2008-æм августы хæстыл 15 азы сæххæсты боны цытæн нæ республикæйы цы культурон мадзæлттæ уагъд цæуынц, уы-донæй сæ иу у фоторавдыст «08.08.08 – 08.08.23». Уый байгом 7-æм августы Национ музейы фойейы. Экспозицийæн аргъгæнæг уыдысты Республикæ Хуссар Ирысто-ны Хицауады Сæрдар Джусойты Константин, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, æндæр бæрнон кусджытæ, æхсæнады минæвæрттæ.

Национ музейы директор Зассеты Мераб куыд банысан кодта, афтæмæй фоторавдыст адæмы зæрдыл æрлæууын кодта, 2008-æм азы хæсты гуырдзиаг фашисттæ цы фыдракæндтæ сарæзтой, æнæаххос адæмы куыд цагътой, горæт куыд ныппырх кодтой, æппæт уыдæттæ. «2008-æм азы августы æгъатыр хæст нæ республикæйы æмбæстæгтæй кæуыл нæ бандæвта, ахæм нæй. Бирæтæн та дзы бабын сты се ‘ввахс адæймæгтæ. Фынддæс азы дæргъы пырхæнтæ æмæ фæныкæй сæндидзгæйæ, нæ республикæ сабыр цард кæны, фæлæ адæмæй рох не сты, хæст уæд цы уæззау зиæнттæ ракодта æмæ куыд фыдæбон кодтам, уыдæттæ. Хуссар Ирыстоны адæмæн нæй уыцы бар æмæ ферох кæной 15 азы размæ цы трагикон цаутæ æрцыд, уыдон. Мах кæддæриддæр хъуамæ нæ зæрдыл дарæм уыцы хæсты цаутæ, цæмæй цы бавзæрстам, уыдон макуыуал бавзарæм», – банысан кодта музейы директор. Уый фæстæ уазджытæн радзырдта равдыстмæ кæй бахастой, музейы æвæрд чи сты, уыцы тематикон фотоæрмæг, афтæ ма Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад кæй æрбахастой, уыцы къамтæ.

«Æрæджы Хуссар Ирыстоны сгуыхт нывгæнæг Хаситы Павел музейæн балæвар кодта йæ диссаджы куыстытæй иу – «Куликовская битва» Уæрæсейæн бузныг зæгъыны сæраппонд æмæ йæ бахастам нæ тематикон фоторавдыстмæ», – банысан кодта Зассеты Мераб æмæ уый дæр бузныг загъта Уæрæсейы Федерацийæн, йе ‘ххуысы руаджы нырма дæр цæуы æндидзынгæнæн процесс, цæрæм æдас паддзахады, банымадта нын нæ хæдбардзинад.

Къамтæ дзурынц…

Тематикон фоторавдысты адæмы рæгъмæ хаст æрцыдысты цымыдисон къамтæ, кæцыты ирдæй зынынц, 15 азы размæ Хус-сар Ирыстоны ныхмæ, ирон адæмæн Гуырдзыстоны лæгмартæ цы геноцид сарæзтой, уыцы трагикон цаутæ, афтæ ма нæ республикæйы æндидзынады процесс. Экспозици цы хъæздыг æмæ мидисджын къамтæй конд у, уыдон сты дзæвгар. Къамты ‘хсæн ма адæмы рæгъмæ хаст цæуынц, нæ хорз фидæн Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй арæзт кæй цæуы æмæ æдзухдæр нæ фарсмæ кæй сты. Къамты ‘хсæн ис Уæрæсейы адæмон артист, дунейы зынгæдæр дирижертæй иу, легендарон Гергиты Валерийы къам  дæр, кæцы хæсты фæстæ уайтагъд  Мариинаг театры коллективимæ æрхæццæ пырх æмæ сыгъд Цхинвалмæ æмæ балæууыд рыстзæрдæ ирон адæмы фарсмæ – 21-æм августы радта концерт сыгъд Парламенты раз.

Нæ фарсмæ Стыр Уæрæсе алы хъуыддаджы дæр кæй балæууыд, уый кæддæриддæр мах æнкъардтам æмæ  ирдæй зыны къамты равдысты дæр.

                             ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.