. Фæлæ æрмæстдæр 1986 азы ноябры мæйы официалонæй фехъусынчындæуыд арæзтады куыстытæ кæронмæ фæуыны тыххæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой Ручъы тъунелы хуссар порталы цур цы митинг арæзт æрцыд, уым. Арæзтады штабы хистæр Челдыты Александр Хуссар Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Санахъоты Феликсы хайадистæй алыг кодта сырх лентæ. Трассæйыл райдыдта автомобилон змæлд, кæцы æххæст цыд рæстæгмæйон схемæмæ гæсгæ, уымæн æмæ ТрансКАМ-ы куыстытæ дарддæр кодтой. Уыцы бон уыд ахæм символикон момент дæр. Хуссар Ирыстоны автономон областы къухдариуæгадæй дарддæр ма трибунæйыл лæууыд Гаглойты Рутены идæдз Цхуырбаты Надеждæ дæр. Æппынфæстаг йæ цардæмбал æмæ Ирыстоны хуссар хайы адæмы бæллиц сæххæст! Адæмы цинæн кæрон нæ уыд.

Транскавказы автомагистралы эксплуатацийы процессы сæвзæрдысты серьезон проблемæтæ, кæцытæ 1988 азмæ фактон æгъдауæй æркодтой машинæты змæлд æруромынмæ. ТрансКАМ-ы цæгат фадыджы миты уæзæй ныккалд зæйты ныхмæ галерея. 1988 азы уалдзæджы лæбырдтытæ фехæлдтой фæндаг цалдæр бынаты. Тъунелы цар азыхъхъыртæ æмæ дзы дон хъарын райдыдта. Хъыга-гæн, Советон Цæдис кæй фехæлд, уымæ гæсгæ нал райдыдта арæзтады дыккаг этап, кæцыйы рæстæджы хъуамæ арæзт æрцыдаиккой зæйты ныхмæ уæлæмхас галереятæ. Æрмæстдæр фæстæдæр райдыдта ацы процесс. Цалдæр азы размæ реконструкци æрцыд Ручъы тъунел, цалцæг æмæ арæзт цæуынц ног объекттæ. Ныртæккæ кусынц фæндаджы цæгат фадыджы зæйты ныхмæ галереяйыл, кæцыйæн йæ дæргъ у 827 метры, йæ бæрзæнд та – 4,5 метры. Проектмæ гæсгæ æндидзыд æмæ сфидардæр кæндзысты æфсæнбетонæй арæзт элементтæ æмæ згъæрæй гофроконструкцитæ. Галереяйы сцалцæг кæндзысты инжене-рон æмæ видеоцæстдарды системæтæ, сæвæрдзысты дзы уæлæмхас вентиляци æмæ зынгсирвæзты ныхмæ сигнализаци. Планмæ гæсгæ арæзтад фæуыдзын 2022 азы кæронмæ. Фæлæ ацы галерея дæр нæ аскъуыддзаг кæндзæн æнæкъуылымпыйæ фæндагон змæлды проблемæ. Буроны поселочы æрвылаз дæр цъыфы зæйтæ æрæхгæнынц фæндаг, афтæ ма алы æмæ алы бынæтты фæндаг регулярон æгъдауæй æрæхгæнынц миты зæйты лæсæнтæ, серьезон тæссагдзинад æвзæрын кæнынц дурты зæйтæ дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ ТрансКАМ эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ дзы кæй æрцыд бирæ уды зиæнттæ, уæлдайдæр та Советон Цæдисы ныппырхы фыццаг азты. Зæйты бын фæмард сты уæзласæн амтомашинæты шофыртæ, бæлццæттæ, уыцы нымæцы зынгæ тренер Коцты Гри, курдиатджын зарæггæнæг Сагкаты Ва-лери, зынгæ математик Бекъойты Эдуард, йæ цардæмбал Туаты Людмилæ æмæ сæ уарзон хуры хуызæн хъæбул Сако (иу бинонтæй æртæйæ!», Сиукъаты бинонты иунæг хъæбул æмæ бирæ  æндæртæ. 1993 азы 27-æм январы зæйы бын иу бонмæ фæмард 46 адæймаджы. Уыдис-иу ахæм цаутæ дæр æмæ-иу дыууæ зæйы ‘хсæн адæм  баззадысты æнæхъæн къуыриты дæргъы дæр. Фæндаг æнæхъусдард кæй уыд, уымæ гæсгæ дзы сæфтысты тыхст адæм. Стыр æхсызгонæн, абон уавæр уыцы рæстæджытимæ абаргæйæ бæрæг фæхуыздæр. Ныр РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрад Интернеты фæрцы бафæдзæхсы адæмы фæндагыл тыхджын митуард æмæ зæйтæ æрцæуынæй тæссаг  куы вæййы, уæд.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, 1990 азы Гуырдзыстоны паддзахадон концерны сæргълæууæг Б.Саралидзе æрсидт Советон Цæдисы къухдариуæгадмæ ахæм домæнимæ, цæмæй сæхгæной тъунел «аразджыты æруадзгæ цухдзинæдты  тыххæй йæ реконструкци кæй хъæуы, уымæ гæсгæ». Акæсут ма, куыд тынг ныл «аудыдтой» не знæгтæ. Фашист Гамсахурдия та комкоммæ загъта, зæгъгæ, Ручъы тъунел хъæуы, цæмæй йыл уисойæ асæрфой æппæт ирæтты æмæ афтæ дарддæр.

Хуссар Ирыстонæн ТрансКАМ-æн ис стратегион ахсджиаг нысаниуæг. Ацы царды фæндаджы фæрцы æндыгъд æмæ хæсты рæстæджыты мæлæтæй аирвæзтысты мингай адæймæгтæ. Цæгат Ирыстонимæ нын ис транспортон бастдзинад. Гæнæн ис фидæны ТрансКАМ райса транзитон транспортон къæлидоры статус дæр. Чизоны дзы арæзт æрцæуа æфсæнвæдаг дæр. Хуыцау зæгъæд!

                           ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.