29-æм июлы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл оперативон штабы радон рабадт. Рабадт уагъта РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмæ дзы хайад райстой Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, йæ хæдивджытæ, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, подрядон организациты разамонджытæ.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, афæдзы кæронмæ афтæ бирæ рæстæг нал баззад æмæ æрсидт Инвестпрограммæйы арæзтады хайадисæг подрядон организацитæм, цæмæй гæнæнуæвгæйæ фæтагъддæр кæной сæ куысты темптæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ кусын хъæуы ахæм зæрдæйыуагимæ, цæмæй графиктæй тагъддæр цæуой куыстытæ, фæлæ уыимæ хъуамæ ма цуда сæ гъæд.

Рабадты райдианы уал æркастæуыд раздæр бакæнгæ хæслæ-вæрдтæ куыд æххæст æрцыдысты, уыцы фарстмæ. Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Дзассеты Васили куыд фехъусын кодта, афтæмæй «Мæскуыйаг» микрорайоны цæрджытæ штабы ивгъуыд рабадты суагъæимæ куы базонгæ сты, уæд ныхдуртæ нал æвзарын кодтой ацы микрорайоны дæлстанцæй Цоцийы фырты уынгмæ кабель рауадзынæн.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан куыд радзырдтой, афтæмæй 2017 азы горæты хæрзарæзтцæуæг уынгтæм цы æппæт фæзилæнтæ хауынц, уыдонмæ ахасты хæслæвæрд æххæст кæй æрцыд. Уыцы территоритæ иууылдæр хынцыд æрцæудзысты проектон-сметæйон документаци аразгæйæ.

Ацы азæн Инвестпрограммæйы объектты куыстытæ куыд цæуынц, уый фæдыл банысанчындæуыд, зæгъгæ, Октябры уынджы кæрон бирæуæладзыгон хæдзæртты æндидзын кæныны æмæ Хъайтарты уынджы цæрæн комплексы арæзтады фæдыл куыстытæ 20 боны бæрц фæстейæ зайынц графикæй. Уый та подрядон организацийы минæвары ныхæстæм гæсгæ афтæ уымæн рауад, æмæ арæзтадон æрмæджытæй рæстæгыл ифтонг кæй нæ цыдысты. Ныртæккæ æппæт æнæмæнгхъæуæг арæзтадон æрмæджытæ сты бынаты æмæ куыстытæ цæуынц активонæй.

Рабадты лæмбынæг дзырд цыдис газы ног хæххытæ ауадзын æмæ сæ цæрæн хæдзæрттæм баиу кæныны фарстытыл. Уыимæ Хицауады Сæрдар бахæс кодта æмæ бафæдзæхста, цæмæй сæрмагонд хъусдард здæхт æрцæуа куыстыты гъæдмæ æмæ фидæны аваритæ ма уа. Ныртæккæ хæрзарæзтцæуæг уынгтæ газификаци кæныны куыстытæн сæ 90 проценты фесты. Фæуынхъус сты ацы куыстытæ Тугъатны Махарбеджы уынджы, Фæскомцæдисы уынджы та фæуыдзысты августы мæйы кæронмæ. Ацы аз эксплуатацимæ лæвæрд хъуамæ æрцæуа 11 уынджы. Уыдонæй цалдæры ацы куыстытæ фæуыдзысты æввахс рæстæджы.

Президент цымыдис кодта алы объекты дæр финансон фæрæзтæ куыд хардз цæуынц, уымæ. Арæзтады министр Зæгъойты Эдуард лæмбынæг радзырдта алы объекты хъуыддæгты тыххæй дæр.

Фарсты фæдыл Хъуылымбегты Доменти, загъта, зæгъгæ, финансон фæрæзтæй рæстæгыл пайдакæнгæйæ, æнæкъуылымпыйæ райсæн ис Инвестпрограммæ реализаци кæнынæн радон транш. Уый æрсидт подрядон организацитæм, цæмæй дырысæй хъахъхъæной финансон фæрæзтæ нысанмæздæхтæй хардз кæныны график.

Синагур-Карзманы фæндаджы арæзтады фæдыл дзургæйæ, банысан æрцыд, эксплуатацимæ лæ-вæрд кæй хъуамæ æрцæуа ацы аз, Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад та æргъæвд æрцæудзæн фидæн азмæ, вазыгджын аварион фадыг дзы æндидзын кæнын кæй хъæуы, уый тыххæй.

Паддзахады сæргълæууæг цымыдис кодта Карзманы хъæуы хиды арæзтады куыстытæ та куыд цæуынц, уымæ. Фæндагон арæзтад æмæ автомобилон фæндæгты эксплуатацийы комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард куыд радзырдта, афтæмæй ацы хиды фæдыл сæ разы цы хæс ис, ууыл куыст цæуы.

Рабадты дзырд цыдис Паддзахадон драмон театры, университетон комплексы, сывæллæтты реабилитацион центры, горæты базары æмæ бирæ æндæр объектты куыстытæ куыд цæуынц, ууыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй, иумиагæй сисгæйæ, куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ, кæд хицæн объектты æнкъардæуы куыстытæ кæй фæстиат кæнынц, уый.

Штабы рабадты ма Президент генподрядон организациты къухдариуæггæнджыты хъусдард аздæхта кусджыты куыстмызд рæстæгыл фидыны æнæмæнгхъæуындзинадмæ. Афæдзы кæрон, зæгъгæ, мах хъуамæ ма хъусæм, кæмæндæр куыстмызд кæй нæ бафыстой, уый тыххæй ныхæстæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.