Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы къухдариуæгады бын уагъд æцыд коронавирусон инфекци COVID-19 ныхмæ архайды фæдыл оперативон штабы рабадт.

Сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй абоны бон хæдизоляцийы уавæрты сты 208 адæймаджы, уыдонæн сæ фылдæр хай сты, Уæрæсейы Федерацийæ цы студенттæ æрцыдысты, уыдон.

«Стационарон уавæрты ис 6 адæймаджы, уыдонæй 5 горæты инфекцион хайады æмæ иу адæймаг та Знауыры районы», – банысан кодта Коцты Маринæ.

Пухаты Эрик бахæс кодта, цæмæй лæмбынæгдæр хъусдард дарой медицинон кусджыты цæстдарды бын чи ис, уыдонмæ.

«Стационарон уавæрты æмæ хæдизоляцийы цы æмбæстæгтæ сты, уыдон хъуамæ æнæмæнгæй æххæст кæной дохтырты фæдзæхстытæ. Профилактикон мадзæлттæ æххæст кæнын фадат ратдзæн коронавирусон инфекци ма æрбафтынæн», – загъта Хицауады Сæрдар.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр æрæмбырдувæджыты базонгæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн паддзахадон арæныл ахизыны фæткимæ, Уæрæсейы Федерацийæ Республикæ Хуссар Ирыстонмæ чи æрбахизы, уыдонæн.

«Бирæварсон уадзæн пункт «Рук»-ы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæныл ахизыныл сæрмагонд фæткы тыххæй» Хицауады 2020 азы 10 апрелы №21 фæстаг Уынаффæмæ гæсгæ, 2020 азы 13 апрелы 00 сахат 00 минутæй 2020 азы 1 майы 23 сахат 59 минутмæ бирæварсон уадзæн пункт «Рук»-ы ууылты хуссарирыстойнаг арæныл стæмтæй дарддæр ахизыны бар нал уыдзæн. 

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад  сарæзта  схемæ, кусæгон командировкæтæй хи-сæрмагонд хъуыддæгты фæдыл сæ балцтæй чи  здæхынц сæ райгуырæн зæхмæ афтæ ма уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæй улæфтыты рæстæджы чи цæуы, уыдонæн, кæцытæ сты «Уæрæсейы Федерацийы территорийыл уæвæг Республикæ Хуссар Ирыс-тоны æмбæстæгтæ, сæ бон суыдзæн республикæмæ æрбацæуын номхыгъдтæм гæсгæ, кæцытæ арæзт цæуынц Дзæуджыхъæуы, Республикæ Хуссар Ирыстоны Консулон агентады. Уагъд цæудзысты къордтæй 10 адæймаджы онг. Уыдон хъуамæ развæлгъау фехъусын кæной паддзахадон арæныл ахизыны рæстæджы тыххæй Консулон агентады», – банысан кодта Медойты Димитри.

Министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны территоримæ цы æмбæстæгтæ æрбахиздзысты, уыдон хъуамæ рацæуой медицион басгæрст æмæ æнæмæнгхъæуæг стационарон хæдизоляци 14 боны онг бæрæг медицинон уагдоны.

Оперативон штабы рабадты рæстæджы ма уынаффæ цыд Республикон соматикон рынчындоны, районон рынчындæтты цæттæдзинад сифтонг кæныны фарстатыл, афтæ ма республикæмæ цы æмбæстæгтæ цæудзысты, уыдоны уазæгдон «Алан»-ы райсыныл, карантинон режим æххæст кæныны нысанæн 14 суткæйы æмгъуыдмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.