Ацы къуырийы райдианы нæ республикæйы æруарыд дыууæ мæйы цы не ‘руарыд, уыййас стыр мит. Тыхджын митуард уыдис Дзауы районы дæр. Фыццаг бонæй миты бæрзæнд сси 60-70 сантиметры бæрц, Къуыдаргомы ‘рдыгæй та ноджы фылдæр æмæ уæрагмæ мит дыццæджы райсомæй бахъыгдардта адæмы, уæлдайдæр сæ куыстытæм чи цыдис, уыдоны. Хорз у æмæ хуылыдз мит нæ уыдис, æндæра та бахъыгдардтаид электрон рухсы хæтæлтæ. Митуарды фæстиуæгæн цалдæр боны æхгæд у Транскамы фæндаг.

Къуыдаргомы ‘рдыгæй  кæцыдæр хъæутæм фæндæгтæ сыгъдæггонд нæма сты æмæ сæм машинæйыл бацæуæн нæй. Уыдоны нымæцы Къоз, Саджилзаз æмæ æндæр хъæутæ. Ныридæгæн уал бынæттон цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ техникæйы руаджы афæд кодтой цалдæр хъæуы, централон уынгтæм. Къуайсайы администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй службæйы кусджытæ мит сыгъдæггæнæн куыстытæ адарддæр кæндзысты ацы бонты, цæмæй адæмæн зымæгон уавæрты сæ фæндæгтыл цæуыны фадат уа.

Къуырисæр æмæ дыццæджы ахæм уавæры уыдысты Дзауы поселочы фæндæгтæ дæр. Хъæутæм фæндæгтæ асыгъдæг кæныны тыххæй уайтагъд бацархайдтой районы администрацийы къухдариуæгад. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ ацы зымæгон куыстытæм æрæвнæлдтой æнæкъуылымпыйæ. Техникæйы руаджы фыццаг рады ахафтой, скъолатæ, сабидæттæ æмæ куыстуæттæм фæндæгты. Уый тыххæй нын фехъусын кодта Дзауы районы администрацийы пресс-службæ. «Февралы мæйы махмæ кæддæриддæр митуарæн вæййы, ныр дæр нæм æнæнхъæлæджы бирæ мит æруарыд æмæ цæмæй адæм ма фæтыхстаиккой, уый тыххæй хъуыд рæстæгыл мит ахафын. Фыццаг рады асыгъдæг кодтам поселочы, Фаллагфарсы æмæ æввахс хъæутæм фæндæгтæ. Хорз бакуыстой нæ районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æмæ сæ бузныг стæм. Нæ уавæртæ нæ куыд амоной, афтæ æппæт хъæутæм дæр хъуамæ асыгъдæг кæнæм фæндæгтæ, фæлæ, хъыгагæн, митуард къуылымпы кæны кусджыты куыст. Зымæгон фæндагмæ зилын хъæуы, уымæн æмæ нæ район хæххон зонæмæ хауы æмæ нæм кæдфæндыдæр фаг мит вæййы», – загъта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ.

Мит кæд йæ уарынæй фæлæууыд, уæддæр районты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты кусджытæ æртыццæджы дæр митсыгъдæггæнæн куыстытæ адарддæр кодтой.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.