Зымæг уæлдай стырдæр æнамонддзинæдтæ хаста ивгъуыд дуджы. Афæдзы ацы афон уæлдай карздæр уыдис, бирæ мит кæй уарыдис æмæ уазал, хъызт бонтæ нырæй фылдæр кæй уыдысты, уымæ гæсгæ. Ивгъуыд дуджы хæхбæсты цардис бирæ адæм æмæ сæ бар-æнæбары дæр æвзарын хъуыдис митзæйты тасдзинад, сыхæй-сыхмæ, хъæуæй-хъæумæ фæндæгтæ гæрдын.

Бирæ хъæутæн æддаг дунеимæ къуыригæйтты, мæйгæйтты бастдзинад нал уыд, æгæрыстæмæй сæ фосы дон дарынмæ дæр нал уагътой æмæ сын скъæты дардтой митдон. Адæм кæд сæхи хъахъхъæдтой митзæйтæй, уæддæр-иу æрвылзымæг дæр æрыхъуыстой, зæйласт чи фæцис, ахæмты тыххæй хабæрттæ. Уымæй дæр æрмæст хицæн зæйластыты нæ, фæлæ æнæхъæн хъæуты тыххæй дæр. Нæ адæмы царды та бирæ уыд ахæм цаутæ.

Митзæйтæ уæлдай тынгдæр цыдысты февралы мæйы. Уымæн æвдисæн у 1932 аз, 14-æм февралы Дзауы районы Арашендайы хъæуы Джусойты сæфт. Ацы бон кæд дунейы адæмтæ уарзондзинады бонæй нысан кæнынц, уæд Джусойты мыггагæн та вæййы фыдохы цаутæ мысæн бон. Уæдæй фæстæмæ дзæвгар рæстæг рацыд, фæлæ йæ нæ рох кæнынц Джусойты мыггаг. Ацы трагеди  цæуы дзыхæй дзыхмæ, фæлтæрæй фæлтæрмæ æмæ йæ абон дæр сæ зæрдыл хорз дарынц ацы мыггаджы фæдонтæ æгас ирон адæм.

Зæйы тас се уонджы бадт канд Арашендайы хъæуы цæрджытæн нæ, фæлæ ма æндæр хæххон хъæуты цæрджытæн дæр. Хуымæтæджы нæ дзырдта Къоста: «Нæ зымæг ингæн у, нæ зæйтæ – нæ мæт». Хуымæтæджы нæм нæ баззад æмбисæндтæ дæр: «Лæугæ хохæй зæй цæуы», «Хохы цъуппыл æууæнк нæй». Нæ йæ зоныс, зæй дзы кæд раскъуыйдзæн, кæд æмæ дæ кæм æрыййафдзæн. Нæ йæ зоныс, дæхи дзы куыд æмæ цы амалæй бахизай, куыд æмæ дзы кæм бамбæхсай. Зæй у цахæмдæр сусæг æмæ æнауæрдон тых, развæлгъау ба-зонæн æмæ йæ ныхмæ фæлæууæн кæмæн нæй. Хуымæтæджы нæм нæй ахæм æмбисонд дæр: «Сæлæф зæй калмы йæ хуынкъæй ласы», зæгъгæ. Уæдæ зæимæ хæцæн æмæ тохгæнæн нæй. Хуымæтæджы не сты зæимæ баст ирон карз æлгъыстытæ дæр. «Зæйласт фæу», «Зæйы бын баззай», «Зæйуат фæу» æмæ афтæ дарддæр. Уыдис-иу ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу зæй кæй аласта, уымæн-иу арæх йæ мард аргæ дæр не скодтой. Кæд-иу æй сырдтæ нæ бахордтой, уæд-иу зæйы бын баззад, цалынмæ-иу зæй не стæфст, нæ батад, уæдмæ. Ахæм æмбисонд баййæфта Арашендайы хъæуы цæрджыты дæр. Куыд ма загътам, уым та цардысты Джусойты мыггаг.

Зымæг æндæр хæххон хъæуты цæрджытау уыдон дæр сæрибар уыдысты зæххы куыстæй, фæлæ уæддæр сæ уæззау куыст нæ къаддæр кодта. Фосмæ зылдысты. Зынвадат  рæтты цы цъеритæ, мæкъуылтæ амадтой, уыдонæн сæрды галуæрдæттыл хъæумæ ласæн нæ уыд, фæндаг сын сæ къух кæй нæ арæзта, уый аххосæй. Уымæ гæсгæ сæ æфтауц кодтой, зæйæ æдас кæм уыдаид æмæ митвæндагыл æнцондæр ласæн кæцæй уыдаиккой, ахæм ранмæ. Уым-иу сæ кæрæдзийы фæдыл цалдæргæйттæй бабастой æмæ-иу сæ афтæмæй æрластой се скъæтты цурмæ. Уыцы фæндаг та æдас нæ уыд æмæ адæймагæй домдта стыр арæхстдзинад, фердæхтдзинад. Фæлæ-иу сæ цæмæй æрластаиккой, уый тыххæй дæр-иу сæ бакæнын хъуыд стыр куыст – цъеритæ кæм уыдысты, уырдæм фæндаг айгæрдын. Уыимæ иу хатт цъеритæ миты бынæй зынгæ дæр нал кодтой æмæ сæ хъуыд къахын. Афтæ митимæ архайын Арашендайы хъæуы цæрджытæн дæр уыдис сæ сæйрагдæр куыст зымæджы дæргъы.

Рæстæгæй рæстæгмæ мит калын хъуыд хæдзæртты, скъæтты æмæ æндæр агъуыстыты сæртæй. Митæй сыгъдæг хъуыд уыдоны алыварс азмæлæнтæ, суадонмæ фосæн дондарæн бынæттæм.

Уыцы аз дæр та иннæ азтау ныууарыд дзæвгар мит, фæлæ не стыхстысты цæрджытæ. Йæ ныхмæ йын æрвылазау райстой æмбæлон мадзæлттæ. Сихорафон ссис æмæ адæм сæ фос дондарынмæ рауагътой. Хъæуы бынмæ цы къоди арæзт уыд, уым-иу бæхтæ дон анызтой æмæ та-иу ахъаззаг ныххуыррытт кодтой. Уыцы хуыррытт адæмы уæнгты тас уагъта, афтæ знæтæй сæ никуы федтой. Зæронд, ацæргæ адæм сæ уæлæ дзуæрттæ æфтаугæйæ лæгъстæйæ куывтой Стыр Хуыцаумæ, фæдзæхстой йын сæхи. Фæлæ уалынмæ æнахуыр гуыпп фæцыд, раст, цыма арв æркалд. Бæстæ аталынг…

Дзæнæттаг Джусойты Нафимæ иу ахæмы куы бахатыдтæн, уæд мын  радзырдта, зæгъгæ, кæд къаннæг уыдтæн æмæ зæй цы уыд, уый не ‘мбæрстон, уæддæр мæ зæрдыл хорз бадардтон уыцы бон. Уый уыдис 1932 азы 14-æм февралы  хуыцаубоны, хъарм бон уыд. Хур йæ зынг цæстæй ныккаст хъæумæ æмæ йæ хъарм тынтæ æруагъта хъæуыл æмæ йæ сæрмæ хохфæхстыл. «Стыр хъæуыл нымад цыдис нæ хъæу, 28 цæрæг хæдзары дзы уыд. Алы хæдзары дæр хъомыл кодтой бирæ сывæллæттæ. Фаг зæххытæ сын кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сæ хæдзæрттæ æмæ сæ уæлмæрд дæр арæзтой, хуым бакæнынæн æмæ тауынæн кæм нæ бæззыдис, ахæм бынæтты. Сæ цард та æрвыстой, рагæй дзы чи æрфидар сты, уыцы фарн æмæ æгъдæуттæм гæсгæ. Цардысты кæрæдзийы ныфсæй. Скъола дæр, хъæуы бын цы цæугæдон уыд, уымæ æввахс арæзт уыд æмæ йæм цыдысты иннæ æввахс хъæутæ – Суацъала, Кæсаджджын, Замтареты хъæуты цæрæг сывæллæттæ дæр. Донмæ 15-20 метрæй дарддæр нæ уыд нæ хæдзар, фæлæ уыйас мит ныууарыд æмæ донмæ афæд кæнынæн мæ фыды бахъуыдис райсомæй сихормæ  фыдæбон кæнын. Уыдис боны 2 сахаты. Бахызт хæдзармæ æмæ мæ мадмæ бадзырдта: иу арахъхъы сыкъа ма мын адар æмæ стæй фосы донмæ ауадзон. Йæхæдæг пецæй фых картоф райста æмæ йæ æрдæгыл куыд асаста, афтæ ныннæрыд бæстæ. Мæ фыд афтæ фенхъæлдта, нæ хæдзары уæллаг фарс хохфахсыл цы стыр бæлас уыд, уый уæлæ цы бирæ мит уыд, уый нæ хæдзарыл ракалд. Мæ хæдзар фехæлд, зæгъгæ, ныхъхъæр кодта æмæ æддæмæ рагæпп кодта. Мæ мад бамбæрста, цыдæр æвирхъау хабар кæй æрцыд, йæ фæстæ рагæпп кодта æмæ йæ йæ фæтджийæ ацахста. Уыцы уысм та ногæй стыр зæй æрцыд æмæ ма иу къахдзæф, æмæ йæ йæ разæй ахастаид, фæлæ сæ дыууæты дæр уæддæр сæ астæуты онг æрцахста. Сæхи куыддæрты ссæрибар кодтой митæй. Фæйнæрдæм акастис æмæ хъæуæн йæ кой дæр нал уыдис, раст æй, цыма, адæгæй ахафтой. Иу хæдзары бинонтæ 12-æй уыдысты, фыдыфыртæй сæ Гуыдзытæ хуыдтой. Уыдонæй ма удæгасæй аирвæзтис зæронд ус æмæ, авдæны чи хуыссыдис, ахæм сывæллон. Иннæты скъахтой зæйы бынæй æмæ сæ иу ингæны бавæрдтой. Мæ фыд фæдис ныхъхъæр кодта нæ фарсмæ æввахс хъæуты цæрджытæм. Фæлæ, цалынмæ уыдон къахдзоныгътыл хæццæ кодтой, уæдмæ баизæр. Мæ фыд зæйæ куы ссæ-рибар, уæд фыййаг рахаста æмæ агурыныл схæцыд. Фæлæ уæдмæ йæхæдæг зæй кæм фескъуыд, ахæм бынаты аирвæзт. Нал ын уыд уæлæмæ схизæн æмæ мæ мадæн бæндæн рахæссын кодта. Ныууагъта йæм æй æмæ йæ сласта. Мæ фыд та йæ ных сарæзта уæлæмæ, чысыл уæлдæр, цы егъау хæдзар уыд уырдæм. Уым цардысты фондз æфсымæрæй иумæ. Бинонтæ уыдысты 36. Уыдонæй хосдзæуттæ уыдысты 18. Бирæ фос дардтой. Сæ чызджытæй иу уыдис тынг тыхджын. Чызджы æрмæст йæ астæуы онг æрцахста æмæ йæхи куы ссæрибар кодта, уæд кæуын рай-дыдта. Стæй ахъуыды кодта, кæуынæй дæр ма цы бакæндзынæн, æрцагурон сæ, чизоны – ма дзы исчи удæгасæй аирвæза. Йæ хъус адардта æмæ кæцæйдæр кæуын цæуы. Мит  ракъахта æмæ мæнæ йæ чындз, райхъуыст ма сыбар-сыбур æмæ та уыцы бынаты дæр ракъахта æмæ йæ фыд удæгас разынд. Йæ бон æй сласын нæ уыд æмæ йын уæд йæ дæлæрмтты йæ къухтæ акодта æмæ йæ сриуыгъта йæ тых, йæ бонæй, афтæмæй йæ сæппæрста. Уыцы бон ын йæ бинонтæй миты уацарæй ссæрибар кæнын бантыст 12. Дыууæ гыццыл чызг æмæ лæппу та гæдыйæ хъазыдысты. Гæды тæрхæджы бынмæ бабырыд. Чысыл лæппу даргъ уис райста æмæ архайдта тæрхæджы бынæй йæ расурыныл. Уыцы уысм сыл зæй æркалд. Лæппуйы къухы цы лыстæг даргъ уис уыдис, уый хæрдмæ миты стъыста æмæ сæм уæлдæф æркалд. Афтæ сæ сæ хъысмæт бахъахъхъæдта уыдоны дæр. Иу лæг Сидæ, зæгъгæ, йæ ном – уый та иу къуырийы фæстæ ссардтой, йæ амондæй бахъахъхъæдта уый дæр, удæгас разынд.  

Зæйластытæн баххуыс кæнынмæ фæдисы цыдысты бирæ адæм – Къуыдаргомæй, Чеселтгомæй æмæ æндæр кæмттæй дæр. Горæтæй дæр æрбахæццæ сты фæдисæттæ, æрбацыдысты æфсад дæр. Дыууæ боны дæргъы уыдон систой 80 адæймаджы бæрц, фæлæ дзы уалдзæгмæ дæр бирæ баззад. Иу æвзонг сылгоймаг та дзидзи дардта, афтæмæй бабын. Уыдис дзы, пецыл чи нындæгъдис, ахæмтæ дæр. Агургæ та сæ кодтой хъисфæндыры цагъдмæ. Фæндырдзæгъдæг цыдис миты уæлæ, йæхи цагъдмæ – фæндыры кæуынмæ афтæ лæмбынæг хъуыста æмæ дзы иу мыр дæр, йæ иу чысыл сулæфт дæр æнæфехъусгæ нæ уыди. Æмæ-иу арф миты бын зæйы амæттагмæ куы бахæццæ ис, уæд-иу фæндыр скуыдта æмæ-иу уымæй базыдта, над миты бын кæм ис, уый. Йæ алыварс адæмæн та сæ каст уымæ уыд æмæ-иу сын куы загъта «Къахгæ ут ам!», уæд-иу уыдон белтæй хъавгæ æмæ тагъд февнæлдтой», – загъта йæ раныхасы кæрон Нафи æмæ йæ сагъæсгъуыз цæстытæ доны азылдысты.

Абон кæд Джусойты хъæу – Арашендайы хъæуы цæрджытыл дзурæн дæр нал ис, уæддæр абон æмбæлы ацы трагедийыл дзурын. Уый хъæуы Джусойты мыггаджы дæр æмæ махæй алкæй дæр, Ирыстоны абон æмæ сомбонмæ чи цымыдис кæны, уыдоны иууылдæр. Уымæн ыл скодтой зарæг дæр:

Хох рацæуы кæлгæ-кæлгæ,

Рæсугъд чызг рацæуы кæугæ-ниугæ.

Джусойты хæдзæрттæ – комы ‘рдæм,

Зæй сæ фæласта боны ‘рдæм.

Чи ма дзы аирвæзт, уыдон æрцардысты Замтареты хъæумæ æввахс æмæ сæ хъæуыл ном сæвæрдтой Ногхъæу. Баисты 14 хæдзары бæрц. Ам схастой рæз æмæ дзы сæ сабибонтæ арвыстой номдзыд поэттæ – æфсымæртæ Джусойты Нафи æмæ Хаджеты Таймураз дæр.

Фæлæ та царды зилдухæнты бахаугæйæ, Ногхъæуы цæрджытæ фæлыгъдысты уырдыгæй дæр. Абон ма дзы йæ царды кой кæны иу хæдзар – Джусойты Левайы идæдз иунæгæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.