Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны цурты цæугæйæ, æнæмæнг дæ хъустæ ацахсдзысты музыкæ æмæ зарæджы æхцон зæлтæ. Ам æрвыл кусгæ бон дæр райсомы фараст сахатæй суанг изæрмилтæм нæ нымæг кæны ахуыры процесс. Иу кæнæ иннæ композиторы уацмыс музыкалон уадынгарзыл цæгъдын райдыдта, сомбон ныфс кæмæй бавæрæм, ахæм æвзонг курдиатджын адæймаг. Уацмыс æххæстгæнæджы цасдæр рæстæджы фæстæ фæлмæн хъæлæсы уагæй фæурæдта, йæ цагъдмæ йын лæмбынæг чи хъуыста, уыцы ахуыргæнæг. Йæхæдæг æй цалдæр хатты  ацагъта æмæ йын  бацамыдта, уыцы бынат ноджы аивдæрæй куыд æххæстгæнгæ у, уый. Æмæ та ногæй кæстæры уæздан æнгуылдзтæ цырдгомау аразгъор-базгъор кодтой инструменты амонæнтыл. Ныр тынгдæр барухс ахуыргæнæджы зæрдæ йæ ахуыргæнинаджы цагъдæй æмæ йæ цæсгомыл цины уылæнтæ аивылдысты. Къаддæр нæу йæ фыдæбон вокалон ахуыргæнæгæн дæр, йæ хъомылгæнинаг зарæджы алы мыр дæр йæ аив æмæ тыхджын хъæ-лæсæй куы самыдта, уæд æм æрмæст хъусгæ кæн. Фæлæ æргомæй зæгъæм: аивады гæнæнтæн нæй арæнтæ æмæ уый та иууыл тынгдæр фæхаты ахуыргæнæг. Уымæ цы сомбоны зæрдæргъæвд зарæггæнæг хъомыл кæны, уымæн зоны йæ курдиаты уæрæх авналæнтæ æмæ дзы цадæггай фæдомы, цæмæй йæ æххæстгонд зарæг радæтта аивдæрæй. Афтæ куы уа, уæд йæ табугæнджытæм ссардзæн фæндаг æмæ сын рухс кæндзæн сæ зæрдæтæ.

Ахæм у сæ куыст, се рвылбонон æнæрынцайгæ архайд ахуыргæнæндоны ахуыргæнджытæ æмæ сæ хъомылгæнинæгтæн. Ацы уагдоны ахуыр кæнынц ахæм дæсныйæдтыл, куыд фортепианон æххæсткæнынад, хорон-дирижерон, адæмон инструментты оркестр (аккордеон, ирон фæндыр æмæ домрæ), академион зарын, эстрадон вокал æмæ хореографи. Ахуырады хайады сæргълæууæг, музыкæйы предметты ахуыргæнæг Хъуылымбегты Маринæ куыд радзырдта, афтæмæй сæм цы ахуыргæнджытæ ис, уыдон сты, сæ куыст бирæ чи уарзы æмæ æвзонг фæлтæрæн арф теоретикон æмæ практикон зонындзинæдтæ зæрдæбынæй чи амоны, ахæмтæ. Уыдон нымæцмæ ахæссын хъæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон ахуыргæнджытæ Хъуылымбегты Луизæ, Хъуылымбегты Еленæ, Тъехты Маринæ æмæ æндæрты. Уыдонæй алкæмæ дæр фаг ис педагогы уæрæх зонындзинæдтæ, сæ куыстмæ уарзæгой ахаст кæмæн ис, ахæмтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам чи ахуыр кæны, уыдонæй алчи æххæст цæттæ нæ вæййы, фæндгæ та сæ фæкæны æнæмæнгхъæуæг зонындзинæдтæй фæхайджын уæвын. Æппæт уыдæттæ та алы педагог дæр хынцы æмæ сомбоны музыканттимæ кусынц зæрдæбынæй, раргом сын кæнынц се ‘взыгъддзинæдтæ, курдиат æмæ сæ фæхайджын кæнынц музыкæйы хъæздыг æвæрæнтæй.

Ахуыргæнæндоны æдæппæт ахуыр кæны сæдæмæ æввахс ахуыргæнинаджы æмæ сын ам æппæт уавæртæ дæр ис сæ зонындзинæдтæ хъæздыг кæнынæн. У дзы хъарм, ифтонг сты музыкалон инструменттæй, библиоте-кæ æххæст ифтонг у хъæуæг литературæйæ, Культурæйы министрад дæр сын баххæст кодта сæ чингуыты фонд. Æвзонг курдиæттæ се ‘взыгъддзинад равдисынц канд бынаты нæ, фæлæ ма алыгъуызон фестивалтæ æмæ конкурсты, уыдысты ахæм горæтты, куыд Ростов, Налцыкк, Санкт-Петербург æмæ кæддæриддæр сæ аивадæй барухс кæнынц сценæмæкæсджыты зæрдæтæ. Уыимæ ма раздæр азты ахуыргæнæндонмæ арæх цыдысты фæлтæрд педагогтæ Налцыккæй, уагътой мастер-кластæ æмæ сын уыдон стыр ахъаз уыдысты сæ ахуыр æмæ практикон архайды. Ахуыргæнæндоны коллективы ныфс ис, уавæр куы фæхуыздæр уа, уæд та сæм кæй æрцæудзысты, уымæй.

Куыд æрвылаз, афтæ та ацы ахуыры азы кæрон дæр ауадздзысты хыгъдон концерт. Сæ мидисджын æмæ зæрдæмæдзæугæ аивад стыр цымыдис сæвзæрын кæны аивадуарзджытæм. Ныридæгæн хыгъдон концертмæ сæхи цæттæ кæнынц æмæ та сæ бæрзонд аивадæй барухс кæндзысты концертдзауты зæрдæтæ.

                                               ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.