Президент Бибылты Анатоли хайад райста Юстицийы министрады хыгъдон æмбырды, кæцыйы рæстæджы арæзт æрцыдысты хатдзæгтæ 2020 азы ведомствойы архайдæн. Бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд сарæзта Юстицийы министры хæстæ æххæстгæнæг Лалыты Залинæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Юстицийы министрад у æххæстгæнæг хицауиуæгады сæйраг органтæй иу, кæцы хайад исы паддзахады барадон политикæйы.

«Министрад æххæст кæны къорд ахсджиаг функцийы, сæрмагондæй, паддзахадон политикæ бакусыны æмæ реализацийы æмæ сфидаргонд архайды фадыджы нормативон-барадон бæстонкæнынады фæдыл, уыцы нымæцы уголовон æфхæрдтæ, тæрхондонон акттæ сæххæст кæныны фадыджы  æмæ тæрхондæтты архайды, æнæкоммерцион ор-ганизациты регистраци, æхсæнадон баиугæндты, политикон партиты æмæ динон организациты, æмбæстагон уавæры актты регистраци, адвокатурæ, нотариат, тæрхондонон экспертизæ æмæ æнæзмæлгæ исады барты регистраци, æнæзмæлгæ исады паддзахадон кадастрæ уадзыны сфидаргонд фæтк сифтонг кæныны фæдыл.

Æфхæрд æфхæрынæн нæ, фæлæ – раст фæндагыл слæууынæн

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æххæстгæнæг хицауиуæгады органты системæ æмæ структурæйы тыххæй» 2020 азы 7 июлы Президенты Барамындмæ гæсгæ Юстицийы министрад ауагъта реорганизацион мадзæлттæ, кæцыты хатдзæгтæм гæсгæ ведомствойыл æвæрд æрцыд къорд уæлæмхас функцийы, сæрмагондæй, паддзахадон политикæ æмæ паддзахадон æмбæстагон службæйы фадыджы нормативон-барадон бæстонкæнынады тыххæй функцитæ бакусыны æмæ реализацийы фæдыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæгæнджыты куыстмызд бафидыны, афтæ ма ЗАГС-ы фадыджы контроль æмæ цæстдарды фарстатæй дарддæр», – загъта уый.

Докладтæ ма бакастысты тæрхондонон приставты, паддзахадон регистрацийы, кадастрæ æмæ картографийы службæты, æфхæрдтæ æххæст кæныны управленийы хистæртæ.

Уый фæстæ Юстицийы министрады кусджыты раз раныхас кодта паддзахады сæргълæууæг. Уый æвæрццаг аргъ скодта ведомс-твойы куыстæн, сæ функционалон хæстæм ведомствойы кусджыты бæрнон ахаст банысан кæнгæйæ. «Юстицийы министрады куысты æмвæзад бæрæг сырæзт. Объектты фæткмæ æркондæуыд, фæхуыздæр сты ахæстты дарыны уавæртæ. Сноггонд æрцыд ЗАГС-ы хайад, бæрæг фæхуыздæр тæхондонон приставты куысты æмвæзад дæр. Юстицийы министрадæн йæ бон у йæ хæстæ æххæст кæнын, ведомство кусы, тынгдæр кæндзæн рæзты темптæ æмæ хиздзæн ног æмвæзадмæ, куыд нормативон-барадон акттæ бацæттæ кæныны, афтæ закъондæттынады мониторингы, квалификациджын юридикон æххуыс бакæныны планы дæр.

Уæлдай хъусдард аздахын хъæуы æфхæрдтæ æххæст кæныны управленимæ. Куыст æнцон нæу. Хъæуы бакусын, цæмæй Æфхæрдтæ æххæст кæныны управленийы кусджытæ æмбарой сæ бæрндзинад æхсæнады раз. Адæймаг æхсæнадæй изоляцигонд куы уа, уæд уыцы адæймаг хъуамæ æххæст кæна режимы домæнтæ. Æфхæрдтæ æххæст кæныны управленийы саразгæ уавæртæ (уыдон нæ уыдысты раздæр): бæстыхайы цалцæг, режимты ахицæн, хæлцадон блок, хæлцы гъæд сифтонг кæнын), æмбæлон сты гуманитарон бартæн. Ацы адæм изоляци сты, фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ уыдон  æхсæнады нæ хъæуынц. Ахæстоны бадгæйæ, уыдон æрмæст æфхæрды тыххæй не сты, фæлæ хъуамæ слæууой раст фæндагыл», – загъта Бибылты Анатоли. Президент позитивон аргъ скодта Юстицийы министрады фæндонæн ахæсттæн ахуыр кæныны уавæртæ саразыны тыххæй.

«Гæнæн ис, чидæр бамбæрста бæрндзинад æмæ лæууы раст фæндагыл. Уыцы бар дæр хъуамæ уа ахæсттæн. Фæлæ уыцы иурæстæджы ноджы иу хатт банысан кæндзынæн, режим хъахъхъæныны тыххæй хæсджын сты иууылдæр. Ахæстоны цал азы бады æмæ ракæнгæ фыдракæнды уæззаудзинадмæ æнæкæсгæйæ», – загъта уый.

Уымæй дарддæр ма Бибылты Анатоли æрдзырдта республикæйы сæвзæргæ æхсæнадон-политикон уавæры тыххæй, кæцы баст у Мидхъуыддæгты министрады бæстыхайы æрцæугæ фыдракæндимæ, æмæ расайдта уæрæх æхсæнадон резонанс. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фыдракæнд саразджытæ æфхæрд кæй баййафдзысты, уый алчи дæр хъуамæ æмбара.

«Знон уый тыххæй æз дзырдтон Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады хыгъдон æмбырды æмæ ныр дæр банысан кæндзынæн, аххосджынты æфхæрд баст нæу, фæзуаты лæууы æви нæ, депутаттæ цæуынц куыстмæ æви нæ, уыимæ», – фехъусын кодта уый.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, раст фæдагуырды домæнтæ æмбæрстгонд сты, фæлæ прокуроры отставкæйы домæнæн бындур нæй æмæ æххæст не ‘рцæудзæн.

«Фæнды мæ сымахæн фехъусын кæнын, ацы уголовон хъуыддаджы фæдыл арæзт æрцыд 18 томы, алы томы дæр ис 250-270 фарсы. Æппæт уыцы томтæ æрбавдыст æрцыдысты хъыгдардбаййафæг фарсмæ æмæ депутаттæм. Æппæт фарстатæн дæр лæвæрд æрцыдысты дзуаппытæ. Уымæй дарддæр ма уæлæмхас экспертизæты фæдыл ивд æрцыдысты уæлдай уæззаудæр статьятæм, кæцыты азым кæнынц аххосджынты», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый радон хатт банысан кодта, зæгъгæ, Парламенты куыст къуыхцы кæнын æппæрццагæй бандавдзæн æхсæнады фæрныгадыл æмæ ногæй æрсидт бойкотрасидæг депутаттæм сæ куыстмæ æрбаздæхыны тыххæй.

Йæ раныхасы кæрон Президент арфæйы ныхæстæ загъта Юстицийы министрады кусджытæн се службæйон архайды тыххæй. Уый фæстæ къорд кусджытæн радта «Мидæггагон службæйы булкъон»-ы сæрмагонд нæмттæ, афтæ ма ведомствойы иуæй-иу кусджытæн та лæвæрд æрцыдысты Рес1публикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.