2017 азы раздæры Консерваразæн заводы территорийыл æрбайгом завод «Ирон сæн».  Инвестор æй сифтонг кодта, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæттынц, ахæм италиаг ифтонггæрзтæй. Сæны алы хуызтæй дарддæр ма завод уадзы цалдæр хуызы коньяк дæр. Йæ продукци реализаци кæны куыд нæхимæ, афтæ Уæрæсейы Федерацийы базæртты дæр. Сæны хуызтæ  цæуынц «Аланский резерв», зæгъгæ,  ахæм бренды бын. «Шираз», «Каберне», «Мерло» æмæ «Совиньон» сорт сæнæфсиры хуызтæ кæд УФ-йæ æрласынц, уæддæр бынæттон сæнæфсиры сорттæ куыд «Ломиаури», «Чинури» æмæ «Саперави» та æлхæ-нынц бынæттон арендаторæй. Цъус партитæ райсынц хицæн адæймæгтæй дæр.

Куыстуаты генералон директор Алексей Цапаев куыд зæгъы, афтæмæй уыдон исынц æрмæстдæр хæрзгъæд сæнæфсир. «Æнæуый нæ фæнды æрбиноныг кæнын европæйаг фæлтæрддзинад, цыран фермер зайын кæны сæнæфсир, сæндуцæг аразы сæн, реализаци та ис дистрибютерон компаниты бæрны. «Мах цалдæр азы фæд-фæдыл ауагътам сæнæфсиры тыллæджы бæрæгбон, цæмæй нæ республикæйы цæрджытæ сæ хъус аздахой сæнæфсиры куыстмæ. Нæ фарсмæ-иу æрбалæууыдысты Экономикон райрæзты министрад дæр. Республикæйы бынæттон цæрджытæй сæнæфсиры куыст чи кæны, уыдон дæр-иу фæхуыдтам. Архайдтам семæ бадзырдтæ саразыныл. Фæлæ уæддæр, завод цы масштабтæ домы продукци, уыййас сæнæфсир нæм ничи ласы. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй цы сорт сæнæфсиримæ кусæм, ахæм дæр нæ разыны цæрджытæм. Стæй, ирон адæмы ‘хсæн ис хъæздыг традицитæ, алы хæдзары дæр, гæнæн уæвгæйæ, аразынц сæн æмæ уый дæр мах тынг къуылымпы кæны.

Мах бацархайдтам Ирыхъæуы быдыры сæндон саразыныл. 40-гектары фæзуатыл ныссагътам «Шираз», «Каберне», «Ломиаури», «Чинури»-йы сорт сæнæфсиры талатæ. Уыдон дыууæ азмæ ратдзысты тыллæг æмæ уæд нал хъæудзæн УФ-йæ хомыс ласын дæр. Фæлæ уæддæр мах цæттæ стæм бынæттон амалиуæггæнджытимæ кусынмæ дæр», – загъта Алексей Цапаев.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.