Фæстаг цалдæр азы Хуссар Ирыстоны мит бирæ нал æруарыд, фæлæ та ацы аз уый йæ уæз æруагъта нæ хæхбæсты. Рагзымæгæй фæстæмæ фæуарыд бирæ мит куыд горæты, афтæ республикæйы хъæуты дæр. Ахæм рæстæджы та сæвзæрынц зын уавæртæ æмæ фæтыхсынц цæрджытæ.

Метрæй фылдæр мит æруарыд Дзауы районы Синагур, Теделет æмæ æндæр æввахс хъæуты дæр æмæ æрæхгæдта фæндæгтæ. Нал уыд рахизæнтæ куыд хъæутæй æддæмæ, афтæ, æгæрыстæмæй, цæрджытæн нал уыд кæрæдзимæ бацæуыны фадат дæр. Хъæууон цæрджыты уавæртæ уæлдай тынгдæр фæзындæр вæййынц, ахæм рæстæджы адæммæ куы нæ вæййы æмбæлон хъусдард, уæд.  Ацы фарсты фæдыл нæ газеты редакцимæ æрбацыд фыстæг ацы хъæуты цæрджытæй. Фыстæджы загъдæуы: «Æрвылаз дæр нæ хæхбæсты мит тынг бирæ кæй æруары, уый тыххæй цæрджытæ февзарынц зындзинæдтæ. Нал вæййы хъæуæй горæтмæ рацæуыны фадат æмæ афтæмæй та хъæуты у тынг зын.  Мах  хæлц дæр æмæ æппæт æнæмæнгхъæуæг продукттæ дæр æлхæнæм горæты, æмæ нын фæндаг куы нæ вæййы, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, фæтыхсæм. Ныр дыууæ азы дæргъы нæ хъæубæсты цæрджытæн Фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитет «Дорэкспострой»-ы хæрзгъæд куысты руаджы уыцы проблемæ нал ис. Ацы фарстмæ бынаты йæ хъус дары, «Дорэкспострой»-ы Къуайсайы цы хай уæвынад кæны, уый къухдариуæггæнæг Æлборты Валик. Кæд нæм мит тынг бирæ фæуары, уæддæр ацы куыстуаты кусджытæ æппынæдзух афоныл æрбалæууынц нæ уæлхъус æмæ уайтагъд аиуварс кæнынц сæвзæргæ ныхдуртæ. Банысан кæнын ма мæ фæнды, Синагуры хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæн сæ фылдæр хай кæй цæуынц æввахс хъæутæй æмæ фæндаг куы нæ уа, уæд ахуыры процесс баззайдзæн фæстейæ.  Сабитæн та метрмæ æввахс арфæн æвæд миты скъоламæ цæуын æнцон нæ вæййы. Ацы æмæ ма фæндагон бастдзинадимæ æндæр проблемæтæ аиуварсгонд æрцæуынц Æлборты фырт æмæ иннæ кусджыты гъæдджын куысты фæрцы. Æрæджы дæр та нæм æруарыд тынг бирæ мит æмæ æрæхгæдта фæндæгтæ, фæлæ тракторыл кусæг Джиоты Авто уайтагъд нæ уæлхъус æрбалæууыд æмæ та райсом раджы скъоламæ цæуын афонмæ асыгъдæг кодта фæндæгтæ. Мах, Синагуры скъолайы коллектив, стæй ацы хъæуты цæрджытæ   бузныг зæгъæм, чидæриддæр нæм йе ‘ххуысы къух фæдаргъ кæны æмæ нын баххуыс кæны нæ уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Уыдон сты сæрмагондæй Æлборты Валик, Джиоты Автандил, Наниты Хъамболат æмæ æнд.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.