Президент Гаглойты Алан аивгъуыйгæ  æнцойбонты бабæрæг кодта æмæ базонгæ Дзауы районы Цъоны хъæуы лыжæтылбырæн трассæ куыд хæрзарæзт цæуы, уыимæ.

Бæстæйы сæргълæууæгимæ ма уыдысты Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ сæ эксплуатаци кæныны фæдыл комитеты сæрдар Елдзарты Константин, «Дорэкспострой»-йы генералон директор Гæбæраты Алан æмæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ.

Цъоны хъæуы æрдз зымæгон улæфтуарзджыты йæхимæ æркæсын кодта 2019 азы. Уый фæстæ аз Хуссар Ирыстоны фыццаг хатт уыцы бынаты байгом хæххон лыжæтыл бырæн трассæ.

Æмæ ныр нæ республикæйы цæрджытæн фадат ис хæххон сыгъдæг уæлдæфмæ сæ улæфтбонтæ æрвитынæн. Активон улæфтуарзджытæн фадат ис лыжæтæ, дзоныгътæ, сноубордтæ æмæ экипировкæ райсынæн, бынат дзы ис хи схъарм кæнын æмæ ацаходынæн.

Хæххон трассæйы уавæртимæ базонгæйы фæстæ Гаглойты Алан Хицауады Сæрдар Джуссойты Константинимæ иумæ уынаффæ кодтой, хæххон лыжæтæ æмæ сноубордтæй чи пайда кæны, уыдон хохмæ чи ласдзæн, ахæм техникæ самал кæныныл. Ныртæккæ улæфджыты бырæн трассæйæ райдианмæ зындзинæдтимæ фæхæццæ кæны ратрак.

Джуссойты Константины ныхæстæм гæсгæ февралы мæйы æрцæудзысты эксперттæ. Уыдон уый размæ куыстой хæххон лыжæты трассæйы проект аразыныл æмæ хъуамæ фæхуыздæр уа фæндаджы инфраструктурæ.

Бæстæйы сæргълæууæджы бахæсмæ гæсгæ ацы аз уым æвæрд хъуамæ æрцæуа, улæфджыты хохмæ чи ласдзæн, ахæм техникæ æмæ уый фæстæ хъуыды кæндзысты курорты дардæры хæрзарæзтадыл.

Бырæн трассæйы организатортæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ трассæйы дæргъ у 2 километры бæрц. Иумиагæй сисгæйæ, æнцойбонты ардæм æрцæуынц 300-400 адæймаджы бæрц.

Бæстæйы сæргълæууæг ма базонгæ Инвестицион программæйы фæлгæтты Эрцъо-Синагуры фæндагыл цы хидтæ арæзт цæуынц, уыдонимæ дæр.

Елдзарты Константин куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ бæрæг сты, ацы аз цы куыстытæ конд æрцæудзысты, уыдон.

«Арæзтадон куыстытæм æрæвналдзыстæм марты мæйы, финансон фа-дæттæ куыддæр фæзына, афтæ», – банысан кодта  Константин.

Нæ уацх.