ЧИ ДÆ, ÆЦÆГÆЛОН АДÆЙМАГ?

Фæцыд æрыгонæй дард бæстæм адæймаг. Тæвд тебæйы цæкуыйау фесхъиудта æмæ æрхаудта æцæгæлон зæххыл. Æрбынат дзы кодта. Æрыгон адæймаг та кæм æрбынат кæны, уым уидæгтæ æнцонæй ауадзы. Йæ фыдыуæзæгæй йæ рæзинаг уидæгты сыскъуынгæйæ, уыдоны ауагъта æндæр зæххы. Æмæ дзы æрфидар. Ссардта куыст, ссардта цæрæнбынат, æркодта ус, фæзындысты кæстæртæ. Æмæ кæд йæ фынты æдзух йе ‘взонджы бонтæ кæм æрвыста, уыцы бынæтты уыдта, рæз кæимæ хаста, кæй æхсæн хъомыл кодта, уыдоны уыдта, кæд йæ хъуыдытæ арæх семæ уыдысты, уæддæр уыдон йæ царды æцæгдзинадмæ ницыуал бар дардтой. Фæлæ йæ фынты, йæ хъуыдыты зæрдæ уæддæр æхцондзинад банкъары, йæ уд арвы милтыл йæхи асæрфы. Æмæ уæд æнæахъуыдыгæнгæ нæ фæвæййы: «Хорз у, адæймаг фынтæ кæй уыны æмæ мæ фынты мæ цæст кæй ахæссын уарзон æмæ зынаргъ бынæттыл, кæй сæмбæлын æввахс хиуæттыл, зонгæтыл… Хорз у, Хуыцау адæймаджы хъуыдыйæ кæй фæхайджын кодта æмæ мæ хъуыдыты кæй «абалц» вæййын мæ хъæумæ, бакæсын æмæ æрзилын, кæм хъомыл кодтон, рæз кæм хастон, уыцы хæдзары къуымты, мæ цæст ахæссын, фæндæгтæ кæм надтон, уыцы хæхтыл…»

Цæры æцæгæлон бæстæйы адæймаг. Дард у, тынг дард. Фæндаг дард кæй у, æви йæ æрвылбонон аудинæгтæй кæй нæ равдæлы, уый аххос у, уымæн бæлвырд дзуаппдæттæг не стæм, фæлæ уыцы даргъ фæндагæн йæ сæр никуы æрлæууыд æмæ никуы рараст, афтæ бирæ кæй уарзта æмæ мысыд, уыцы фыдыуæзæгмæ. Æмæ уæдæ йæ ус, йæ сывæллæттæ дæр æнæ йæхи кæм бабæрæг кодтаиккой йæ райгуырæн бæстæйы?

Афтæмæй ацыдысты йæ царды хуыздæр азтæ. Æниу, хуыздæр азтæ цы! Йæ цард кæронмæ фæхæццæ кæны. Йæ ‘нæниздзинад дæр нывыл нал у. Амард йæ цардæмбал. Кæстæртæй райгонд нæу. Дарæг куы уыд, уæд сæ хъуыд, даринагæй сын сæрниз ссис. Æмæ зæронд адæймаг аскъуыддзаг кодта, кæм райгуырд, кæм схъомыл, уыцы бæстæмæ фæцæуын. Æмæ æрцыд. Уыдис йæ хъæуы. Æниу ма дзы цæй хъæу ис!.. Кæддæр, саби куы уыд, уæд дзы æхсай хæдзары бæрц уыдис, ныр та – æртæ. Йæ цæрджытæ æнæзонгæ лæгыл сæмбæлдысты, кæрæдзийы æрфæрстытæ кодтой. Фа-рон горæтмæ цæрынмæ чи алыгъд, уыцы сы-хаг Зауырæн йæ фыдыфсымæр разынд. Кæддæр сын дзырдта, мæ фыдæн, дам, уым æмæ уым иу æфсымæр цæры, фæлæ, дам æй зонгæ дæр нæ кæнын.

Цæрджыты куыд нæ зыдта, афтæ нал базыдта йæ хъæуы дæр. Æгæрыстæмæй цы хæдзары райгуырд, уымæн йæ бынат ссарын дæр йæ бон нæ бацис…

Балæггад кодтой уазæгæн хъæубæстæ. Баззад сæм цалдæр боны, стæй араст горæтмæ, мæ хиуæттæй, зæгъгæ, искæйы бацагурон. Здæхт уæззау, æрхæндæг зæрдæимæ. «Чи мæм дзы æнхъæлмæ каст, æхсызгон кæмæн уыд ме ‘рцыд?» – фарста йæхи.

Æхсызгонæй, æрмттæтыгъдæй йыл не ‘мбæлдысты йæ мадызæнæгтæн сæ кæстæртæ дæр. Ахæм хион сын ис, уый сæм тынг хъаргæ дæр нæ кодта, мæнгæй нæ фæдзурынц, цæст кæй нæ уына, уый зæрдæйæ дæр рох у, зæгъгæ. Æмæ кæмдæр раст дæр сты, цы зæрдæ йæм хъуамæ бадарай, кæй никуы федтой ахæм хионмæ, тугхæстæгдзинадæй дарддæр? Æмæ сæм йæхæдæг дæр цас хæстæгдзинады æнкъарæнтæ равдыстаид, сæ цардмæ сын хорзæй цы хъуамæ бахастаид йæ царды кæрон? Лæг банкъардта, кæм райгуырд, уыцы зæххыл ын иу зонгæ дæр кæй нал ис, нал сты йæ мадызæнæгтæ дæр æмæ иннæтæн та æцæгæлон кæй у. Афтæ йæм каст, цыма йæ ничиуал æруарздзæн ам дæр, æгæрыстæмæй йæм цыма йæ фыдыбæстæ дæр йæ чъылдым фездæхта… Æмæ цы? Афтæ нæу? Кæй райгуырдыл дзы бацин кодта, мæнæ кæй æхсæнмæ æрцыд, уыцы адæмæй, кæй циныл дзы бацин кодта, кæй мастыл фæхъыг кодта, кæй дзы афæндараст кодта йæ фæстаг фæндагыл, æппынфæстаг цы хæрзты бацыд йæ фыдыбæстæйæн?..

Чи дæ, æцæгæлон адæймаг?

ХЪУЫДЫ –

НЫХАС-АРХАЙД

Ацы æртæ æмбарынады кæрæдзийыл баст сты. Цæмæй исты архайд сæххæст кæ-нæм, уый тыххæй йыл развæлгъау ахъуыды кæнæм, куыд хуыздæр рауайдзæн, уыцы амæлттæ фæагурæм. Ахæм рæстæджы ныхас йæхи нæ равдисы. Уый фæзыны, дæ архайды, нæ архайды, адæмы архайды тыххæй хъуыды зæгъын куы бахъæуы, уæд. Хъуыды вæййы адæймагæн æрмæстдæр йæхи æмæ уымæ гæсгæ бакæны йæ хъуыддаг дæр, хорз у æви æвзæр, уымæ нæ кæсгæйæ. Иумæйаг архайды иу адæймаджы хъуыды æндæртæн бабæздзæн, уый баст у йæ зондыл, йæ фæстиуæг хорз кæй уыдзæн, уый æмбарыныл. Ис ахæмтæ, кæцытæ сæ хъуыды хъарынц æгас адæмæн ныхасы руаджы. Уыдон бирæ нæ вæййынц – адæмы тыххæй бæрндзинад райсынмæ алчи йæ ныфс нæ хæссы, стæй алчи уымæн гуырд нæу. Ахæмты хонынц раздзогтæ. Ахæмтæн сæ хъуыды вæййы адæмыл, сæ ныхас – адæмы сæрыл, сæ архайд – адæмы тыххæй. Хъыгагæн, алы раздзог ахæмæй нæ бас-гуыхы æмæ адæмы цард йæ уагыл нал ацæуы. Дунеон историйы ахæм цаутæ бирæ ис. Ахæмтæн сæ къух саразы сæ дзырдарæхстдзинад. Цы хъуыды кæнынц, уымæн фенæн, фехъусæн, банкъарæн нæй æмæ цы фæдзурынц, ууыл адæм баууæндынц ахæм ныфсæй, зæгъгæ, хъуыды дæр афтæ кæ-нынц. Афтæ кæй нæ рауайы, уый фæстæдæр разыны сæ бакæнгæ хъуыддæгты.

Уый æрмæст раздзогтæм нæ хауы. Хауы «хъуыды-архайды» ‘хсæн «ныхасæй» чи пайда кæны, уыдонмæ иууылдæр. «Ныхас» амоны дæ хъуыды иумæйаг хъуыддаджы тыххæй искæмæн дзурын. Хи хъуыды хи архайдыл куы уа, уæд дзы ныхас ницы пайда у, уыцы ныхас цымыдис никæмæ равзæрын кæндзæн. О, фæлæ иумæйаг хъуыддаджы тыххæй дæр йæ хъуыды чи фæдзуры, уыдонæн фылдæр сæхи хæрзиуæджы тыххæй вæййы сæ ныхас æмæ æмбулгæ дæр уыдон ракæнынынц. Хатт нын сæ хъуыды тыхæй дæр фæхъарынц. Царды æнæрастдзинæдтæ дæр фылдæр уырдыгæй гуырынц.

Хъуыды – ныхас – архайд. Хорз у, адæймаг цы хъуыды кæны, уый куы фæдзуры, цы дзуры, уымæ гæсгæ та йæ архайд куы вæййы, ома йæ ныхасы хицау куы разыны. Ахæмтæй фидауы цард, ахæмтæ сты нымады адæммæ, ахæмтæн кæнынц кад æмæ аргъ.

Хъуыды – ныхас – архайд. Хъыгаг у, адæймаг иу цæуылдæр куы фæхъуыды кæны, дзургæ æндæр цыдæртæ куы фæкæны æмæ йæ архайд та æндæрæдæм здæхт куы вæййы. О, ис ахæмтæ дæр æмæ, æвæццæгæн, хъæуынц. Куыд урсы фарсмæ хъæуы сау, боны фарсмæ – æхсæв, бæрзонды фарсмæ – ныллæг…

 Ахæм у нæ цард…

КАБИНЕТТÆ, КАБИНЕТТÆ…

Истори алкæмæн æмæ алцæмæн дæр ис. Æгæрыстæмæй, кабинеттæн дæр. Цæвиттон, ивгъуыд заманты кабинет цы у, уый зонгæ дæр ничи кодта, уæлдайдæр та нæ адæм. Алчидæр сæ кодта зæххы æмæ фосдарды куыст æмæ сæ йæ сæр ницæмæн хъуыд. Зæгъгæ-иу хъæубæсты исты иумæйаг ахсджиаг фарста скъуыддзаг кæнын хъуыд, уæд-иу куырыхондæр, дзырддзæугæдæр хистæртæ (азтæй, кæй зæгъын æй хъæуы) æрбамбырд сты Ныхасмæ. Сæ зонд, сæ царды стыр фæлтæрддзинады руаджы-иу рахастой æмбæлон уынаффæ. Гом арвы бын сын Ныхас уыдис кабинет дæр æмæ æмбырдтæуадзæн зал дæр. Фæлмæн къæлæтджынты бæсты та цæлхæмбырдæй бадтысты хъæбæр тъæпæн дуртыл.

Афтæ уыд æнусты дæргъы. Стæй æр-балæууыд  дыууынæм æнус – царды цæх-гæр ивындзинæдты дуг. Æмæ нын цытæ нæ бавзарын кодта, цытæ нын нæ фенын кодта! Уый дын дунеон хæстытæ, стæй æндæр хæстытæ дæр, уый дын цивилизацийы размæцыд, зонад æмæ техникæйы æнтыстытæ… Зæронд царды уаг фæстæмæ лæууын райдыдта. Цадæггай рох кодта Ныхас дæр. Фæзындысты тæрхондæттæ æмæ адæм уырдæм сæ хъæстытæ, сæ фарстатимæ цæуын райдыдтой. Тæрхондоны та тæрхонгæнджытæ гом арвы бын хъæбæр дуртыл нал бадтысты, фæлæ сæрмагонд бынæтты, ома, кабинетты. Уæдæ хъæуты дæр колхозтæ аразын райдыдтой æмæ уыдоны сæрдæрттæ дæр гом арвы, кæнæ бæласы бын кæм бадтаиккой. Алы колхозæн дæр сарæзтой правленийы бæс-тыхай æмæ дзы сæйраг, стырдæр каби-неттæ ахстой сæрдæрттæ.

Цард тындзыдта размæ. Раздæр сæ кой дæр кæмæн нæ уыд, ахæм куыстуæттæ, уагдæттæ, организацитæ кæрæдзийы фæ-дыл гом кодтой. Куыстуæтты кусджытæм кабинеттæ не ‘рхауд, сæ кусæн бынæттæ – уæрæх цехтæ. Уый хыгъд кабинеттæ фæцис, сæ куыстæн сын чи разамынд кодта, уыдоны. Æнæ кабинеттæ нæ баззадысты, уагдæттæ æмæ организациты кусджытæ дæр сæ хистæртимæ. Хистæртæн кæддæриддæр хистæр разыны паддзахæй дарддæр. Уыцы хистæртæ вæййынц районты, горæтты хицæутты дæлбар. Куыд уæлæмæ – фылдæр кабинеттæ, фылдæр кабинетон кусджытæ. Чи сæ куыд кусы, уымæн хæйрæг йæ зонæг, фæлæ иугъуызон кæй нæ кусдзысты, сæ хæстæ иугъуызон кæй не ‘ххæст кæндзысты, уый бæлвырд у. Фæстаг азты ма сбæлвырд уый æмæ кабинетты æппæт кусджыты, хорз кусынц æви æвзæр, уымæ нæ кæсгæйæ, сиу кодта кофимæ уарзондзинад. Нæ зонын, уый куыстмæ цас разæнгардгæнæн фæрæз у, фæлæ æнæ кофи сæ бон кусын нал у.

Кофи кабинетты æрбынат кодта, фæлæ, быдыртæ, сæрвæттæ, цехтæм – продукттæ, материалон хæрзиуджытæ кæм гуырынц, уырдæм уæддæр куынæ баивæрзид…

УДЫ ХЪАРМ

Адæймаг фæцыд йæ царды даргъ фæндагыл æмæ мæнæ ныр æнхъæлмæ кæсы йæ азалмæ. Цæстытæ æнусæй фылдæр бафæлладысты рухс дунемæ кæсынæй, сæ къуырфыты мидæг – мидæг байстой сæхи, фæлм сыл æрбадт æмæ сæхи æрцæттæ кодтой сау-тармæ… йæ раздæры къæрцхъусты нал æндавынц царды уынæр, йæ минзæл хуызтæ. Нал у йæ бон йæ дзыхмæ дон-къæбæр схæссын. Цæмæн ма хъæуынц, айсын кæй нал фæразы, уыцы хус, æмпылд уæнгты?

 Нал æнкъары цин, нал æнкъары маст. Уæлион хъуыддæгтæй йæхи ссæрибар кодта æмæ йе нусон фæндагмæ цæттæ кæны йæхи.

Æнусæй фылдæр фæсыгъд йæ уды арт. Æмбис цардмæ йын цыренæй цырендæр кодта уыцы арт, стæй цадæггай нымæгдæр кæнын райдыдта. Æмæ мæнæ ныр йæхигъæдæй ахуыссынæввонг у. Хæстыты, фыдбæллæхты куыд вæййы, афтæ йын æй тыхæй ничи ахуыссын кодта. Сыгъдис ын æрдзон уагыл, йæхи æмæ йæм æндæрты тавгæйæ, хорздзинад адæмы ‘хсæн таугæйæ. Царды зынтæй цы уыд, уыдон æвзаргæйæ, йæ уды æвдæрзгæйæ, уæддæр æрцыд йæ царды даргъ кæронмæ. Æххæст кæронмæ нæ, нырма улæфы, нырма йæ уæнгты æнæбары сызмæлын кæны…

Хуыссы йæ уды арт адæймагæн. Уыцы арт, кæцы йæ авналæнтæм гæсгæ фаг уыдис йæхицæн дæр, йæ хиуæттæн дæр æмæ… дунейы æгас адæмæн дæр. Дунейы алы адæймаг дæр йæ уды хъармæй йæхи, йæ хиуæтты йæ алыварс дунейы куы тава, уæд дуне уыдзæн хъармдæр, æнæфыдæхдæр, цард та – рæсугъддæр. Хъыгагæн, нырма æххæст афтæ нæу. Бирæтæн сæ уды хъарм сæхи бахъарм кæныны фаг дæр нæ разыны, æмæ ма уæд цы дзурæм æндæр удты бахъарм кæныны тыххæй?

Уды хъармæн арæнтæ нæй, куыд зæрдæйы æнкъарæнтæн, афтæ. Уæ удтæй хъарм кæнут уæхи, уæ хиуæтты æмæ уыдонимæ æгас дунейы адæмты!

Гъе, фæлæ уæддæр цас у йæ бон иу адæймагæн, паддзахадтæ, паддзæхтæ кæрæдзимæ куы æвзидой, уæд…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.