Ныхас кодтой телефоны

Уæрæсе æмæ Украинæйы Президенттæ Владимир Путин æмæ Петр Порошенко ныхас кодтой телефоны. Дыууæ лидеры диалог уыд дæргъвæтин, ныхас цыд украинаг амынæтты баивыны æмæ Донбассмæ ИНО-йы фидауынгæнджыты æрбакæныны тыххæй. Ныхасы рæстæджы президенттæ уынаффæ кодтой «Нормандская четверка»-йы бæстæты Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты сæргълæуджыты фембæлды боны фæткы тыххæй. Петр Порошенко мæсæллæйы ныхæстæ загъта Пути-нæн, Мæскуыйы цур бæлцæттæласæн хæдтæхæг кæй æрхауд, уый фæдыл.

Ахст æрцыд марæг

15-æм февралы АИШ-ы штат Флоридайы горæт Паркленды скъоламæ бацыд æвзонг нæлгоймаг æмæ райдыдта æхсын скъоладзауты. Æхстыты фæстиуæгæн фæмард сты 17 адæймаджы, цæфтæ та фесты 50 адæймаджы онг. Марæджы æрцахс-той, уый разынд ацы скъолайы раздæры ахуырдзау, кæцыйы рацух кодтой скъолайæ йæ уагахсты тыххæй. Трагедийы фæдыл УФ-йы Президент Владимир Путин мæсæллæйы ныхæстæ загъта Дональд Трампæн.

Уынаффæ кодтой Персы  донбакæлæны уавæрыл

УФ-йы Президент В. Путин, Саудоваг Аравийы король Сальман бен Абдель Азиз аль Саудимæ телефоны ныхас кæнгæйæ, уынаффæ кодта Персы донбакæлæны уавæрыл. Ныхасы рæстæджы фæрстæ равдыстой сæ цæттæдзинад æвзалыдонгуырæй дунеон базары  æнтыстджын координаци фæтыхджындæр кæныны фæдыл. Саудоваг Аравийы король æрдзырдта Катар æмæ къорд æндæр паддзахады ‘хсæн ахастыты тыххæй.

Фæкъаддæр уыдзысты

хъæууонхæдзарадон

хъалонтæ

УФ-йы Паддзахадон Думæ райста закъон, кæцы фадат ратдзæн регионтæн иууон хъæууонхæдзарадон хъалоны аргъ фæкъаддæр кæнынæн. Закъоны реализаци реалонæй феххуыс уыдзæн хъæууонхæдзарадон продукци уадзджытæн, сæ хъалонтæ сын фæкъаддæр кæнгæйæ.

 

Инвестицион форум

Сочийы байгом уæрæсейаг инвестицион форум, цыран хайад исынц цыппар минæй фылдæр хайадисæджы: губернатортæ, эксперттæ, ахуыргæндтæ, фыдыбæстæйон æмæ фæсарæйнаг куыстуæтты къухдариуæггæнджытæ. Се ‘хсæн сты АИШ-ы, Евроцæдисы æппæт бæстæты егъау кампаниты сæргълæуджытæ. Форумы бизнесментæ сараздзысты бирæмилуанон контракттæ, чиновниктæ та æруынаффæ кæндзысты экономикæ ноджы эффективондæр куыд саразын хъæуы, ууыл.

Баныхæстæ Иорданийы

королимæ

Мæскуыйы Владимир Путин ныхас кодта Иорданийы король Абдалла дыккагимæ. Дыууæ бæстæйы лидерты ‘хсæн сæвзæрд æууæнчы ахастытæ. Монарх Уæрæсейы вæййы практикон æгъдауæй æрвылаз дæр. Йæ ацы визит ын у 18. УФ-йы Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Уæрæсе нысан кæны Иорданиимæ дипломатон ахастытæ саразыны 55 азы бон. Иорданийы король йæ визиты рæстæджы банысан кодта Æввахс Хурыскæсæны терроризмы ныхмæ тох кæныны тыххæй тыхтæ æрбаиу кæныны æнæмæнгхъæуындзинад æмæ загъта, Уæрæсе æндæр бæстæтæй раздæр тох кæнын кæй райдыдта терроризмы ныхмæ.

Саакашвили ацыд

          Нидерландтæм

Польшæйæ Михаил Саакашвили ацыд Нидерландтæм, цыран ын ацы бæстæйы хицауад радта гоймаджы бæлвырдгæнæн. Уый хъаст балæвæрдта Киевы административон тæрхондонмæ Польшæмæ йæ тыхæй кæй рарвыстой, уый тыххæй.

Гриппы эпидеми

Февралы райдианæй Уæрæсейы сытынг гриппы эпидеми. Экспертты прогнозтæм гæсгæ аххæсдзæн марты райдианмæ, уымæн æмæ Европæйæ æрбацæудзæн ноджы тæссагдæр грипп. Гриппæй фыццаг дзыллон æгъдауæй фæрынчын сты Пермы. Ацы областы февралы райдианы карантинмæ æхгæд æрцыдысты скъолатæ æмæ нырма дæр нæ байгом сты. Скъолатæ æмæ сабидæттæ æхгæд æрцыдысты Уæрæсейы бирæ регионты, уыцы нымæцы Ленинграды, Липецкы, Брянскы, Смоленскы æмæ Саратовы областты. Афтæ ма 15-æм февралæй 21-æм февралы онг скъолатæ æмæ сабидæттæ æхгæд æрцыдысты Дзæуджыхъæуы дæр.

Æдасдзинады конференци

Германы Баварияйы байгом æдасдзинады фæдыл Мюнхены конференци, цыран æрвылаз дæр уы-наффæ кæнынц дунеон ахсджиаг-дæр проблемæтыл. Мадзалы хайад райсдзысты паддзахадты æмæ хицауадты 30 сæргълæууæджы, генералон секретартæ, дунеон организациты президенттæ, хъахъхъæнынады 80 министры. Конференцийы хайад райсдзæн УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров. Æнæпаддзахадон конференцийы ацы хатт уынаффæ кæндзысты дунейы æндæвдады фадгуыты дих кæныны тыххæй фарстыл. Немыцаг хъусдарджыты хъуыдымæ гæсгæ, АИШ фæтарстысты Уæрæсе æмæ Китайы æфсæддон хъомысæй æмæ фæнд кæнынц дипломатон æгъдауæй сæ ныхмæ фæлæууынмæ.

Туберкулезы эпидеми

Украинæйы ис туберкулезы эпидеми. Хæцгæ низ парахат кæны тагъд. Уыимæ пациенттæй ахæм диагноз кæмæн разынд, уыдон куыстой æхсæнадон бынæтты æмæ сын контакттæ уыд сæдæгай адæймæгтимæ.

Хъуырнизы фæтынг

Английы фæстаг æртæ къуырийы дыууæ хатты фæфылдæр, хъуырнизæй (скарлатина) чи фæрынчын, уыдоны нымæц. Æрмæст ацы фæс-таг бонты Англи æмæ Уэльсы регистраци æрцыд хъуырнизæй фæрынчыны 735 цауы. Инфекци арæхдæр бахæцы, дыууæ азæй аст азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттыл. Дыууæ азы размæ та ацы низæй фæрынчын сты 19 мин адæймаджы.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.