Ацы азы райдианы нæ республикæйы туризмы къабазы æрцыд ногдзинад. Дзауы районы Цъоны хъæуы æфцæгыл Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт байгом хæххон лыжæты трассæ. Йæ байгом кæныны хъуыддаджы хайад райста нæ республикæйы Фæсивæд, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитет. Цъоны хъæу у æцæгæйдæр хорз бынат, хæххон лыжæты курортæн. Уымæн æмæ ацы ран нæ республикæйы иннæ районтæм абаргæйæ, мит фылдæр фæлæууы, денджызы æмвæзадæй у 1 700 м бæрц бæрзонддæр. Миты бæзн дзы вæййы 3 м бæрц æмæ батайы тынг рæгмæ.

Трассæ кусы дыууæ къуырийы бæрц æмæ кæд нырма æппæт домæнтæн дзуапп нæ дæтты, уæддæр ацы цауыл цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты нæ республикæйы æмбæстæгтæ. Бирæтæ сæ улæфты бонтæ æрвитынц æдбинонтæ ам. Афтæ ма экстремалон спорт сноуборд уарзджытæн фадат фæцис сæ рæстæг æрвитынæн. Æнæ хъусдардæй нæ баззадысты сывæллæттæ дæр – уыдон та къуылдымæй бырынц дзоныгътыл. Нæ республикæйы Фæсивæд, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæг Зассеты Сергей куыд загъта, афтæмæй ацы ран нырма ис æрмæстдæр иу трассæ лыжæтæн æмæ дзоныгътыл бырджытæн. «Уыцы трассæ схæрзарæзт кæнынæн хъæуы егъау финанстæ, æмæ уæд хæххон лыжæты курорт нырыккон домæнтæн дзуапп дæтдзæн. Фæлæ ныртæккæ махмæ уыцы фæрæзтæ нæй. Нæ бон куыд у, афтæ трассæйыл сарæзтам минималон уавæртæ, трассæ ныссыгъдæг кодтам, сæвæрдтам дзы 3 палаткæйы, цæмæй адæм сæхи тавгæ дæр кæной æмæ рæстæгмæ сæ фæллад уадзой,   ис дзы тæвд цай æмæ кофи баназыны фадат. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ комитеты кусджытæ æппæт дæр аразынц, цæмæй ацы ран не ‘мбæстæгтæ  хъæлдзæгæй æрвитой сæ улæфтбонтæ. Ахæмты нымæц та уыйбæрц уыд æмæ къуылдыммæ адæмы цы транспорт кæны, уый фаг дæр нал кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы ран нын канатон фæндаг арæзт куы уаид, уæд æнцондæр уаид адæмы къуылдыммæ кæнын æмæ сæ бирæ рæстæг нæ хъæуид æнхъæлмæ кæсын,  фæлæ ацы хъуыддаг у нæ сомбоны планмæ хаст. Афтæ ма нын планмæ хаст ис къуылдымыл егъаудæр трассæ саразын, кæцы сæрмагондæй уыдзæн лыжæ-тæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, Цъон канд зымæгон курортыл нымад нæ уыдзæн, фæлæ – сезонон курортыл дæр. Уымæн æмæ уыцы ран ис тынг рæсугъд æрдз æмæ хосгæнæн суæрттæ», – банысан кодта Зассеты Сергей. Йæ ныхæстæм гæсгæ кæд ныртæккæ трассæйыл инфраструктурæ нæй, уæддæр не ‘мбæстæгтæ тынг хорз зæрдæйы уагимæ сæхи машинæтыл цæуынц сæ фæллад суадзынмæ ацы бынатмæ.

Зассеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ Фæсивæд, спорт æмæ туризмы комитет йæ уæрæсейаг æмæ Цæгат кавказаг коллегæтимæ бæрæг ахоссæгтæм гæсгæ иумиаг куыст нæма кæнынц, фæлæ сæ ныфс ис ацы хъуыддагмæ сомбоны кæй уыдзæн æвæрццаг ахаст. Уымæн æмæ туризм дæр у Хуссар Ирыстоны экономикæйы райрæзтæн ахсджиаг къабаз.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт уавæртæ нæм куы уаид туристтæ исынæн, уæд уыдоны нымæц фылдæрæй фылдæр кæнид азæй-азмæ æмæ уыимæ иумæ ма хорз æфтиæгтæ бацæуит нæ паддзахады бюджетмæ», – загъта Зассеты Сергей. Не скъолаты рауагъдонтæй бирæтæ фесты туризмы фæдыл Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ, фæлæ сын ныртæккæ куысты бынæттæ кæй нæй, уый тыххæй уыдон сæ куыст кæнынц нæ республикæйы Фæсивæд, спорт æмæ туризмы комитеты».

Нæ республикæйы æмбæстæгтæ хорз зæрдæйы уагимæ сæмбæлдысты, æрæджы не ‘мбæстаг Дыгъуызты Заринæ УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведевы Уынаффæйæ нысан кæй æрцыд «Ростуризм»-ы ног къухдариуæггæнæгæй. Уый фæдыл Зассеты Сергей загъта, зæгъгæ, йæ ныфс ис, кæй фембæлдзысты æмæ сæ фадыг-мæ хауæг фарстытæм иумиагæй кæй æркæсдзысты.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.