Нæ республикæйы скъолаты ахуыргæнинæгтæн райдыдтой сæ уалдзыгон улæфтбонтæ. Чи сæ куыд æмæ кæм æрвитдзæнис, уый сæхи æмæ сæ ныййарджытæй кæнгæ у, фæлæ ма организаци цæуынц ахæм мадзæлттæ, кæцыты ахуыргæнинæгтæ коллективон æгъдауæй æрвитдзысты сæ рæстæг.

Улæфтыты фыццаг бон, ома, аивгъуыйгæ хуыцаубоны, нæ горæты Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы, 2-æм æмæ 5-æм астæуккаг скъолаты хицæн кълæсты ахуыргæнинæгтæ æмæ сæ ныййрджытæн организаци æрцыд экскурсси Ирыстоны бæрзонддæр хъæутæй сæ иумæ – Згъуыбирмæ.

Кæд нæ хæхтыл бирæ мит ныууарыд, уæддæр уый ныхдур нæ разынд æмæ æртæ автобусыл, автоинспекцийы кусджытæ дæр сæ машинæйыл семæ, афтæмæй райсомæй араст сты горæтæй.

Афæдзы алы афон дæр йæхирдыгонау рæсугъд у. Рæсугъд сты нæ хæххон хъæутæ зымæг дæр. Горæты, ахæм стыр мит никуы федтой скъоладзаутæ æмæ тынг фæцин кодтой. Уым арæзт æрцыд бырæн фæзуат. Радтой сын вертушкæтæ, ома кæуыл бырыдаиккой, ахæмтæ. Æмæ канд быргæ нæ кодтой, фæлæ стыр миты уыдон хæцыдысты хъæбысæй, кæрæдзийыл калдтой мит æмæ истой стыр æхцондзинад. Бырæн фæзуаты фадат уыдис, цы палаткæ æвæрд дзы æрцыд, уым артмæ сæхи ахъарм кæнынæн, тæвд цай бацымынæн, аходæн дзы бакæнынæн. Ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгты циндзинадмæ кæсгæйæ разыйæ баззадысты, ахæм балц сын кæй сорганизаци кодтой, уымæй. “Хорз хъуыддаг уыд, ахæм экскурсси кæй сорганизаци кодтам, уый. Стыр райгондæй æрыздæхтыстæм. Горæттаг сывæллæттæ уæвгæйæ, сæ алкæмæн фадат нæ вæййы æрдзы хъæбысмæ ацæуын. Æмæ кæд ныртæккæ мит бирæ ис хæхбæсты, бæстæ æмбæрзт у митæй, уæддæр ацы афонæн дæр ис йæхи хорздзинæдтæ. Зымæг мит нæ горæты цъус, кæнæ та бирæ хатт æппындæр кæй не ‘руары, уымæ гæсгæ, æгæрыстæмæй, дзоныгътыл кæм абырой, уый дæр сын нæ вæййы. Ныр сæ зæрдæйы фæндиаг фæбырыдысты митыл. Ахæм экскурсситæ, æнæмæнг, хъæуынц, кæй зæгъын æй хъæуы, зымæджы рæстæджы, фæлæ ноджы хуыздæр уаид уалдзæг, сæрд æмæ фæззæджы дæр, æрдз æппæт хуызтæй йæ рæсугъддзинад куы скалы. Уый ахуыргæнинæгтæн ахъаз уаид канд æрдзы хъæбысы се ‘нæниздзинад фидардæр кæнынæн нæ, фæлæ райгуырæн бæстæйы фендтаг, цымыдисон æмæ химæлвас бынæттимæ зонгæ кæнынæн, уарзондзинады æнкъарæнтæ йæм æвзæрын кæнынæн дæр”, – радзырдта нын Аивæдты лицейы ахуыргæнæг Хъуылымбегты Екатеринæ.

“Æз фыццаг хатт уыдтæн бирæ мит кæм уары, ахæм бæрзонд бынаты. Ме ‘мбæлттимæ хорз фæхъазыдыстæм, бырыдыстæм ветрушкæтыл. Ууыл дæр фыццаг хатт бырыдтæн. Фæнды мæ, цæмæй та ногæй æрбацæуæм”, – дзырдта цингæнгæйæ йæ тæлмæнтæ Аивæдты лицейы 7-æм къласы ахуырдзау Коцты Алексей.

– Ацы экскурсийæ канд сывæллæттæ нæ райстой æхцондзинад, фæлæ мах – ныййарджытæ дæр. Нæ сывæллæтты циндзинадыл цин кодтам мах дæр. Уыдон канд бырынæй, стæй митæй хъæзтытæй нæ райстой æхцондзинад, фæлæ ма боны дæргъы уыдон фæулæфыдысты хæххон уæлдæф æмæ сын уый та уыд æвдадзы хосы хуызæн. Диссаг уый уыд æмæ кæд скъолаты сывæллæттæ зонынц кæрæдзи фесхойын, уæд ныр та кæрæдзийы хъахъхъæдтой цæстыгагуыйау, мачи сæ мацы ныццæва, уымæй тæрсгæйæ. Мæнмæ гæсгæ хорз сты ахæм мадзæлттæ организаци кæнын, уымæн æмæ сывæлæттæ кæнынц æнгомдæр, иннæмæй та зонгæ кæнынц, хъæууон сабитæ сæ царды раздæр цахæм æхцондзинæдтæ истой, ахæм хъæзтытимæ – банысан кодта ныййарджытæй сæ иу- Букуылты Илонæ.

Банысан ма кæнын хъæуы уый æмæ, ардæм сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитынмæ, митыл бырынмæ сæ сабиты кæй æрбакæнынц, нæ горæты цæрджытæй фадат кæмæн ис, уыдон дæр.

                   БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.