Номдзыд инженер, публицист, æхсæнадон архайæг æмæ йæ радтæг адæмы стыр патриот Гаглойты Рутены райгуырдыл 12 февралы сæххæст 130 азы.  Уый цытæн Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты уагъд æрцыд зонадон конференци. Мадзалмæ æрбацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, зонад-иртасæн институты кусджытæ, студенттæ æмæ Гаглойты мыггаджы минæвæрттæ. Мадзалмæ сæрмагондæй æрбацыдысты Гаглойты Рутены бинонтæ – йæ хъæбулы хъæбултæ.

Конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта институты директор, историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт. Уый базонгæ программæимæ æмæ цыбыртæй æрдзырдта, Гаглойты Рутен Ирыстонæн цы æвæджиауы стыр лæггæдтæ бакодта, уыдæттыл. Банысан кодта, зæгъгæ, Транскамы фæндаджы арæзтадыл фыццаг чи сдзырдта æмæ йын проекттæ чи сарæзта, уыцы курдиатджын инженер уыд Рутен. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн фæндаг саразыны хъуыддаг æппынæдзух йæ хъуыдыйы уыд æмæ тырныдта йæ сырæзтмæ. «Ахъуыды ма йыл кæнæм, уæды рæстæджы, 20-æм азты куыд зын уыдис искуыцæй исты æрласын, фæлæ цæхæрцæст лæппуйæн бантыст Батумæй æнæаргъæй динамит æмæ кусæнгæрзтæ æрласын. Йе стырдæр бæллиц уыд, цæмæй дыууæ Ирыстон баст æрцы-даиккой ацы фæндаджы руаджы. Фæндаг бакæныныл дзырд куы цыд, уæд гуыр-дзиæгты тыхсын кодта уый, зæгъгæ, ирæттæ рудзынг кæндзысты Уырысмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон рацыдысты йæ ныхмæ æмæ йын бирæ зындзинæдтæ бавзарын кодтой, хъуыддаг ахæм уагмæ ʻркодтой, æмæ йæ 1937 азы сау цæхæры баппæрстой,  фехстой йæ», – загъта Гаглойты Роберт.

Зонадон конференцийы Гаглойты Рутены цард æмæ сфæлдыстадыл доклад бакаст ХИЗИИ-ы ирон литературæйы историйы хайады хистæр зонадон кусæг Бигъуылаты Иринæ. Уый лæмбынæг æмæ бæстонæй сахуыр кодта Рутены цард æмæ сфæлдыстад æмæ йыл ныффыста дыууæ чиныджы. Докладгæнæг цыбыртæй æрдзырдта уымæн йæ биографийыл, цавæр хæдзар-вæндагæй рацыд, йæ ныййарджытæ чи уыдысты, стæй куыд æмæ кæмыты ахуыр кодта, æппæт уыдæттыл.

«Æвзонг ма куы уыдтæн, уæддæр хъуыстон Рутены кой. Уыд диссаджы ирон адæймаг, æцæг патриот кæй фæхонынц, ахæм. Куыд гоймаг, афтæ мын Рутены бауарзын кодта Хæныкъаты Никайы чызг Олгъа. Уый мын арæх кодта Рутены кой. Уыцы рæстæджы зындгонд чи уыдысты, уыцы адæймæгтæй бирæты зыдта, фæлæ-иу мын афтæ фæкодта, зæгъгæ, дзы уæддæр Рутены хуызæн нæй. Рæсугъдæй дæр –  рæсугъд æмæ йæ хъуыддæгтæ дæр – стыр æмæ ахадæн. Зонадон институтмæ куы бацыдтæн кусынмæ, уæд-иу арæх æмбæлдтæн Абайты Васоимæ. Æмæ мын уæд иухатт зæгъы, зæгъгæ, ныффысс Рутеныл. Æз дæр бавдæлдтæн æмæ йыл ныффыстон афæдзон куыст. Уый фæстæ та амбæлдыстæм Васоимæ æмæ мын зæгъы, зæгъгæ, хорз уаид, æмæ ацы куыстæй чиныг куы саразис», – загъта Бигъуылаты Иринæ. Уый ма бахатыд хистæртæм, цæмæй Рутены къухфыстытæ нæхимæ æвæрд æрцæуой, ныртæккæ сты Цæгат Ирыстоны. Гаглойты Роберт загъта, зæгъгæ, ацы фарстыл ныридæгæн ныхас цæуы.

«Гаглойты Рутен  рухстауæг æмæ æх-сæнадон архайæг», ахæм темæйыл та доклад бакаст Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны ног дуджы историйы хайады разамонæг, историон зонæдты кандидат Джиоты Мурат.  Уый банысан кодта, Рутенæн кæй уыд арф æмæ фидар уидæгтæ йæ царды æмæ, зæгъгæ, курдиатджынæй дæр уымæн басгуыхтис. «Рутенæн йæ мад Сабе уыдис Джиоты Порайæн йæ фыд Зурабайы хо. Тыбылты Алыксандр, Хъуылаты Сикъо æмæ Абайты Лади, уыдон та уыдысты йæ мады ʻфсымæры чызджыты лæгтæ. Рутенæн дыууæрдыгæй дæр уыд ахæм арф æмæ ахадгæ уидæгтæ», – загъта Мурат. Уый банысан кодта, Рутен дæр кæй райста тынг хорз ахуырдзинад. Ахуыр кодта Тбилисы гимназы æмæ нымад уыдис хуыздæр ахуыргæнинæгтæй сæ иуыл. Фыццаг ирон газет дæр Тбилисы фæзынд, уыимæ иумæ ма дзы сырæзт фыццаг адæмон театр дæр. Уыцы хъуыддæгты хайад иста Рутен дæр. Ирон газеты фæрстыл райдыдта фыццаг хатт Гаглойты Рутен мыхуыр кæнын йæ уацмыстæ.

1917-æм азы Рутен куы æрæздæхт Ирыстонмæ, уæд Хуссар Ирыстоны дæр æндæр рæтты куыд уыдис, афтæ уыдис змæстытæ æмæ уый дæр райдыдта архайын иннæты æмрæнхъ, цæмæй Хуссар Ирыстон йæ хæдбардзинадыл сдзырдтаид. Хуссар Ирыстоны цы партитæ уыд, уыдонæн иууылдæр уыдис иу хъуыды, ома, Хуссар Ирыстон хъуамæ уа Уырысимæ, кæд æмæ хæдбар нæ уыдзæнис, уæд. Уæдмæ та Рутен уыд инженер. 1920-æм азы гуырдзы ирæтты сæ уæзгуытæй куы сыстын кодтой æмæ цæгатæрдæм куы лыгъдысты, уæд Пацъайы доны сæрты хызтысты, Рутен дзы цы хъæдын хид ацарæзта, ууыл. 1929 азы байгом Гуфтайы зæронд хид. Уыцы аз ма байгом сты Сугъта æмæ Хуытъинаты хидтæ дæр æмæ сæ арæзтады къухдариуæггæнæг, Мурат куыд зæгъы, афтæмæй уыдис Гаглойты Рутен.

1921-æм азы Рутены политикон æндæвдады тыххæй, бахъуыд йæ райгуырæн бæстæйæ ацæуын æмæ фæсарæнты рæстæгмæ æрцæрын. Цард Польшæйы, Румыны, Францийы, Английы, фæлæ зæрдæйæ та уыд йæ райгуырæн Ирыстонимæ. Уыцы бæстæты-иу хорзæй цы федта, уыдоныл-иу хъуыды кодта, зæгъгæ, сæ Ирыстонмæ дæр куы ныххæццæ кæнин.

«Рутен канд инженер нæ уыд, фæлæ ма йæ инженерон куыст баста адæмы цардимæ, ома, йæ конкретон зонындзинæдтæ куыд фæпайда уыдзысты æхсæнады царды. Цæмæй фæндаг айгæрстаиккой Рукъыл, уый тыххæй та китайаг кусджыты æркодта. Стыр кад кодта Хетæгкаты Къостайæн. Уый 1928 азы ныццыдис Нармæ æмæ йын йæ хæдзар æдзæллаг уавæры куы федта, уæд æрсидт ирон фæсивæдмæ, интеллигенцимæ, цæмæй æрбамбырд кодтаиккой æхца æмæ йæ сцалцæг кодтаиккой. Къостайы хæдзар-музейæн бындур æрæвæрдта Рутен æмæ уый дæр у стыр хъуыддаг. Йæ бон куыд цыд, афтæ лæггад кодта йæ адæмæн. 37-æм аз куы нæ уыдаид, уæд ма йын, ноджы фылдæр бантыстаид», – радзырдта Джиоты Мурат.

Уый ма фæндон бахаста, цæмæй йæ номыл, Рутен Цхинвалы кæм цардис, уыцы хæдзары къулыл конд æрцæуа мемориалон фæйнæг.

Конференцийы ма раныхас кодта Рутенæн йæ лæппуйы чызг Гаглойты Беллæ дæр. Уый стыр бузныг загъта конференци чи бацæттæ кодта æмæ йæм чи æрбацыд, æппæт уыдонæн. Сæрмагондæй бузныджы ныхæстæ загъта Бигъуылаты Иринæйæн, йæ дадайы тыххæй чингуытæ кæй рауагъта æмæ йын уымæй стыр кад кæй скодта, уый сæраппонд. Уый фæстæ бинонты номæй бахатыд Президент Бибылты Анатоли æмæ ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадиммæ, цæмæй Рутены номыл арæзтады факультеты хуыздæр студенттæн снысан кæной стипенди.

Бибылты Анатоли дæр йæ раныхасы банысан кодта Гаглойты Рутены курдиат æмæ йе стыр куыстытæ тыххæй. «Мах хъуамæ сæрыстыр уæм  ахæм диссаджы адæймаг – Гаглойты Рутен Ирыстоны кæй райгуырд. Уæлдæр цы фарстытæ æмæ хъуыдытæ загъдгонд æрцыдысты, уыдон сты уыцы бынаты, цæмæй сæм æркæсæм æмæ сæ аскъуыддзаг кæнæм. Премитыл дзырд куы цæуа, уæд уый рæхджы арæзт æрцæудзæнис. Мæнмæ гæсгæ, Рутены хуызæн зындгонд адæймагæн  хъуамæ æвæрд æрцæуа цыртдзæвæн дæр, фæлæ йæ кæм сæвæрæм, ууыл та хъæуы ахъуыды кæнын», – загъта Президент Бибылты Анатоли. Уый ма мемориалон фæйнæг бакæныны тыххæй Джиоты Мураты хъуыдыйы фæдыл банысан кодта, зæгъгæ, йыл раздæр дæр хъуыдис дзурын, цæмæй йæ юбилеймæ баконд æрцыдаид. Президент ацы хъуыддаг бахæс кодта Пухаты Эрикæн, цæмæй куыд хуыздæр у, афтæ йæ саразой.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.