Ивгъуыд къуырийы кæрон, цыппӕрӕмы нæ республикæйы æруарыд фыццаг мит. Тыхджын митуард уыдис Дзауы районы. Фыццаг бонæй миты бæрзæнд уыдис 80 сантиметры бæрц, Къуыдаргомы æрдыгæй та ноджы фылдæр æмæ мит бахъыгдардта адæмы. Районы цæрджытæ дыууæ боны уыдысты æнæ рухс. Къæвдайы фæстæ мит райдыдта хуылыдзæй уарын æмæ уый фæстиуæгæн асастысты бæлæсты къалиутæ æмæ бахъыгдард сты рухсы цæджындзтæ, хæтæлтæ дæр. Дæрддаг хъæутæм, фыццаджыдæр, Къуыдаргомы рдыгæй, бирæ хъæутæм фæндæгтæ нал уыд. Ахæм уавæры уыдысты Дзауы поселочы фæндæгтæ дæр. Хъæутæм фæндæгтæ асыгъдæг кæныны тыххæй уайтагъд бацархайдтой Дзауы районы администрацийы къухдариуæгад. Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ Цхуырбаты Тамерланы сæргълæудæй зымæгон куыстытæм æрæв-нæлдтой æнæкъуылымпыйæ, ахафтой мит æмæ ныридæгæн алы хъæумæ дæр ис фæндаг. Уый тыххæй нын радзырдта Дзауы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. «Тынг бирæ мит ныууарыд æвиппайды æмæ адæмы бахъыгдæрдта, иуæй рухс ахуыссыд, иннæмæй та фæндæгтæ уыдысты асыгъдæгкæнинаг. Дзауы поселочы, Къуыдаргомы хъæуты цас ныууарыд мит, уыййас не руарыдис Едысы рдыгæй. Уанелæй мидæмæ афтæ не руарыд Дзауы куыд æркалдта. Уымæ гæсгæ махæн нæ техникæ куыста ацы бынæтты. Асыгъдæг кодтам Къодибын, Морго æмæ Дзриайы хъæуты фæндæгтæ. Уыцы нымæцы Хслеб-Хуымысæртæм, поселочы фæндæгтæ иууылдæр ныссыгъдæг кодтам æмæ нæм ныртæккæ иу хъæу дæр ахæм нал ис, фæндаг кæдæм нæ алыг кодтам. Къуырисæры нæ трактор уыдис Мацхарайы, цæмæй уым дæр фæндаг алæгъз кодтаид. Уæдмæ та ахафтам Хъемулта, Сохтæ, Котанто, Цъоны хъæуты фæндæгтæ. Хорз бакуыстой районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ æмæ сын хъæуы бузныг зæгъын. Уыдон сæ хъарм хæдзæртты нæ бадтысты, фæлæ уазалы бирæ рæстæг куыстой адæмы тыххæй. Æмæ афтæ дæр хъуамæ уа, уымæн æмæ ацы службæтæ сты адæмы цард фæрогдæр уа, уый тыххæй. Цы техникæ нæм ис, уыдон руаджы нæ куыстыл дыууæ бонмæ аххæссыдыстæм æмæ сыл фæтых стæм. Хъемултайы баххуырсæм трактор æмæ бахъуыды рæстæджы кæддæриддæр  баиу вæййы кусджытæм. Ис ма кæмæдæрты ахæм техникæ æмæ нæ сæ сæр куы бахъæуы, уæд сæ баххуырсæм æмæ нæм фæкæсынц. Зымæгон фæндагмæ зилын хъæуы, митæруарды фæстæ сæ кæддæриддæр фæхъæуы асыгъдæг кæнын, уымæн æмæ Дзауы район æнæуидæр хæххон зонæмæ хауы æмæ нæм мит кæдфæнды дæр фаг вæййы.

Митуард разиан кодта электрон рухсы телтæн, ныскъуыдтæ сты, бирæ рæтты та бынтондæр афæлдæхтысты рухсы цæджындзтæ. Æнæ рухсæй уыдис Къуыдаргом дæр. Къуайсамæ цы рухсы хахх цæуы, уый уыд горæты электрохызæджы кусджыты хъусдарды бын. Рухс куы ахуыссыд, уæд уайтагъд кусджытæ æрбацыдысты æмæ сбæрæг кодтой аваритæ цы рæтты æрцыд æмæ æнæхъæн æхсæв кодтой кусгæ. Тынг хорз бакуыстой электрохызæджы кусджытæ æмæ сты раппæлинаг», – банысан кодта Джиоты Андрей.

Бæрæг куыд у, афтæмæй митуарды фæстиуæгæн Дзауы районы бахъыгдард æрцыдис телемæсыг æмæ уæдæй фæстæмæ нал сæвдыстой централон каналтæ. Адæмы ацы фарст кæй цымыдис кæны, уый тыххæй нын Дзауы администрацийы сæргълæууæг загъта, зæгъгæ, проблемæйы фæдыл ныхас кодта Джиголаты Хасанимæ æмæ куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ дзы цыдæр хай басыгъд æмæ йæ рæхджы баивдзысты.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.