Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады хыгъдон æмбырды хайад райста Президент Бибылты Анатоли, цыран аргъ æрцыд 2019 азы куысты фæстиуджытæн. Йæ куысты ма хайад райстой Хицауад æмæ Парламенты Сæрдæрттæ Пухаты Эрик æмæ Тадтаты Алан, Генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад, куыд сæрмагонд паддзахадон къухдариуæгады орган, афтæ сырæзт 1992 азы 27 майы æмæ бæстæйы сæргълæууæджы Барамындмæ гæсгæ та 2019 азы 27 майæ фæстæмæ нысан цæуы Юстицийы органты кусджыты бонæй.

Юстицийы министр Лалыты Зæлинæ йæ хыгъдон доклады куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ныртæккæ Юстицийы министрад у паддзахадон къухдариуæгады сæйраг органтæй сæ иу, кæцы æнгом кæны алыгъуызон уагдæттæ æмæ архайды алы фадгуытæ. Æххæст кæны паддзахадон политикæйыл бакусын æмæ реализаци кæныны функцитæ, нормативон-барадон бæстонкæнынады архайды бæлвырд фадгуытæ, уыцы нымæцы уголовон æфхæрд æххæст кæныны фадыджы, тæрхондонон акттæ æххæст кæнын æмæ тæрхондæтты архайды бæрæг фæтк ифтонг кæнын, æнæзмæлгæ исады бартæ регистраци кæнын, æнæзмæлгæ исады  паддзахадон кадастр бакæнын, æнæкоммерцион  æмæ æхсæнадон организацитæ регистраци кæнын, политикон партитæ æмæ динон организацитæ æмæ æмбæстагон уавæрты акттæ нывыл кæнын, нотариат æмæ тæрхондонон экспертизæтæ регистраци кæнын.

Лалыты Зæлинæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ хыгъдон рæстæджы Юстицийы министрады уагъд æрцыд æртæ гуырахстджын реформæйы. Уыдон уыдысты Юстицийы министрады аппараты, Æфхæрд æххæст кæныны управленийы æмæ Пад-дзахадон регистраци, кадастр æмæ картографийы службæйы.

Ныртæккæ Республикæйы паддзахадон политикæйы ахсджиаг нысæнттæй сæ иуыл ныхас-гæнæг банымадта националон закъондæттынад рæзын æмæ фæмидисджындæр кæнын. Министрады функцитæ сты закъоны проектон архайд æххæст кæнын, нормативон-барадон актты  барадон æмæ коррупцийы ныхмæ экспертизæ уадзын æмæ æххæсткæнынадон къухдариуæгады органты нормативон-барадон актты паддзахадон регистраци кæнын.

2019 азы коррупцийы ныхмæ барадон экспертизæмæ æрвыст æрцыд 400 фылдæр нормативон-барадон актты проекттæ, уагъд æрцыд Конституци æмæ закъондæттынадæн дзуапп дæтты æви нæ, ахæм барадон æмæ коррупцийы ныхмæ экспертизæйы 412 нормативон-барадон акты.

Æхсæнадон организациты архайдыл дзургæйæ министр банысан кодта, зæгъгæ, æрмæстдæр уыдон æххуыс кæнынц паддзахадæн, цæмæй суа барадон æмæ æхсæнад та æмбæстагон.

«Æмæ æмбæстагон æхсæнады рæзты Юстицийы министрад исы комкоммæ хайад – паддзахадон регистраци кæны æхсæнадон баиугæндты æмæ йæ хъус дары сæ архайды фæтк, хæстæ, нысæнттæ æмæ устав куыд æххæст цæуынц, уымæ.

170 æнæкоммерцион организацитæй 113 сты алыгъуызон барадон формæтимæ – 8 политикон партитæ, 40 политикон партиты регионалон хайæдтæ, 6 организаци сты фæ-сарæйнаг партнерты реестры сконды, 1 динон организаци, 31 фонды, 20 спортивон федерацийы æмæ 66 æхсæнадон баиугæнды. Ацы ранымайгæ организацитæ æмæ биугæндтæй бирæтæ не ‘рбавдисынц сæ куысты фæдыл хыгъдтæ æмæ æндæр документтæ, уыйхыгъд дзы бирæтæ та кæнынц активон куыст», – дзырдта министр.

Ныхас ма цыд адвокатурæ, нотариат, æмбæстагон уавæрты акттæ регистраци кæныны фадгуытæм хъусдард здахыныл. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ республикæйы архайынц æхсæз паддзахадон æмæ дыууæ та сæрмагонд нотариалон канторæтæ. 2019 азы уыдон профессионалон архайды фæдыл Юстицийы министрад ауагъта планон сгарæн куыст. Басгæрсты фæстиуджыты фæдыл арæзт æрцыд акттæ. Иумиагæй сисгæйæ, хыгъдон рæстæджы нотариустæ сарæзтой 16391 нотариалон архайды, уый фæстиуæгæн паддзахадон пошлинæйы гуырахст уыд 1 милуан æмæ 260 мин сомы.

Уголовон-æххæсткæнынадон системæ фæхуыздæр кæныны мадзæлтты фæлгæтты алыгъуызон категорийы ахæсттæн арæзт æрцыд хицæн бынæттæ, арæзт æрцыд фæдсгарæн изолятор. Ахæстоны бадыны тæрхон хаст кæмæн æрцыд, уыдон уавæртæ æввахс сты Уæрæсейы Федераци æмæ дунеон стандартты Уголовон-æххæсткæнынадон кодексы домæнтæм.

Уый ма лæмбынæг æрдзырдта министрады куысты алы фадгуытæ æмæ авналæнтыл æмæ, зæгъгæ, уыцы куыст ацы аз дарддæр конд цæудзæн æмбæлон здæхтыты.

Æддагон æмгуыстадыл дзургæйæ, министр банысан кодта, аивгъуыйгæ аз Донецкы Адæмон Республикæйы æнгæс министрадимæ сæ къухтæ кæй æрфыстой барадон æмгуыстады фæдыл Меморандумыл. Уыцы куыст дарддæр уагъд цæудзæн цы аз дæр æмæ уый бындуыл æмгуыстад адарддæр уыдзæн бæрæг здæхтыты. Уымæй дарддæр Юстицийы министрад æнгом куыст кæны Уæрæсейы Федерацийы министрадимæ, кæцыйæ æнхъæлмæ кæсынц хорз фæстиуджытæм.

  2019 азы бакæнгæ куыстæн ма хыгъдон докладтæ сарæзтой Юстицийы министрады дæлбар Тæрхондонон приставты службæ, Æфхæрд æххæсткæныны управлени, Æмбæстагон уавæрты акттæ фыссыны æмæ Паддзахадон регистраци, кадастр, картографийы службæты сæргълæуджытæ.  

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли республикæйы Юстицийы министрады 2019 азы куыстæн скодта æвæрццаг аргъ. Фæлæ йæ уый æмрæнхъ ныфс ис, ацы аз дæр йæ куыст кæй уыдзæн эффективон, уагдоны алы структурон дæлхай дæр йæ разы цы æвæджиаг хæстæ æвæры, уыдон реализаци кæныны хъуыддаджы.

Уый бузныг загъта министрады дæлбар кадастрон службæйы бакæнгæ куыстæн, уымæн æмæ бакодтой гуырахстджын куыст. Æфхæрд æххæст кæныны управлени дæр, зæгъгæ, хæст у принципиалон позицийыл, уымæн æмæ къухдариуæгад фыдгæнæджы фарс никуы балæудзæн. Уый никуы уыдзæн. Паддзахад хæсджын у æмæ рарастгæнæн колонийы ифтонг кæна æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæй, æмæ йæ аразгæ дæр скодтой. Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ уыцы хъуыддагæн æвдисæн сты управленийы кусджытæ æмæ йæ бафидар кæндзысты – рарастгæнæн колони цахæм уавæры уыд, æмæ ныртæккæ та цахæм уавæры ис.

 Банысанма кодта, зæгъгæ, закъонмæ гæсгæ бæрæг фæткыл хъуамæ архайой колонийы кусджытæ æмæ ахæсттæ. Уый рахæцыд, министр йæ хыгъдон доклады цы хъуыддаг банысан кодта, уый фарс, зæгъгæ, бирæ хатт хынцыд æрцыд, рарастгæнæн колонийы кусджытæ кæй сæмдзæхтон вæййынц ахæсттимæ æмæ уый егъау проблемæ у.

«Уыцы фарстытæм аздахын хъæуы стыр хъусдард, уымæн æмæ алчи дæр уый тыххæй хæссы бæрндзинад. Æфхæрд æххæст кæныны управленийы алы кусæг дæр хъуамæ уа принципиалон позицийыл хæст», – банысан кодта уый.

Рарастгæнæн колонийы куыст вазыгджын куыст у, уый фæдыл бæстæйы къухдариуæ-гад алы кусæгæй дæр у бузныг. Æмæ сæ фарсмæ лæудзæн кæдфæндыдæр. Уыцы ран бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, кæй фылдæр кæндзысты министрады куыстмыздтæ цадæггай, уыцы-иу рæстæджы куысты уавæртæ дæр.

Бибылты Анатоли бахæс кодта ЗАГС-ы управленийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Саулохты Иринæйæн, цæмæй анализ саразой фæстаг дæс азы демографион уавæрæн æмæ гуырынад æмæ мæлынады æрвылазон нымæцтæ парахат æрцæуой. Уæд сæвзæргæ уавæрæн уыдзæн объективон хатдзæгтæ.

Йæ ныхасы кæрон Президент банысан кодта, алы æмбæстаг дæр йæ разылæууæг хæстæ куыд æххæст кæна, ууыл баст кæй у нæ иумийаг Ирыстоны рæзт. Уымæ гæсгæ æрсидт, чи цы куысты лæууы, чи цы бæрнон хæстæ æххæст кæны, уым æнæзæрдæхудт куыст кæнынмæ йæхи æмæ йæ адæмы сæрвæлтау. Йæ цæст бауарзта Юстицийы министрады кусджытæн профессионалон, æнтыстджын куыст.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.