Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд РЦИ-Аланийы Бæхты театр «Нартæ»-йы артисткæ Хъазити Нателлæимæ, кæцы хайад райста культурон-историон равдыст «Хуссар Ирыстон! Лæгдзинады истори»-йы.

Уæ зæрдыл лæууын кæнæм, ма-дзал арæзт кæй æрцыд Уæрæсейы Федераци нын нæ хæдбардзинад куы банымадта, ууыл 10 азы сæххæсты цытæн.

 «Нартæ» æвдисы бæрзонд фæстиуджытæ æмæ у æппæт Ирыстоны сæрыстырдзинад. Фæнды мæ бузныджы ныхæстæ зæгъын бæхты аивадмæ дæ хайбавæрды тыххæй, афтæ мæ банысан кæнын фæнды дæ активон хайадист нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты цытæн бæрæгбоны. Бæрæгбон уыд грандиозон. Йæ хайбавæрд уымæ бахаста уæ театр дæр, кæцы равдыста барæджы бæрзонд аивад», – загъта Бибылты Анатоли.

Культурæйы фадыджы йæ лæггæдтæ æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй Президент Хъазити Нателлæйы схорзæхджын кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисты» кадджын номæй. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, хорзæхджын кæныны тыххæй Барамындыл къух фыст æрцыд  ивгъуыд азы уалдзæджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.