Бибылты Анатоли хайад райста Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты хыгъдон коллегийы

Мадзалы фæлгæтты уынаффæ цыд 2021 азы Паддзахадон æдасдзинады комитеты оперативон-службæйон архайды фæстиуджытыл. Уыимæ иумæ ма бæрæг æрцыдысты 2022 азæн хæслæвæрдтæ.

Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæрдар Олег Ширин йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, дунейы цы уавæр ис, уый æнæ бандавгæ нæ бауыдзæн Хуссар Ирыстоныл дæр.

«Уавæр фæвазыгджындæр кæныны тыххæй Америкæйы Иугонд Штаттæ æмæ Евроцæдисы системон архайдтытæ, Белорусы æмæ Казахстаны æрæджыйы цаутæ, фæстаг хæстон операци, æхсæна-дæмон финансон базæрттыл æнæпрецендентон æндæвдад – Уæрæсейы Федерацийы æдасдзина-дæн æппæт уыцы тасдзинæдтæ æркодтой уымæ, æмæ цæмæй уавæр æрсабыр уыдаид, уый тыххæй Украинæйы хæстон спецопераци ауадзынæй дарддæр æндæр мадзæлттæн нал уыд гæнæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æндавы Республикæ Хуссар Ирыстоны уавæрыл дæр», – банысан кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты сæргълæууæг.

Президент, докладтæм байхъусыны фæстæ банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон æдасдзинады комитет у паддзахады, конституцион рæзты сæйраг хъахъхъæнæг æмæ йæ архайды фæлгæтты æнтыстджынæй архайы  фæдысгæрсты æмæ контрфæдысгæрстыл, афтæ ма развæлгъау архайы экономикон æдасдзинад сифтонг кæныныл дæр.

«Уæ куыст æппæтæй дæр здæхт у уымæ, цæмæй мах ныфс уа нæ паддзахады æдасдзинадæй, цæмæй хъахъхъæд цæуой Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ уæ дырыс, планбæрцон, фæдфæдылон куысты ‘руаджы. Паддзахадон æдасдзинады комитеты кусджытæ стыр куыст бакодтой», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый бахахх кодта, зæгъгæ, абон архайын хъæуы, дунейы цы уавæр сæвзæрд, уымæ гæсгæ, хæстон спецопераци ауадзыны тыххæй алы бæстæты реакци бахынцгæйæ.

«Уый фыццаг рады хауы  паддзахадон арæнтæ хъахъхъæнынмæ æмæ, æрцæуæн цы процесс-тæн ис гæнæн, уыдонæн оперативонæй дзуапп дæттынмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, тырнын хъæуы Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæимæ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнхъахъхъæнæг управлениимæ æнгомдæр æмархайдмæ. Информаци, кæцы æмбырдгонд цæуы æмæ йын арæзт цæуы анализ, хъæуы ахæм фæндæттæ бакусынæн, кæцытæ фæахъаз уыдзысты гæнæнуæвæг æртхъирæнты минимизацийæн кæнæ сæ аиуварс кæнынæн», – загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта 2022-2025 азтæн социалон-экономикон рæзты программæйы реализацийы фадыджы экономикон æдасдзинады здæхт-мæ сæ тыхтæ радтыны æнæмæнгхъæуындзинад.

«Программæйыл бакуыстой уæрæсейаг коллегæтимæ иумæ. Уый у Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикæйы серьезон финансон бавæрдтытæ. Цæмæй уыдон эффективонæй реализаци æрцæуой, уый тыххæй уыцы бавæрдтытæм хъæуы дырыс хъусдард æмæ контроль», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

 

***

Æрæджы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитетæн уыд хыгъдон æмбырд, цыран ведомствойы сæргълæууæг Хъотайты Мария хыгъд сарæзта 2021 азы бакæнгæ куыстæн. Хыгъдон æмбырды хайад райстой Президент Бибылты Анатоли, дзыллон информацион фæрæзты, комитеты дæлведомствойон организациты къухдариуæггæнджытæ æмæ журналисттæ.

Комитеты сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæйраг хæстæ сты  дзыллон информацийы фæрæзты паддзахадон политикæ æвдисын, æппæт паддзахадон рауагъдадтæн æмæ информацион агентадтæн  кæрæдзиимæ бастдзинæдтæ сифтонг кæнын, уæрæсейаг информацион агентадтимæ, æндæр хæларадон бæстæтæй æмæ республикæтæй информацион политикæйыл чи кусы, уыцы организацитимæ  æмгуыст кæнын.

«Газетты редакцитæ «Хурзæрин», «Южная Осетия», «Республика», сайт «Рес» æмæ ПТРК «Ир» куыстой æрвылбонон режимы. Журналисттæ æрвыл бон дæр цыдысты «сырх зонæмæ» æмæ арæзтой репортажтæ. Хъусын кодтой, республикæйы къухдариуæгад вирусы ныхмæ цы мадзæлттæ иста, уый», – банысан кодта Хъотиан.

Радзырдта, зæгъгæ, комитетæн плангонд цы мадзæлттæ уыд, уыдон кæд æххæстбæрцæй æххæст не ‘рцыдысты пандемийы аххосæй, уæддæр ауагъдæуыд 25 брифинджы, 8 пресс-конференцийы æмæ Зæгъойты Никъалайы чиныг «Кто прожил, тот помнит…»-ы презентаци.

Комитеты сæрдар радзырдта апрель æмæ октябры мæйты журналистты иу хай сæ квалификаци Санкт-Петербурджы кæй фæбæрзонд кодтой, сентябрæй декабрмæ та паддзахадон службæмæ рахизыны фæдыл комитеты кусджытæ сæ профессионалондзинад кæй фæбæрзонддæр кодтой Цæгат Кавказы Федералон окруджы, 27 майы  хайад кæй райстой Мæскуыйы чингуыты армукайы, цыран равдыстой 17 авторы чингуытæ, уыимæ иумæ ма хайад райстой  II Æхсæнадæмон зонадон-практикон конференци «Архитектоника медиа пространства Северной и Юж-ной Осетии: глобальные вызовы, технологии, самоконтроль»- ы, æппæт уыдæтты тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй газет «Хурзæин»-ы фæрстыл мыхуыр æрцыдысты, 2021 азы райдианæй Хуссар Ирыстоны къухдариуæгад  æддагполитикон аренæйы республикæйы позици сфидар кæныны тыххæй цы стыр куыст кодта, уыдæттæ иууылдæр.

Хыгъдон рæстæджы сæрмагонд хъусдард здæхт цыд, республикæйы алы сферæйы дæр цы политикон ивындзинæдтæ цыд, уыдонмæ. Афæдзы райдиан  газет активонæй куыста Цæгат Ирыстонимæ интеграцион бастдзинæдтæ фидар кæныныл, сæ цæгатирыстойнаг коллегæтимæ иууон информацион тыгъдады рæзтыл, мыхуыр цыдысты, Цæгат Ирыстоны цы ахсджиаг цаутæ цыдысты, уыдон.

Уыимæ иумæ ма банысан кодта, зæгъгæ, газеты кусджытæ  республикæйы районтæм кæй цыдысты æмæ хъæуты цардыл кæй фыстой, уыдæттæ. Радзырдта ног рубрикæты тыххæй дæр æмæ коронавирусы пандемийы рæстæджы журналисттæ активонæй кæй куыстой, уый тыххæй дæр.

Хъотайты Мария лæмбынæг радзырдта газеттæ «Южная Осетия», «Республика», журнал «Фидиуæг», информацион агентад «Рес»-ы æмæ иннæ организациты куысты, сæ материалон-техникон уавæры тыххæй дæр.

Комитеты сæрдар йæ доклады кæрон банысан кодта, зæгъгæ, республикæйы дзыллон информайы фæрæзтæ се ‘ппæт дæр лæмбынæг сæ хъус дарынц æмæ регуляронæй æвдисынц  Украинæйы хæстон спецоперацийы цаутæ.

Уый фæстæ раныхас кодта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Уый йæ ныхас райдыдта, Уæрæсе Украинæйы цы  хæстон спецопераци уадзы, уый  тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсейæн æндæр гæнæн нæ уыд, уы-мæн æмæ Украинæйы хицауиуæгад ис нацисттæ æмæ фашистты къухты.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, хæстон операци уæззау хъуыддаг у, фæлæ дзы æндæр гæнæн нæ уыд. Ам махмæ дæр афтæ уыд, гуырдзиæгтæ сывæллæтты, сылгоймæгты æмæ зæрæдты мардтой, фæлæ уымæ йæ хъус ничи дардта. Фæлæ ныр, аст азы дæргъы адæмы чи мардта, Украинæйы уыцы нацисттæм бæрндзинадмæ куы æрсидтысты, уæд лæгмæрдтытæ рахуыдтой сæрибары сæрыл тох кæнын. Фашисттæй идеалтæ аразын раст нæу. Уырыссаг адæмы чи куынæг кодта, уыцы Бандерайæ дæр хъайтар сарæзтой. Уыдон цытæ арæзтой, уый та сæ хъуыдымæ гæсгæ, идеологон æгъдауæй раст у», – дзырдта Президент.

Дарддæр Бибылты Анатоли дзырдта информацион фæрæзты архайды тыххæй.

Президент дзыллон информацийы фæрæзты куыст банымадта рæстæмбисыл. Уый банысан кодта, зæгъгæ, «адæмæн дæттын хъæуы уыцы информаци, кæцы тыхсын кæны æхсæнады. Уый тыххæй та уадзын хъæуы журналистон фæдысгæрстытæ, фыссын хъæуы аналитикон уацтæ, рæстæгыл хъусдарын хъæуы æхсæнады карз проблемæтæм. Æз дæр кæддæриддæр цæттæ дæн информацион фæрæзтимæ æргом ныхас кæнынмæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

ОСИАТЫ Индирæ

 

***

РХИ-йы Президент хайад райста 2021 азы  Æмбæстагон хъуыддæгты, уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады ахайды фæстиуджыты фæдыл ведомствойы  хыгъдон коллегийы.

Мадзалы раныхас кодта министрады сæргълæууæг Цоциты Азæмæт.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, абоны бон Æмбæстагон хъуыддæгты, уæлвæткон уавæртæ æмæ стихион æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады тыхтæ æмæ фадæттæ цæттæ сты дарддæр дæр сæ разылæууæг хæстæ нысанмæздæхтæй æххæст кæнынмæ, кæцытæ здæхт сты Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты æмæ территорийы хъахъхъæнынад фæбæрзонддæр кæнынмæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æрвылбон дæр сæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнынмæ рацæуынц 100 адæймаджы æмбæлон штатон спецтехникæимæ, ифтонггæрзтæ æмæ бастдзинады фæрæзтæй ифтонгæй.

Ведомствойы архайды приоритетон здæхтыты Цоциты Азæмæт схуыдта  Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрджыты æмæ территорийы æдасдзинадæй сифтонг кæнын æрдзон æмæ техногенон характеры уæлвæткон уавæрты рæстæджы; æмбæстагон хъахъхъæнынады мадзæлттæ æххæст кæнын; зынгсивæрзты æдасдзинад æмæ доны объектты  адæймæгты æдасдзинад сифтонг кæнын; æмбæстагон хъахъхъæнынады фадыджы нормативон-барадон базæ фæхуыздæр кæнын.

«Хыгъдон аз Управленийы центры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Уæлвæткон уавæрты министрады тыхты зынгсивæрзты, ирвæзынгæнæн æмæ æндæр  спецтехникæ сæ хæстæ æххæст кæнынмæ ацыдысты 986 хатты. Уыцы нымæцы зынгсивæрзтытæ ахуыссын кæнынмæ – 243 хатты, цæрджыты нуазыны донæй сифтонг кæнынмæ – 131 хатты, техникон æххуыс бакæнынмæ – 176 хатты, æмбæстæгты зынвадат рæттæй æмæ донæй рахизын кæныны тыххæй – 9 хатты; минæтæй территори ссыгъдæг кæныны тыххæй – 64 хатты; санитарон эвакуацийы тыххæй – 155 хатты; фæндагон-транспортон цауты тыххæй – 41 хатты; цæрджытæн Уæлвæткон уавæрты министрады техникæйæ баххуыс кæныны тыххæй – 25 хатты; цæрджытæн æндæр æххуыстæ бакæныны тыххæй – 51 хатты», – загъта министр.

Уымæй дарддæр ма министрады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ зынгсивæрзты æдасдзинады нормæтæн æмæ фæткойтæн дзуапп дæттынц, æви нæ, уый тыххæй 2021 азы зынгсивæрзты æдасдзинады фадыджы цæстдарды хайады кусджытæ бабæрæг кодтой 485 объекты, уыцы нымæцы ахуырадон уагдæтты, паддзахадон уагдæтты бæстыхæйттæ,  чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады объекттæ æмæ бензоколонкæтæ (АЗС).

Дарддæр раныхас кодта Президент Бибылты Анатоли, кæцы ведомствойæн къухдариуæг кодта цалдæр азы.

«Зынаргъ коллегæтæ!

Сымахæн мæ фæнды стыр бузныг зæгъын уæ службæйы тыххæй.  Уæ куыст æнцон нæу. Сабыр рæстæджы Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ æххæст кæнынц хæстон хæслæвæрдтæ, уымæн æмæ зынгимæ тох кæнын дæр хæстон хæслæвæрд у. Сæйраг у, цæмæй-иу уыцы тохæй рахизат уæлахизуæвджытæй, цæмæй уын уе ‘нæниздзинадыл мацы цаутæ æндавой.

Æз уæ куыстæй райгонд дæн. Тынг фæкъаддæр æнамонддзинæдты бынатмæ цæуыны рæстæг. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис спецуæлæдарæсы  æмæ ифтонггæдты фæдыл проблемæтæ. Фæлæ архайдзыстæм, цæмæй ифтонг æрцæуат, куысты уын æнæмæнгхъæуæг цы у, æппæт уыдæттæй.

Бузныг уæ службæйы тыххæй! Сымах аккагæй æххæст кæнут, уæ разы цы хæстæ ис, уыдон», – загъта Президент æмæ сын ныфс бавæрдта, цыбыр рæстæгмæ сæ куыстмыздтæ æмæ пенсион ифтогадты фарст скъуыддзаг кæй æрцæудзæн, уымæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.