МÆРГЪИТЫ АНАТОЛИЙЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 65 АЗЫ

Райгуырæн Ирыстонæн æддейæ йæ радтæг адæмы кад бæрзонд чи хæссы, уыдонæй иу у не ‘мзæххон, уæгъдибар хъæбысхæстæй зынгæ тренер Мæргъиты Анатоли Хазбийы фырт. Уый райгуырд 1954 азы 22-æм апрелы Дзауы районы Тлийы хъæуы бирæсывæллонджын бинонты ‘хсæн. Анатоли хæрзчысылæй бауарзта уæгъдибар хъæбысхæстæй архайын æмæ 10-аздзыдæй тренировкæ кæнын райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй хуссарирыстойнаг скъолайы бындурæвæрæг Къораты Харитоны къухдариуæгады бын.

Фæстæдæр Мæргъиты Анатолийы йæ бинонты уавæрмæ гæсгæ бахъуыд фæстæмæ Дзаумæ æрбаздæхын æмæ йæ ахуыр ацы районы скъола-интернаты адарддæр кæнын. Дзауы скъола-интернаты иу къласы ахуыр кæнгæйæ, ацы рæнхъыты автор дæр базонгæ ис фидæны зынгæ тренеримæ. Не ‘мкъласонтæ зæрдæрайæ сæмбæлдысты сæ ног æмбалыл, уайтагъд сын ссис уарзон хæлар. Иннæ ахæм, куыд спортмæ, афтæ математикæйы предметмæ дæр разынд тынг æвзыгъд. Уыдис-иу ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу контролон куысты рæстæджы нæ къласы ахуырдзаутæн сæ фылдæры бахъуыд Толикы (афтæ йæ хуыдтам мах, йе ‘мкъласонтæ) сæр, алкæмæн дæр-иу баххуыс кодта, бирæтæ та-иу ын йæ цæттæ куыст дæр сфыстой. Уый та дзурæг у йæ зæрдæхæлардзинадыл. Афтæ æнгомæй æмæ хæларæй 1971 азы каст фестæм Дзауы скъола-интернат æмæ фæхицæнтæ стæм. Не ‘мкъласонтæй йæ хъысмæт кæй кæдæм ахаста, кæй та – кæдæм. Фæлæ абон мæ дзырды сæр Анатолийыл у. Уæдæй кæд бирæ рæстæг рацыд, уæддæр мæ зæрдыл хорз лæууы, Толикмæ-иу иу æвзонг нæлгоймаг кæй æрбацыд скъола-интернатмæ æмæ-иу æй ракодта Цхинвалмæ тренировкæтæ кæ-нынмæ кæнæ та алыгъуызон ерысты хайад райсынмæ. Нæ уарзон æмкъласон-иу фæстæмæ ерыстæй уæлахиздзауæй куы æрбаздæхт, уæд-иу ыл тынг фæцин кодтам. Толик нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уыцы нæлгоймаг уыд йе ‘рвад, уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Мæргъиты Хъазбег. Уый ма уыцы иурæстæджы куыста газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы уацхæссæгæй дæр. Хъысмæты фæндонмæ гæсгæ  фæстæдæр æз дæр кусын райдыдтон ацы газеты редакцийы æмæ уым лæгæй-лæгмæ базонгæ дæн Хъазбегимæ, кæцы разынд диссаджы хорз адæймаг.

Скъола каст фæуыны фæстæ Мæргъиты Анатоли йæ ахуыр адарддæр кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты физикон-математикон факультеты. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыр кодта хорз, уымæн æмæ математикæ зыдта йæ фондз æнгуылдзау. Куыд скъолайы, афтæ инс-титуты ахуыр кæнгæйæ дæр, бирæ хæттыты райста  хайад математикæ æмæ физикæйæ алыгъуызон олимпиадæты æмæ-иу алы хатт дæр ссис сæ уæлахиздзау. Ахуыры æм-рæнхъ дарддæр архайдта спорты дæр. Уæлдæр ахуырадон уагдоны фæстаг курсы ахуыр кæнгæйæ, Толик сæххæст кодта Советон Цæдисы спорты мастеры нор-мативтæ.

Уæдмæ йæм æрсидтысты Советон æфсады рæнхъытæм (службæ кодта ЦСКА»-йы). Йе ‘мæбстагон хæс бафидыны фæстæ уый фæнд кодта йæ спортивон карьерæ адарддæр кæнын, фæлæ йæ йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ бахъуыд  серьезон трениовкæтæ æруромын. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Толик йе ‘мбæлттимæ ацыд хос кæрдынмæ, цыран тынг фæхъæстæ ис æмæ æртæ мæйæ фыл-дæр фæхуыссыд рынчындоны. Ацы хъуыддаг тынг бандæвдта йæ организмыл æмæ йæ бон нал уыд тренировкæтæ кæнын. Мæскуыйы фæлтæрдджын дохтыртæ йын бауынаффæ кодтой, зæгъгæ, дын бынтондæр нæй гæнæн интенсивон физикон тренировкæтæ. Организм сæндидзын кæнынæн, зæгъ, дæ хъæуы дæргъвæтин рæстæг. Æнæ уæззау тренировкæтæй та стыр спорты гæнæн нæй, уыимæ спортсмены рæстæг æнæуый дæр цыбыр у. Уымæ гæсгæ йæ бахъуыд йе спортивон карьерæ æруромын.

Мæргъиты Анатоли кусын райдыдта Мæс-куыйы Хъæууонхæдзарадон академийы математикæйы ахуыргæнгæй. Уым дæр ын уыд хорз æнтыстытæ, йæ бон уыд диссертаци бахъахъæнын дæр. Иу дзырдæй, ацы здæхты йæм æнхъæлмæ каст хорз фидæн, фæлæ… диссаг у хъысмæт. Йæ зæрдæ æхсайдта, хæрзчысылæй цы уæгъдибар хъæбысхæст бауарзта, уымæ æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ  аскъуыддзаг кодта тренеры куыстмæ рахизын. Скъола каст фæуынæй цалдæр азы фæстæ Толикыл Цхинвалы куы амбæлдтæн, уæд мын радзырдта, зæгъгæ, ныртæккæ кусы ЦСКА-йы тренерæй. Куы йæ афарстон, зæгъын, Мæс-куыйы академийы дæ куыст цæмæн ныууагътай, уæд мын сдзуапп кодта: «Хæрзчысылæй бауарзтон уæгъдибар хъæбысхæст, фæлæ ацы здæхты мæ фæндтæ нæ сæххæст сты бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Уымæ гæсгæ мæ бафæндыд тренерæй бакусын æмæ мæхицæн саразын цынæ бантыст, уый бантысын кæнон мæ хъомылгæнинæгтæн». Æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта.

1983 азы Мæргъийы фырт ЦСКА-йы къухдариуæгадæн бауырнын кодта æфсæддон спортивон клубы бындурыл æмбуархæстæй сывæллæтты-æвзæнгты  скъола саразын, кæцы фæстæдæр рацарæзт æрцыд  хъæбысхæс-тæй Сывæллæтты-æвзæнгты специализацигонд спортивон скъоламæ. Ацы скъолайы кусгæйæ, Толик цхинвайлаг æвзонг фæлтæ-рæй бирæты фæхуыдта тренировкæтæ кæнынмæ, сæ хорз потенциал сын зонгæйæ. Йæ хъомылгæнинæгтæй-иу бирæтæн бакодта материалон æххуыс дæр кæд йæхицæн дæр стыр куыстмызд нæ уыд, уæддæр. Уый арæзта æппæт дæр, цæмæй йæ хъомылгæнинæгтæ мацы цух уыдаиккой æмæ сын æнтыстытæ уыдаид.

Мæргъиты Анатолийы удуæлдай æмæ цæсгомджын куыстæн уыд хорз фæстиу-джытæ. 1987 азы йæ хъомылгæнинæгтæ Богъиты Вадим æмæ Тедеты Дзамболат систы фæсивæды ‘хсæн Европæйы чемпионаты уæлахиздзаутæ. Уæдæй фæстæмæ абоны онг дæр Мæргъийы фырты хъомылгæнинæгтæ регулярон æгъдауæй свæййынц иууыл уæлдæр æмвæзады ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Æрæджы йæ хъомылгæнинаг Уалыты Владислав ссис Румыны уагъдцæуæг Европæйы чемпионаты уæлахиздзау. Йæ тренерон куысты азты дæргъы уый бацæттæ кодта Олимпон хъæзтыты цыппар чемпионы – Богъиты Вадим, Хаджимурад Магомедов, Джамал Отарсултанов æмæ Рæмонты Сосланы. Рæмоны фырт Рио-де Жанейро Олимпиадæйы уæлахиздзау куы ссис, уæд цас æхцондзинад æрхаста йæ табугæнджытæн, ууыл дзурын уæлдай у, дыууæ Ирыстоны дæр уыд æцæг бæрæгбон. Йæ къухдариуæгады бын тренировкæтæ кодтой Олимипон хъæзтыты сыгъзæрин майданы хицау, дунейы фондз хатты чемпион Гацалты Хадзымурат, Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты призер, Европæйы чемпион Георги Гогшелидзе, дунейы æртæ хатты чемпион, Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер Денис Царгуш, дуне æмæ Европæйы чемпион Фæрниаты Ирбег, Европæйы чемпион, УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат æмæ æндæр зындгонд спортсментæ.

Ныртæккæ Анатоли у уæгъдибар хъæбысхæстæй ЦСКА-йы сæйраг тренер. Абон Мæргъийы фырты къухдариуæгады бын ирон хъæбысæйхæцджытæй тренировкæтæ кæ-нынц зынгæ спортсментæ Рæмонты Сослан, Цæблоты Хетæг, Тускъаты Азæмæт, Уалыты Владислав, Байцаты Владислав, Цæкуылты  Батырбег æмæ къорд æндæр перспективон спортсмены. Ацы аз июлы уыдон хайад райсдзысты Уæрæсейы чемпионаты.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ курдиатджын тренеры кæд цалдæр хатты хуыдтой фæсарæнтæм кусынмæ, уæддæр æй йæ уарзон хъомылгæнинæгтæй йæ къах никуы-дæм ахаста. Зæгъæм, 2001 азы æмæ ма уымæй цалдæр азы  фæстæ дæр Анатолийы хуыдтой Китаймæ тренерæй бакусынмæ, фæлæ не сразы, кæд ын стыр мыздæй ныфс бавæрдтой, уæддæр нæ ныууагъта йæ уарзон клубы.

Бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй Мæргъиты Анатолийæн лæвæрд æрцыд «УФ-йы сгуыхт тренеры» æмæ «РХИ-йы сгуыхт тренеры» кадджын нæмттæ. Хорзæхджын у Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны бæрзонд хорзæхтæй: «Фыдыбæстæйы раз лæггæдты тыххæй 2-аг къæпхæны» орденæй, Кады орденæй, Уацамонгæйы орденæй, «Мæскуыйыл 850 азы сæххæсты сæраппонд» майданæй. 2014 азы йын ЦСКА-йы Кады аллеяйы цытджын æгъдауæй баконд æрцыд  бюст.

Мæргъиты Анатолийæн йæ юбилейон гуырæн боны сæраппонд арфæ кæнынц хус-сарирыстойнаг спортуарзджытæ, йе ‘мкъла-сонтæ. Сæ зæрдæ йын зæгъы фидар æнæ-низдзинад. Уадз, бантысæд ын ноджы фыл-дæр саразын Олимпон хъæзтыты ноджы фылдæр чемпионтæ схъомыл кæныны хъуыддаджы. Уадз, Мæскуыйæ нæм хъуысæт йе стыр æнтыстыты тыххæй хорз хабæрттæ.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.