13-æм июны Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центры уагъд æрцыд пресс-конференци. CONIFA-йы эгидæйы бын  Арцахы уагъдцæуæг Европæйы чемпионатмæ сæ балцы тыххæй дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн радзырдтой РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей æмæ Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Хъоцыты Сослан. Пресс-конференцийы райдианы Зассеты Сергей банысан кодта, зæгъгæ, командæйы раз лæууыд рæсугъд футбол равдисыны хæс.

«Фыццаг рады мах фæндыд рæсугъд футбол равдисын, фæлæ фыццаг матчты фæстæ бамбæрстам, махæн нæ бон кæй у турниры уæлахиздзаутæ суæвын», – банысан кодта уый. Зассейы фырт ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны командæйы нымадтой аутсайдерыл. «Командæты минæвæртты фыццаг æмбырды мын загътой, зæгъгæ, уын, хъыгагæн фæзын уыдзæн, уымæн æмæ, зæгъ, уæ къордмæ бахаудтой тыхджындæр коман-дæтæ Падания æмæ Хурныгуылæйнаг Сомихстон. Æз ын сдзуапп кодтон, зæгъын, чизоны уыдонæн фæзын уа махимæ. Æмæ рæстæг куыд фенын кодта, афтæмæй разындтæн раст», – радзырдта Зассеты Сергей.

Командæйы тренер дæр радзырдта, зæгъгæ, Паданияйыл фæуæлахизы фæстæ бамбæрстам, хуссарирыстойнаг командæйæн йæ бон кæй суыдзæн фыццаг бынат рамбулын. «Падания уыд Европæйы чемпионаты уæлахиздзау. Йе сконды хъазыдысты, дунейы тыхджындæр лигæ сери «А»-йы чи хъазыд, ахæм футболисттæ. Фæлæ нæ футболисттæ равдыстой уæлахиздзауы характер æмæ сæ бон ссис рамбулын», – банысан кодта Хъоцыты Сослан. Тренер ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, се ‘нтыст дисы  баппæрста турнирмæ æрцæуæг специалистты. «Кæй зæгъын æй хъæуы, иууылдæр нын фæарфæтæ кодтой, фæлæ мæ фæнды рахицæн кæнын иу момент. Паданияимæ хъазты рæстæджы мæм сæ тренер италиаг æвзагыл тызмæгæй цыдæртæ дзырдта, куыд æй бамбæрстон, афтæмæй уый хъуыды кодта, зæгъгæ, æвзонг кæй дæн, уымæ гæсгæ мæ хорз тренерыл нæ нымайы. Фæлæ куы фембылды сты, уæд смæсты. Уый фæстæ, зæгъæн ис, дарддæр нæ командæйы æвварс  хæцыд йæ командæимæ. Финалы куы рамбылдтам, уæд та мæм æрбацыд, тынг мын ныхъæбыс кодта æмæ мын эмоцитыл цыдæртæ дзырдта», – загъта Хъоцыты Сослан.

Пресс-конференцийы хайадисджытæ ма радзырдтой, Республикæ Арцахы сыл хорз  кæй сæмбæлдысты, уый тыххæй.

«Рахицæн кæнын мæ фæнды волонтерты, кæцытæ уыдысты нæ командæимæ. Уыдонæн ма се ‘мгæрттæ дæр æрбацыдысты æмæ трибунæтæй разæнгард кодтой нæ командæйы. Зæгъæм, финалы Хурныгуылæйнаг Сомихстонимæ хъазты рæстæджы стадионмæ æрбацыд 9 мин адæймагæй фылдæр, уыдонæн сæ фылдæр хай хæцыд Хурныгуылæйнаг Сомихстоны æвварс. Фæлæ-иу уæддæр арæх нæ фарсхæцджыты къорды разæнгардгæнæн хъæр тынгдæр хъуыст», – фехъусын кодта Зассеты Сергей. 

Чемпионатмæ арæх сæ хъус фæдарынц футболон агенттæ. Тренер Хъоцыты Сослан куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæ командæйы уæнгтæй цыппары фæхуыдтой Сомихстоны командæтæй сæ иумæ.

«Æрбацыд мæм Сомихстоны командæтæй сæ иуы тренер æмæ мын фехъусын кодта, цалдæр хъазæджы йæ кæй фæнды сæ командæмæ фæхонын. Уый тыххæй загъта футболисттæн сæхицæн дæр. Ныр уыдон хъуыды кæнынц, ацæуой уырдæм æви æндæр командæ равзарой, уый тыххæй», – фехъусын кодта Хъоцыты Сослан.

Зассеты Сергей куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сын Президент финансон æххуыс куынæ бакодтаид, уæд Арцахмæ нæ ацыдаиккой. «Арцахмæ нæ балцæн Бибылты Анатоли финансон фæрæзтæ рахицæн кодта президентон фондæй. Æгæрыстæмæй, финалы фæстæ нæ бон нæ уыд рæстæгыл хæдтæхæгмæ æрбацæуын, фæлæ нын ног билеттимæ проблемæ дæр аскъуыддзаг кодта. Мах иумиагæй æнкъардтам Президенты фарсхæцынад», – радзырдта Зассеты Сергей. Уый ма радзырдта Конифайы плæнтты тыххæй дæр. «Конифайæн ис стыр плæнттæ. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ æнæ ФИФА-йы æххуысæй ацы организаци нæ фæзындаид. Иннæ аз уыдон фæнд кæнынц Африкæйы бæстæтæй сæ иуы дунейы чемпионат сорганизаци кæнын. Ныфс мæ ис, нæ командæ уым дæр йæхи кæй равдисдзæн æмбæлон æгъдауæй. Европæйы чемпионаты фæуæлахизы фæстæ махæн ис Конифайы мундиалы хайад райсыны бар», – банысан кодта Зассеты Сергей.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.