Уæлвæткон уавæрты министр Цоциты Азæмæт 26-æм январы хыгъд радта, йæ дæлбар уæвæг министрадæн цы саразын бантыст 2020 азы, уый тыххæй. Æмбырды хайад райстой РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ тыхон структурæты минæвæрттæ.

«Уæлвæткон уавæрты министрады службæгæнджытæ кæддæриддæр цæттæ сты æнæнхъæлæджы цаутæм, зынгсирвæзтытæм, фæндагон фыдбылызтæм æмæ донивылдтытæм. Нæ республикæйы пандеми куы апарахат, уæд мах службæйæ ссæрибар кодтам, цы медицинон кусджытæ нæм ис, уыдон, цæмæй се ‘ххуысы къух фæдаргъ кодтаиккой коронавирусæй рынчынтæм. Афæдзы мидæг зынгсирвæзты цаутæ арæх уыд æмæ-иу нæ зынгхуыссынгæнджытæ сæ цардæн тас уæвгæйæ, хуыссын кодтой. Министрады цы ирвæзынгæнджыты хайад ис, уый службæгæнджытæ дæр фæстæ никуы фæлæууынц, алы хатт дæр цæттæ сты æнæнхъæлæджы цаутæм», – дзырдта йæ раныхасы Цоциты Азæмæт.

Кæддæриддæр цæттæ сты æххуысмæ фæзынынмæ

Дарддæр уый лæмбынæг æрдзырдта афæдзы бакæнгæ куыстыл. Афæдзы фыццаг кварталы апрелы мæйы пандемийы аххосæй арæн æхгæд куы æрцыд, уæд Уæлвæткон уавæрты министрады службæгæнджытæ Рукъы уадзæн пункты дезинфекци кодтой, мидæмæ цы тарнспорт цыд, уыдон. Сентябры мæйы инфекци куы апарахат нæ республикæйы цæрджытыл, уæд иууыл фыццаг РММЦ-йы «Сырх зонæ»-йы кусæг медицинон кусджытæм æххуысмæ æрбацыдысты Уæлвæткон уа-вæрты министрады кусджытæ. Уыдон волонтертимæ иумæ æвдæлон кодтой туаггуыры баллонтæ æмæ ма æххæст кодтой æндæр техникон куыс-тытæ дæр. Министрад йæ машинæтæй дыууæ рахицæн кодта æмæ сæ сфидар кодта инфекцион хайадмæ, цæмæй æххуыс кæной COVID-æй рынчынтæн.

Кæддæриддæр цæттæ сты æххуысмæ фæзынынмæ

«2020 азы махмæ регистраци æрцыд 1224 æнæнхъæлæджы цауы. Зынгсирвæзты цаутæ нæ республикæйы территорийыл уыд 420, 36 хатты та нæ сапертæм фæдзырдтой минæтæ спырх кæнынмæ. 200 хатты та нæм æрбахатыдысты цæрджытæ, цæмæй сын баххуыс кæнæм донæй сифтонг кæныны хъуыддаджы. 40 хатты та нын уыд фæндагон-транспортон æнамонддзинæдты цауты рæстæджы æххуыс бакæныны цаутæ».

Иууыл стырдæр ахадгæ куыстыл министр банымадта, 2020 азы  брæтты полигоны цы зынгсирвæзт æрцыд, уый хуыссын кæнын. Арæзт æрцыд оперативон штаб, кæцыйы сæргъ лæууыд министр йæхæдæг. Хæс уыд уый мидæг, цæмæй цыбыр рæстæгмæ зынгсирвæзт ликвидаци æрцыдаид. Полигонмæ конд æрцыдысты министрады дæлбар уæззау техникæйы иуæгтæ се ‘ппæт дæр. Уыдонæн ма æххуыс кодтой горæты хæрзарæзтады хайады техникæ дæр. Æххуысмæ фæзындысты Дзауы районы фæндагарæзтады кусджытæ дæр æд техникæ.

Хыгъдон доклады фæстæ ныхасы рацыд Бибылты Анатоли. Уый куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ стыр куыст цæуы Уæлвæткон министрадæн сæ мыздтæ фæфылдæр кæныныл. «Ацы фарст скъуыддзаг æрцæудзæн æввахс рæстæджы. Уыцы категоримæ бахаудзысты бюджетон кусджытæй чысыл мызд кæмæн уыд, æппæт уыдон. Уыцы æххуысæй махæн ныфс бавæрдтой нæ уæрæсейаг коллегæтæ».

Паддзахады сæргълæууæг хорзыл банымадта Уæлвæткон уавæрты министрады куыст, фæлæ ноджыдæр уæлдæр æнтыстытæм тырнын хъæуы, зæгъгæ. Уæлдай рахицæн кодта уыцы службæгæнджыты, кæцытæ инфекцион хайады артгæнæны срæмыгъды рæстæджы бакодтой оперативон куыст æмæ цыбыр рæстæгмæ аиуварс кодтой проблемæ. Уыдон, зæгъгæ, хъуамæ хорзæхджын æрцæуой паддзахадон хорзæхтæй.

Президент бахæс кодта Цоциты Азæмæтæн, цæмæй бацæттæ кæна æмбæлон гæххæттытæ Паддзахадон резервон æфтауцдоны тыххæй. Уыцы хæс лæвæрд æрцæудзæн æндæр профилон ми-нистрадтæн дæр. Хъуамæ, зæгъгæ, февралы мæймæ ацы ахсджиаг объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа. Бæрæг куыд у, афтæмæй, раздæры Авиацион заводы территорийыл сырæзтис паддзахадон резервон æфтауцдон. Ацы объекты арæзтадыл дзырд рагæй цыд, уый хуызæн æфтауцдæттæ алы паддзахадæн дæр ис. Йæ арæзтадæн алцæмæн дæр уыдзæн хицæн бынæттæ. Хи-цæн административон агъуыст арæзт æрцыд æфтауцдоны фарсмæ амы кусæг техникон персоналæн дæр. Паддзахадон резервы æфтауцдонæн йæ фæзуат æмткæй у 7 мин кв. метры. Йæ территори у хæрзарæзт, цæмæй дзы сæрибарæй балæууæн бынат уа бирæ уæззау техникæйæн. Ам цы ангартæ арæзт æрцыд, уыдон сырæзтысты ног технологитæм гæсгæ.

«Паддзахадон резервон æфтауцдон арæзт æрцыд форсмажорон ситуациты тыххæй. Уый фæрцы паддзахад уæлвæткон уавæрты рæстæджы сифтонг кæндзæн йæ адæмы хæлцад æмæ фыц-цаг рады хъæуæг æрмæджытæй»,  – загъта Президент.

Кæронбæттæны Президент бузныджы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстон-Аланийы Уæлвæткон уавæрты министрадæн сæ хорз ахасты тыххæй. «Уыдон фæрцы нæ Уæлвæткон министрадимæ æмгуыст кæй кæнынц, – уый фæстиуæгæн фæстаг азты Транскамы фæндагыл нал цæуы æнамонд цаутæ. Уыцы иурæстæджы бавналынц фæндагсыгъдæггæнæн куыстытæм æмæ аиуварс æрцæуынц æнамонд цаутæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент ма загъта, зæгъгæ, цыфæнды техникæ дæр хæлын зоны, уæлдай дæр та æвирхъау цауты хайад чи райсы, зынвадат фæндæгтыл чи цæуы, арты дзыхмæ чи баскъæры уыцы техникæ.  Уæлвæткон уавæрты министрад ифтонг цæудзæн æмбæлон техникæйæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.