Республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй уагъд æрцыд коронавирусон инфекцийы ныхмæ тохы фæдыл оперативон штабы рабадт. Æмбырды райдианы Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, ацы вирусы тыххæй æнæхъæн дунейы цы уавæр сæвзæрд, уымæ куыдфæндыйы цæстæй мачи хъуамæ кæса, уымæн æмæ дзырд цæуы адæмы цардыл.

«Мах хъуамæ саразæм æппæт дæр, цæмæй коронавирус ма рбаирвæза нæ республикæйы территоримæ. Фæнды мæ банысан кæнын, бæрндзинад кæй хъуамæ æнкъара нæ республикæйы алы æмбæстаг дæр. Хицауад цы барæнтæ исы, уыдон фаг не сты. Мах не ‘ппæт дæр хæсджын стæм, цæ-мæй хъахъхъæнæм нæхи дæр æмæ не ввахс адæмы дæр, цæмæй ацы вирус ма фæзына æмæ  ма апарахат уа нæ республикæйы», – загъта Бибылты Анатоли. Уый куыд бафиппайдта, афтæмæй развæлгъау райсгæ барæнтæ – арæнтæ сæхгæнын æмæ карантинон мадзæлттæ райсынмæ адæм равдыстой æмбаргæ ахаст.

Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ информаци радта иумиаг сисгæйæ республикæйы уавæр куыд у, æмæ цы барæнтæ ист цæуы, уыдон тыххæй.

 «Республикæйы коронавирус ма бауадзыны нысæнттæн комплексон план реализаци кæныны фæлгæтты уагъд æрцыд мадзæлттæ медицинон уагдæтты цæттæдзинад сбæрæг кæныны тыххæй, рынчынтæн фыццаградон æххуыс бакæныны фæдыл. Равзæрстам Дзауы, Ленингоры рынчындæттæ æмæ Цхинвалы инфекцион рынчындон, цы ран палатæтæ бацæттæгонд æрцыдысты, клиникон бæрæггæнæнтæ кæмæн уа, ахæм рынчынтæн» – загъта уый.

Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ бæлвырд æрцыд рынчынты иу ранæй иннæ ранмæ ласыны фарст дæр, цæмæй сын бынтон-дæр мацы контакттæ уа æнæниз адæмимæ. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æппæт медицинон уагдæтты дæр ис индивидуалон хъахъхъæнынады фæрæзтæ, афтæ медицинон хостæ дæр, фæлæ уыдон сты æрмæстдæр фыццаг бонты фаг.

Уымæ гæсгæ Президент бахæс кодта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикæн, цæмæй бакуса медицинон уагдæтты уæлæмхасæн индивидуалон хъахъхъæнæн фæрæзтæй сифтонг кæныны фарстыл.

Коцты Маринæ ма загъта, зæгъгæ, ныртæккæ цалдæр хуссарирыстойнаг специалисты ахуыр кæнынмæ сты Ставрополы крайы центры æмæ цалдæр боны фæстæ æрцæудзысты уæрæсейаг специалистимæ.

Сæйраг санитарон дохтыр ма радзырдта, коронавирус кæм ис, ахæм рæттæй æр-баздæхæг æмбæстæгты уавæры тыххæй дæр:

«Мидхъуыддæгты министрад æмæ районты администрацитимæ æмархайды фæрцы мах рæстæгыл информаци райстам, коронавирус кæм ис, ахæм бæстæтæй æрцæуджыты тыххæй. Æвæстиатæй райстам уынаффæ, уыдоны карантинмæ бакæныны тыххæй», – загъта уый. Сæ хъус хæдзæрттæм кæмæ дарынц, ахæмты нымæц у 18 адæймаджы, уыдонæй дыууæ сты Ленингоры районы. 8 адæймаджы ныридæгæн рахызтысты карантинæй. Горæт Цхинвалы цы уавæр ис, уый тыххæй та загъта:

«16 адæймаджы сты хæдзарон уавæрты хъусдарарды бын, æхсæз адæймаджы та, кæцытæн ис клиникон бæрджытæ, сты стационары.

Медицинон кусджытæ сæ хъус дарынц, контакттæ сын кæимæ уыд, уыдонмæ дæр».

Президент бардзырд радта, цæмæй 18 мартæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны æппæт скъолаты, сывæллæтты цæхæрадæтты, астæуккаг профессионалон ахуырадон уагдæтты, уæлæмхасæн ахуырады, афтæ ма паддзахадон университеты дæр баконд æрцæуа карантин.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.