Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста 2019 азы Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл Министрады хыгъдон коллегийы. Коллегийы куысты хайад райстой Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ Æдасдзинады Советы секретарь Уалыты Валери.

Уæлвæткон уавæрты министрады сæргълæууæг Цоциты Азæмæт радзырдта ведомствойы æппæт дæлхайæтты куысты, афтæ ма зынгхуысынгæнæн-ирвæрзынгæнæн хæйтты тыххæй дæр.

Уæлдай хъусдард Цоциты Азæмæт аздæхта газæй фæхъæстæ уæвыны цауты уавæрмæ. Министр банысан кодта, зæгъгæ, ивгъуыд азы ацы уавæры тыххæй басгæрст æрцыдысты 113 бирæуæладзыгон хæдзæрттæ æмæ басгæрсты фæстиуджытæм гæстæ арæзт æрцы-дысты хъæугæ барфыстытæ.

Йæхи рады Президент Уæлвæткон уавæрты министрады сæрмагонд скондимæ дзургæйæ бузныджы ныхæстæ загъта ирвæрзынгæнджытæн сæ куысты тыххæй. «Сымахæн ис тынг бæрнджын куыст. Сымах ирвæзын, æххуыс æмæ иуварс кæнут æнамонд уавæртæ», – банысан кодта уый.

Бибылты Анатоли банысан кодта, уæлдай хъусдард здахын кæй хъæуы сыгъд газæй хъæстæ кæныны уавæрмæ. «Æнæмæнгхъæуæг у анализ саразын, хъусдарын æмæ басгарын æппæт газон хæдзарад. Басгарын хъæуы æрмæст муниципалон хæдзæрттæ нæ, фæлæ сæрмагонд хæдзæрттæ дæр», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уымæй уæлдай ма, уый æрдомдта, цæмæй Уæлвæткон уавæрты министрады барфыстытæ æххæст кæныныл контроль цæуа, афтæ ма хъусдард аздахын хъæуы æндæр проблемæмæ – зынгсирвæзты цаутæм. «Ам æнæмæнгхъæуæг у æнгом куыст кæнын районон администрациты сæргълæуджытимæ. Хъæуы басгарын æппæт хæдзæрттæ, уæлдайдæр, хъæдæрмæгæй арæзт чи сты, уыдон», – загъта Президент.

Иумæйагæй ведомствæйы куыстæй Бибылты Анатоли баззад райгондæй.

«Æз æй зонын кæй ис проблемæтæ, чысыл куыстмызд, пенсион ифтонгады. Æмæ уын ныфс æвæрын, Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад æппæт къахдзæфтæ дæр кæй аразы ацы фарстытæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уый ма аныхас кодта министрады ног кусджытимæ, кæцытæн куысты бынæттæ лæвæрд æрцыд УФ-йы  уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыры фæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.