Бæлæстæн — дыккаг цард

Ногазон назбæлас у Ногазон бæрæгбоны æнæфæхицæнгæнгæ хай. Кæд фæстаг азты ацы æрдзы фидауцты бирæ цæмæйдæрты ис раивæн, уæддæр сæ кад дæлæмæ нæ хауы.

Фæлæ, хъыгаг у, бæрæгбоны фæстæ бырæтты амæттаг кæй бавæййынц, уый. Æрдз бахъахъхъæныныл æмæ ацы рæсугъд бæлæстæй дыккаг хатт спайда кæныныл дзырд рагæй цæуы, фæлæ хъуыддаг размæ нæ цыд. Ныр уыцы лыггæнинаг фарста йæхимæ райста гом æхсæнадон организаци «Эра». Уый хихджын бæлæстæн ратдзæн дыккаг цард æмæ сæ бабæстон кæнгæйæ, ратдзысты ног хомаг. Уыцы хомаг-фæныкæй пайдагонд цæудзæн хъæууонхæдзарады химикаттæ аразыны, æфтаудзысты йæ хъæдæрмæгæй арæзт мигæнæнтæм, хæдзары дзаумæттæм… Иуæй, хъæды фидауц назбæлас æнæхъуаджы нæ фесæфдзæн, иннæмæй та уынгты бырон фæкъаддæр уыдзæн. Ныртæккæ горæты уынгты зилы сæрмагонд уæзласæн машинæ æмæ, кæй аппæрстой, уыцы назбæлæсты æмбырд кæны. Уыдон, ныддихтæ сæ кæнгæйæ, æрвитдзыст биокомпосты рауадзынмæ.

«Эра» куыд фæдзæхсы, афтæмæй сын нæй контейнерты æппарæн, стæй судзæн дæр. Уый уæд рауадзы химион буарыгъæд — канцерогентæ. Уый та стыр зиан кæны канд адæймагæн нæ, фæлæ æмткæй æрдзæн.

Ахуырдзаутæн — æххуысæн

Хæстæгдæр рæстæджы республикæмæ ссæудзæн УФ-йы Паддзахадон советы профилон къамисы минæвæртты къорд, Рухсад æмæ æндæр профилон федералон ведомствоты бæрнон кусджытæ æмæ эксперттимæ. Уыдон æмбæлон органтимæ æрдзурдзысты скъоладзаутæн хъарм хæринаг дæттыны фарстатыл.

Фембæлды архайджытæ æркæсдзысты, ахуырдзаутæн хъарм хæринаг дæттыны фæдыл Уæрæсейы Президент Владимир Путины хæслæвæрдтæ Цæгат Ирыстоны куыд æххæст цæуынц, уымæ.

Паддзахадон советы кусæг къорды уæнгтæ фæстæдæр сæ хатдзæгтæ рахæсдзысты Уæрæсейы закъонæвæрæг оргæны уæллаг палатæйы æмбырдмæ.

Уымæй дарддæр, Цæгат Ирыстоны разамынды уынаффæмæ гæсгæ, Æфсæнвæндаджы электричкæтыл, стæй муниципалон транспортыл цæугæйæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæн ис билеттæ æмбис аргъыл æлхæныны фадат. Уымæн йæ нысан у ахуырдзау фæсивæдæн уæлæмхасæн социалон æххуыс бакæнын.

Уый тыххæй республикæйы бюджеты сæрмагондæй снысан кодтой 500 мин сомы Цæгат Кавказы æфсæнвæндаджы управленийæн, студенттæ æмæ скъоладзаутæн билеттæ асламдæрæй кæй уæй кæны, уый ныхмæ компенсацийы хуызы.

Æнусон æртытæн — æнусон цард

Уæрæсейы Президент Владимир Путин Хицауад æмæ «Газпром»-æн цы бардзырд радта, уымæ гæсгæ, республикæйы уыцы бардзырд царды рауадзыныл батыхстысты парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæ. Бардзырды документ куыд амоны, афтæмæй æфсæддонты уæлмæрдты æмæ номарæн объектты фæзуатыл уæвæг Номарæн æртытæ рæстæгæй-рæстæгмæ судзынæн æрдзон газ дæтдзысты лæвар.

Уæрæсейы Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур куыд банысан кодта, афтæмæй «Иугонд Уæрæсе» кæй бахаста, уыцы фæндон бæстæйы æппæт регионтæн нымад у ахсджиагыл. «Уæрæсейы алы регионы дæр ис, фæмардуæвæг хъæбатырты рухс нæмттæ дзыллæты зæрдыл лæууынгæнæг номарæн комплекстæ. Муниципалитеттæм-иу Æнусон æртыты аххосæй хæстæ куы бамбырд, уæд-иу „Газпром“-ы арт ахуыссын кæнын арæх бахъуыд. Ныр афтæ мауал хъуамæ уа. Газæй Номарæн æртыты лæвар ифтонгад нымайын ахсджиаг фæндоныл», — загъта депутат.