10 октябры Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 160 азы сæххæсты цытæн уагъд æрцыдис юбилейон зонадон конференци. Конференци байгом кодта, университеты ректор, профессор Тедеты Вадим. Уый райдианы раарфæ кодта, конференци чи бацæттæ кодта, уыдонæн, залы уæвджытæн. Сфидар кодта боны фæтк æмæ ныхасы бар радта Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикæн. Уый раарфæ кодта залыуæвджытæн æмæ уый фæстæ бакаст конференцимæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли зындгонд ирон ахуыргонд Гаглойты Юрийы райгуырдыл 85 азы бонмæ цы фыстæг æрбарвыста, уый.  «Тыбылты Алыксандры цæстæнгас Хетæгкаты Къостамæ». Ахæм темæйыл конференцийы доклад сарæзта университеты ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, мæнæн тынг æхсызгон у,  нæ университет Тыбылты Алыксандры ном кæй хæссы, уый. Уымæн æмæ Алыксандр бирæ уарзта йæ бæстæ, йæ адæмы. Уæхскуæзæй куыста ирон æвзаг схъæздыг  кæныныл, Хуссар Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндон бакæныныл. Ирон æвзагыл катай кæнгæйæ Алыксандыр фыста: “Æвзаг у адæймагæн йæ зонды хос, йæ æмбарынады гарз”. Абоны бон ног литературон æвзаг саразын кæй фæнды, уыдонæн Алыксандр йæ рæстæджы загъта æндæр хъуыды дæр, зæгъгæ, уый хъуамæ зонæм æмæ хицæн литературон æвзагыл куы ныххæцæм, уæд уый уыдзæнис не сæфты нысан. Уæд нæ тыхтæ ныкъаппа-къуппа уыдзысты. Уæд нæ культурон куысты уæз нал афæраздзыстæм.

Тыбылты Алыксандр фыста   Æгъуызаты Иуане, Гæдиаты Секъа, Дзесты Куыдзæг, Хъуылаты Созырыхъо, афтæ ма уæрæсейаг фысджытæ А.Пушкин, Ю.Лермонтов, Л.Толстой, М.Горький æмæ æндæр фысджытыл. Бирæ уацтæ ныффыста Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Уый тынг бамбæрста Къостайы. Йæ алыварсон курдиатмæ йын хъавгæ æмæ уæзданæй бавналгæйæ уый фыста. «Ирон литературæйы мæсыгыл ставддæр дур Къоста бавæрдта. Ирон кусæг адæмы фыдæлтыккон тарф фынæйæ Къоста фестъæлфын кодта. Мæгуыртæн фыййау уый фæцыдис. Сидзæргæсы хъарæг уый ракодта.

Чи уыд Къоста национ культурæ-йы рæзтæн, уый дæр æргом æмæ уæндонæй загъта Алыксандр. «Ирон аив литературæйæн йæ райдайæг уыди Хетæгкаты Къоста». Къостайы тыххæй ма Алыксандр загъта ахæм хъуыды дæр, зæгъгæ, Къостайы хуызæн никæуыл фидауы адæмон поэты ном.

   Къостайы фæзынд, Къостайы æрбакъахдзæф ирон национ культурон хæзнадонмæ цахæм уыд, уый дæр ирдæй æрцыд загъдгонд Тыбылты Алыксандрæн. «Къостайы зарджыты размæ ирон адæм сæхи рæстмæ нæ зыдтой. Пырхытæй цыдысты Терчы былгæрæттæй Гудзарет æмæ Кахеты быдыртæм.

Алыксандр абон куы акæсид Къостайы хъуыддæгтæм, уæд йæ зæрдæ хурварс абадит. Уымæн æмæ Къостайы хуынтæ цал хатты рацыдысты мыхуыры. Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл стыр куыстытæ бакодтой куыд ирон фысджытæ æмæ ахуыргæндтæ, афтæ ма æндæр адæмты минæвæрттæ дæр. Уыцы нымæцы Джусойты Н.,  Джыккайты Ш., Ардасенты Х., Хæдæрцаты А., Дзуццаты Х-М., Л.Семенов, А.Малинкин, Г.Кравченко æмæ бирæ æндæртæ.

Конференцийы ма докладтæ скодтой Хъазиты Мелитон, университеты уырыссаг æмæ иумæйаг æвзæгты кафедрæйы сæргълæууæг Тедеты Зæлинæ, ирон литературæйы кафедрæйы доцент Биазырты Аллæ, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг Пæррæстаты Мананæ æмæ историон зонæдты кандидат Кокойты Азæ.    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.