РХИ-йы Хицауад знон йæ рабадты ивындзинæдтæ бахаста «Коронавирусон инфекци COVID-19 апарахат кæнын ма руадзыны фæдыл мадзæлтты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады 2020 азы 23 июны №44 Уынаффæмæ.

Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны æмæ адæймаджы фæрныгады къабазмæ хъусдарды фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæ куыд банысан кодта, афтæмæй бахæсгæ ивындзинæдтæм гæсгæ 2020 азы 31 августы 23 сахат æмæ 59 минутмæ адарддæр æрцыд паддзахадон арæныл ахизыны фæткы архайд, кæцыйы сфидар кодта Хицауад 2020 азы 10 апрелы «Бирæфарсон уадзæн пункт «Рукъ»-ыл республикæйы паддзахадон арæныл ахизыны сæрмагонд фæткы тыххæй» Уынаффæйæ.

Уымæй дарддæр ма ивындзинæдтæ хаст цæуынц, Дзæуджыхъæуы консуладыл республикæмæ сæ бон кæмæн у бацæуын карантин нæ рацæугæйæ, уыцы æмбæстæгты категорийæн æнцондæрæй ахизынимæ баст фарстамæ», – загъта уый.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады сæргълæууæг Тотчиты Георгийы ныхæстæм гæсгæ министрад бацæттæ кодта информацион зæрдылдарæн, кæцы хауы, карантин нæ рацæугæйæ, Хуссар Ирыстонмæ, æмбæс-тæгты хицæн категориты æрбацæуынмæ.

Зæрдылдарæн гæххæттимæ цæрджытæ базонгæ уыдзысты дзыллон информацион фæрæзты руаджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.