Поэт, публицист, тæлмацгæнæг æмæ æхсæнадон архайæг Асаты Реуазы райгуырдыл сæдæ азы кæй сæххæст, уый цытæн Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ауагъд æрцыдис зонадон конференци. Конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта университеты ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр æмæ ныхасы бар радта университеты ректор, профессор Тедеты Вадимæн.

Тедеты Вадим арфæйы ныхæстæ загъта Плиты Гацырæн, ахæм ахсджиаг мадзæлттæ кæй сорганизаци кæны, уый тыххæй. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта, зонадон конференцийы хайад чи райста, уыцы ахуыргæндтæ, фысджытæ, лектортæ, студенттæ æмæ Асаты Реуазы хæстæджытæ æмæ зонгæтæй конференцимæ чи æрбацыд, уыдонæн.

Дарддæр ректор банысан кодта, зæгъгæ, кæд Асаты Реуазимæ зонгæ нæ уыдтæн, уæддæр ын йæ поэтикон, публицистикон, æмæ тæлмацтæм гæсгæ хорз банкъардтон йæ удыхъæды раппæлинаг миниуджытæ, райгуырæн бæстæ æмæ йæ ирон адæммæ йæ аудгæ ахасты æнкъарæнтæ. Уыимæ ма загъта, зæгъгæ, – æмбæхсинаг нæу абон Асаты Реуазы хуызæн фысджытæ кæй сцъусдæр сты æмæ кæй хъæуы æппæт фадæттæ æмæ уавæртæй дæр аразын, цæмæй Ирыстоны фылдæр кæной сфæлдыстадон кусджытæ.

Конференцийы Асаты Реуазы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй доклад сарæзта профессор Плиты Гацыр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, – æртынæм азты нæ литературæмæ цы куырдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдон зынгæдæртæй иу у Асаты Реуаз. Уымæн йæ ном тынгдæр сæрттывта, йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд «Хæстоны сис» мыхуырæй куы рацыд, уæд.

Асаты Реуаз царды алыгъуызон фæ-зындтæм цæрдæг, къæрцхъус кæй уыдис, уый фæрцы йе сфæлдыстадон фæндаг дæр уыд дардыл æмæ гуырахтсджын. Йæ литературон æмæ публицистон чингуыты нымæц хæццæ кæны цыппор чиныгмæ.

Асайы фырт литературон куыст кæд райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта уæд, уæддæр ын сфæлдыстадмæ дуæрттæ уæрæхдæр байтыгъта Цхинвалы педагогон техникум. Йæ фыццаг æмдзæвгæтæ дæр мыхуыры фæзындысты, уым куы ахуыр кодта, уæд 1937 азы. Мыхуыр ын сæ кодтой газеттæ «Советон Ирыстон» æмæ «Рæстдзинад, журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг».

Асаты Реуаз сæрыстыр уыд Ирыстоны номдзыд æмбæстæгтæй, куыд Хетæгкаты Къоста, Тугъанты Махарбег, Плиты Иссæ, Остъаты Алыкси, Айларты Знауыр, Гаглойты Рутен æмæ бирæ æндæр æмбæстæгтæй. Уыдонæй алкæуыл дæр Реуаз ныфыста æмдзæвгæ.

– Стыр Фыдыбæстæйон хæст куы райдыдта, уæд Ирыстонæй хæстмæ барвæндæй цы бирæ æвзонг лæппутæ ацыдысты, уыдонæй иу уыд Реуаз, – зæгъы зонадон конференцийы раныхасгæнæг профессор Хъазиты Мелитон – æмæ йæ фыццаг бонæй фæстæмæ йæхи равдыста хъæбатыр хæстонæй. Фæлæ 1943 азы фæцис уæззау цæф æмæ æфсæддон госпиталы фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн Ирыстонмæ. Хæсты фæстæ ноджы тынгдæр райтынг Реуазы сфæлдыстадон архайд. Кæд рæстæджытæ ивтой, уæддæр Реуаз никуы ивта йæ хъуыды. Фыста, æрмæсттæр йæхæдæг растыл цы нымадта, йæ адæмы цардыл хуыздæрырдæм чи æндæвта, ахæм уацмыстæ.

Уымæй дарддæр ма Мелитон банысан кодта, зæгъгæ, абон дæр иуæй-иу адæмтæн нæй уал фыссæджы, цал фыссæджы ирон адæм арвыстой  æмæ фесæфтой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. Æмæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ литературæйы размæцыдыл бандæвта мæгуырауæрдæм.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ Реуаз Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй æрæздæхыны фæстæ къорд азты кæй куыста къорд бæрнон бынæтты. Уыд Хуссар Ирыстоны обкомы инструктор, журнал «Фидиуæг»-ы редактор, Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар, газет «Хурзæрин»-ы редакторы хæдивæг, Хуссар Ирыстоны драмон театр æмæ бæстæзонæн музейы директор.

Зонадон конференцийы  раныхас кодтой ирон литературæйы кафедрæйы уæнгтæ Куыдзеты Иринæ, Биазырты Аллæ æмæ Плиты Мадинæ. Студенты иу къорд та кастысты Асаты Реуазы фыст æмдзæвгæтæ.

Зонадон конференцийы куысты хайад райста æмæ дзы раныхас кодта Реуазы чызг Асаты Светланæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.