Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ауагъд æрцыдис зонадон конференци зынгæ ирон драматург Туаты Афанасы фырт Дауыты райгуырдыл 120 азы сæххæсты цытæн. Зонадон конференци бацæттæ кодтой университеты ректорат æмæ ирон литературæйы кафедрæ. Конференцийы куысты хайад райстой ахуыргæндтæ, лектортæ, студенттæ, Дчуыты сфæлдыстадæн табугæнджытæ.

«Дауыты цард æмæ сфæлдыстадон фæндæгтæ» ахæм темæйыл зонадон конференцийы доклад сарæзта профессор Плиты Гацыр.

Доцент Биазырты Аллæйы доклады темæ уыд «Къостайы фæлгондз Туаты Дауыты сфæлдыстады».

Ирон кафедрæйы хистæр ахуыргæнджытæ Плиты Серго æмæ Куыдзеты Ирæйæн та конференцийы сæ ныхас уыдис «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты темæ Туаты Дауыты сфæлдыстады» æмæ «Туаты Дауыт æмæ Нартæ»-йыл.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.