Куыд зонæм, афтæмæй завод «Ирон сæн» æрбайгом 2017 азы Консерваразæн заводы. Уым æвæрд æрцыдысты, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæттынц, ахæм италиаг ифтонггæрзтæ. Йæ продукци реализаци кæны, куыд нæхи, афтæ Уæрæсейы Федерацийы базæртты дæр. Ацы азы райдианы уыдон Мæскуымæ арвыстой 13 мин авджы сæн «Аланский резерв» – зæгъгæ, ахæм номимæ. Сæны хуызтæ сты «Ши-раз», «Каберне», «Мерло» æмæ «Совиньон» сорт сæнæфсирæй арæзт. Февралы мæйы та æхсæнадон-экономикон форум «Продэспо»-йы  «Иронсæн» нымад æрцыд хуыздæрыл. «Сæнæфсиры продукци сæйраджыдæр ласт цыд нæ республикæйæн æддейæ. Заводæн ис сæндæттæ Цхинвалы районы Присы хъæуы, фæлæ уыдон нырма уыйбæрц тыллæг нæ дæттынц. Уымæ гæсгæ сидæм бынæттон фермертæм, цæмæй нæм æрбахæссой сæ продукци. Мах райсдзыстæм ахæм сæнæфсиры сорттæ куыд «Ломиару», «Чин ури», «Саквери». Ивгъуыд аз ацы сæнæфсиры мыггæгтæй истам цъус партитæ, фæлæ ацы аз исдзыстӕм фылдӕр сӕнӕфсир. Сæнæфсир ист цæудзæн 20 октябрмæ», – загъта куыстуаты генералон директор Алексей Цапаев.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй бынæттон сæнæфсир у хæрзгъæд. «Мах фæнды æрбиноныг кæнын европæйаг фæлтæрддзинад, цыран фермер зайын кæны сæнæфсир, сæндуцæг аразы сæн, реализаци та ис дистрибютерон компаниты бæрны», – зæгъы Алексей Цапаев.

Цæмæй нæ республикæйы цæрджытæ сæ хъус аздахой сæнæфсиры  куыстмæ, уый тыххæй ивгъуыд аз октябры мæйы æмбисы нæ республикæйы уагъд æрцыд Сæнæфсиры тыллæг æрæмбырд кæныны бæрæгбон. Йæ организатортæ уыдысты экономикон райрæзты министрад æмæ завод «Иронсæн»-ы компани. Ардæм æрбацæуæг уазджытæн фадат уыд компани «Иронсæн» æмæ республикæйы бынæттон цæрдждытæй сæнæфсиры куыст чи кæны, уыдон продукцийы ад фенынæн. Уыцы бæрæгбоны хайад райста Президент Бибылты Анатоли дæр. Йæ раныхасы уый ӕрсидт адæммæ, цæмæй сног кæной, нæ  адæммæ цы хъæздыг традицитæ уыд сæнаразыны хъуыддаджы, уыдон. Паддзахад та, зӕгъгӕ, цæттæ у æп-пæтфарсон æххуыс бакæнынмæ, цæмæй сæнæфсиры куысты тра-дицитæ сног кӕной нæ адæм.

Æмæ, æцæгдæр, ныридæгæн фæзындысты, Знауыры æмæ Цхинвалы районты сæнæфсир чи æркодта, ахæм амалиуæггæнджытæ.

 УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.