ЧЕМПИОНАТ УАГЪД ÆРЦÆУДЗÆН ДЗÆУДЖЫХЪÆУЫ

Уæгъдибар хъæбысхæстæй 2020 азы Уæрæсейы чемпионат уагъд æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы октябры мæйы. Уый фæдыл бадзырдтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ УФ-йы Спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили.

Планмæ гæсгæ ерыстæ уагъд цæудзысты 9-11 октябры.

«Рагæй уынаффæ кодтам ацы фарстыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, алцы дæр баст у уыцы рæстæ-джы ерыстæ ауадзынæн цы уавæртæ уыдзæн, уыимæ. Ныфс мæ ис,  ахæм фадат нын кæй уыдзæн, фæлæ абон уæддæр уæвынад кæнынц бæрæг арæнгæнттæ», – зæгъы Михаил Мамиашвили. «Мах бузныг стæм Дзæуджыхъæуæй, кæцы йæхимæ  райста уазджытæн æмæ турниры хайадисджытæн тынг хорз уавæртæ саразыны хæс».

Раздæр турнир хъуамæ уагъд æрцыдаит апрелы мæйы Улан-Удэйы, фæлæ хаст æрцыд пандемийы аххосæй.

ФУТБОЛ

     Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» ног сезон райдайдзæн Национ футболон къорды (фыццаг къорд). Уый тыххæй хъусын кæны Уæрæсейы футболон цæдисы æххæстгæнæг комитет. Чемпионат райдайдзæн 1 августы æмæ фæуыдзæн 2021 азы 15 майы.

«Алани» фыццаг хъазт акæндзæн командæ «СКА-Хабаровск»-имæ. Дзæуджыхъæуы стадион «Спартак» реконструкцигонд кæй цæуы, уый аххосæй ацы фембæлд уагъд æрцæудзæн Грознæйы. Фæлæ 13 сентябрæй алайнæгтæ хæдзарон хъæзтытæ кæн-дзысты Дзæуджыхъæуы. Уыцы бон командæйы ныхмæлæууæг уыдзæн «Динамо-Брянск».

«Трибунæтæ реконтсрукцигонд хайгай кæй цæ-уынц, уый нын фадат дæтты нæхи стадионы хъазы-нæн. Сентябры æмбисæй хъуамæ райсæм дыккаг категорийы аттестат æмæ нын уæд уыдзæн хæдза-рон хъæзтытæ Дзæуджыхъæуы уадзыны бар», – фехъусын кодта «Алани»-йы вице-президент Гуыриаты Даниил. 

БОКСЫ ИЗÆР

Карантинон паузæйы фæстæ Дзæуджыхъæуы горæтгæрон уæвæг ресторантæй сæ иуы уагъд æрцыд боксы изæр. Карантинон мадзæлттæ хынцгæйæ, турнир ацыд æнæ спортуарзджытæй æмæ йæ хайадисджыты æнæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй уагæвæрд æххæстæгæнгæйæ. Изæры программæйы уыд 9 тохы. Профессионалон боксы дебют уыд Джериты Азæйæн, кæцы дыккаг раунды техникон нокаутæй рамбылдта Кристина Абдулинайы. Дарддæр Гуырцъыты Олег тæрхонгæнджыты рахæсгæ уынаффмæ гæсгæ тыхджындæр разынд Рамазан Алиматовæй. Техникон нокауттæй сæ тохтæ рамбылдтой Къæбысты Аслан æмæ Къудухты Артур. Аслан фæуæлахиз Беимбет Есовыл, Артур та Махсудхан Амировыл. Профессионалон боксы изæры сæйраг тохы фембæлдысты Тыбылты Алик æмæ Денис Азарченко. Алик дæр тыхджындæр уыд йæ ныхмæлæууæгæй æмæ йæ дыккаг раунды арвыста техникон нокауты. 

ХУРИТЫ Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.