Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусон инфекцийы ныхмæ тох кæныны фæдыл оперативон штабы радон рабадты рæстæджы Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, хицауад æмæ штабы рабадтыты æппæт райсгæ уынаффæтæ кæй сты раст, æнæмæнгхъæуæг æмæ оперативон. Æмæ ныртæккæ республикæйы цы сабыр уавæр ис, уый ноджыдæр дзурæг кæй у райсгæ уынаффæты æнæмæнгхъæуындзинадæн, ноджыдæр кæй бафидар кодтой, рæстæгыл æмæ ахсджиаг кæй уыдысты.

Фæлæ уыцы ахсджиаг хъуыддæгтæм æмбæлон ахаст нæ равдыстой, республикон бирæпрофилон медицинон центры карантины цы курсантты иу къорд уыд, уыдон. Уый бæстæйы сæргълæууæг банымадта уыдонмæ ахасты тынг æнæахъуыдыгонд æмæ æнæраст мийыл,.

«Цалынмæ адæймаг бæрæг къахдзæф сараза, уæдмæ  хъуамæ ахъуыды кæна, цахæм фæстиуæг ын уыдзæн, ууыл. Мах стыр ныфс кæмæй æвæрæм,  цы – ныййарджытæ, цы – æппæт не ‘хсæнад, не стыр сомбон кæуыл æууæндæм, нæ хъахъхъæнæг чи уыдзæн, уыдонæн уый ном нæ кæны. Паддзахад стыр хъарутæ хардз кæны æмæ сæ уымæн æрвиты республикæйæн æддæмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæм, цæмæй ахуыр дæр скæной, фæлтæрддзинад дæр райсой æмæ нæ бæстæйы дарддæры рæзтæн рæдау æмæ арæхст-джынæй æххуыс кæной.

Раст уыцы кары цыдысты нæ дадатæ, уыдоны фыдтæ фыдыбæстæйон хæсты быдырмæ. Окопты æмæ блиндажты, къæвда æмæ миты бын знагæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ, бахæццæ сты суанг Берлинмæ. Ахæм хъуыддæгтæ цы адæймаг не ‘мбары, æвзонг уæвгæйæ, уый, кæй зæгъын æй хъæуы, раппæлинаг нæу», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Уымæ гæсгæ Президент Хъахъхъæнынад æмæ Мидхъуыддæгты министртæ Гассеты Ибрагим æмæ Наниты Игорæн бахæс кодта, цæмæй уыцы курсанттыл контроль фæтыхджындæр уа. Хицæнæй Хъахъхъæнынады министрæн бахæс æрцыд, цæмæй уыцы æнæуаг мийы сæргъ чи лæууы, уыдон бæрæг æрцæуой.

Оперативон штабы рабадты рæстæджы нысан æрцыд Республикæйы санитарон-эпидемиологон стабилон уавæр. Инфекцион низæй рынчынтæ рогæй хæссынц низы фæстиуджытæ.

Куыд зонæм, афтæмæй Рес-публикæйы карантины уавæртæ 25 маймæ сты бæлвырд. Уый фæстæ уынаффæ цæудзæн, дарддæр цахæм къахдзæфтæ ист æрцæудзæн, уый фæдыл. Уый баст у, куыд республикæйы, афтæ нæ алфæмблай эпидемиологон уавæртыл дæр.

Бæстæйы сæргълæууæг æрсидт нæ бæстæйы æмбæстæгтæм, кæцытæ бæрæг аххоссæгтæм гæсгæ ныртæккæ сты Уæрæсейы территорийыл, фылдæрбæрцæй та – Ирыстоны цæгат хайы. Уыдон, зæгъгæ, сты не ‘мбæстæгтæ æмæ мах хæсджын стæм, сæ æдзухон цæрæн бынæттæм æрыздæхынæн сын уавæртæ саразынæн

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георгийæн бахæс æрцыд, цы адæм кæнæм республикæмæ, уыдоны карантины рæстæджы æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæй ифтонг кæныны тыххæй иумиагæй бакусын.

Ахъуыды хъæуы æмбæстæгты кусæн бынæттыл – кафеты, ресторанты, иумиаг хæрæндæтты чи кусы, уыдоны тыххæй. Уыцы иу рæстæджы хынцын хъæуы уыдоны уавæртæ дæр.

Президент оперативон штабы уæнгтæн бахæс кодта, зæгъгæ,  фæтыхджындæр кæнын хъæуы паддзахадон арæнтыл контроль, адæмы æдасдзинад æххæстæй сифтонг кæнынæн. Кæд цæрджытæ тыхсынц, Уæрæсеимæ нæ цы иунæг фæндаг иу кæны, уый æхгæд кæй у, уæддæр. Уыцы мадзæлттæ здæхт сты адæмы цард бахъахъхъæныны нысанмæ, уыцы тæссаг низ нæ бæстæйы апарахат кæныны ныхмæ.

«Фæндаг байгом уыдзæн, Цæгат Ирыстон-Аланийы санитарон-эпидемиологон уавæр куы æрбæстон уа, уæд. Мах не ‘ппæт дæр зонæм, уым уавæр хуымæтæг кæй нæу, уый»,- банысан кодта Бибылты Анатоли.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.