Æнæхъæн дунейы санитарон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ нæ бæстæйы эпидемиологон уавæр у стабилон, вирусæй рынчын æмбæстæгты республикон бирæпрофилон медицинон центры æмбæлон хос скæныны фæстæ рафыссынц. Уый хыгъд бæстæйы хицауад æмæ адæмæн иумæ æмзонд æмæ æмдыхæй сæ къухты бафтдзæн йæ аиуварс кæнын, арæзт цæуы æппæт дæр, цæмæй ма æрбаирвæза, адæймагадæн тæссагдзинад чи æвзарын кæны, уыцы вирус. Уыцы аххосагмæ гæсгæ ныр цыппар мæйы дæргъы хуссарирыстойнаг – уæрæсейаг арæныл уæвынад кæнынц къорд гæрæнтæ. Уымæ гæсгæ нæ республикæйы æмбæстæгтæй Хуссар Ирыстонæн æддейæ чи баззад, уыдоны къордгæйттæй æркæнынц æмæ карантины вæййынц дыууæ къуырийы æмгъуыдмæ.

Хуссар Ирыстоны территорийыл инфекцион низ ма апарахат кæныны фæдыл оперативон штабы рабадты, кæцыйæн сæрдариуæгад кодта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли, ист æрцыд уынаффæ – Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ арæныл кæй адарддæр кæндзæн гæрæнтæ 31 августмæ. Уымæн æмæ дунейы уавæр стабилон у, уый зæгъæн нырма нæй.

«Цæгат Ирыстоны уавæр махæн нырма фадат нæ дæтты æмæ фæлæмæгъдæр кæнæм арæныл хизыны уавæртæ. Æмбарæм æй, тыхсæм, фæлæ махæй алчи дæр йæхи дæр æмæ йæ алфæмблай адæмы дæр хъуамæ бахъахъхъæна ацы вирусæй. Уыцы гæрæнтæ алкæуыл дæр парахат кæнынц æмхуызон, уымæ гæсгæ æз сидын алкæмæ дæр, цæмæй райсгæ уынаффæтæм æмбаргæ ахаст æвдисой», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ карантины рæстæджы иу мин адæймагæй фылдæр эвакуаци æрцыдысты Цæгат Ирыстонæй. Уым ма минæварады рады лæууынц 450 бæрц æмбæстаджы æрцæуынмæ.

Оперативон штабы рабадты ма Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад райста къорд æнцонвадат уавæры республикæйы цæрджытæн, кæцытæн Уæрæсеимæ арæн æхгæд кæй у, уымæ гæсгæ хæдзармæ æрцæуын сæ бон нæу.   Уыцы схемæ архайын райдайдзæн 1 августæй.

Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги банысан кодта, кæй хъæуы бæрæг мадзæлттæ райсын нæ республикæмæ æрцæуæг æмбæстæгтæм ахасты. 

“Æртæ тесты саразыны фæстæ æмæ вирусæй фæрынчыны фæстæ туджы сконды цы антителатæ сбæрæг вæййы, уый сæрибар кæны æмбæстаджы карантины рæстæгæй. Æмбæстæгтæн Цæгат Ирыстоны тесттæ саразыны фæстиуæгæн æмбæлон информаци лæвæрд цæудзæн Дзæуджыхъæуы РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады консулон хайадмæ. Уырдыгæй информаци исдзыстæм мах æмæ уынаффæ цæудзæн æмбæстаджы карантинæй ссæрибар кæныны хъуыддагыл.

Ам ис æрмæстдæр иу домындзинад, æмбæстаг æнæмæнгдæр тест хъуамæ сараза Хуссар Ирыстоны территорийыл дæр, цæмæй бæстонæй бæлвырд уа, ацы адæймаг тæссаг кæй нæу вирус апарахат кæныны хъуыддаджы», – дзырдта министр.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли ма банысан кодта, зæгъгæ, адæм хъуамæ лæмбынæг зоной, анализтæ кæм дæттын хъæуы, уыдон бæрæггæнæнтæ кæдæм бавдисын хъæуы æмæ сæ райгуырæн бæстæмæ æрыздæхыны механизм куыд уыдзæн, уый. Уыимæ ма фехъусын кодта, Уæрæсеимæ арæн æххæстæй байгом уыдзæн, нæ адæмы æдасдзинады ныфс куы уа, уæд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.