Ацы бонты нæ горæтмæ фæуазæг сты боксæй Уæрæсейы зынгæ тренер, не ‘мзæххон Сланты Витали, æвзæнгты ‘хсæн IBF версимæ гæсгæ Дунейы чемпион Тедеты Сослан æмæ Сланты Виталийы æрыгон хъомылгæнинаг Чилæхсаты Таир.

Се ‘рцыды нысан уыд,  5 июны нæ горæты боксæй цы æхсæнадæмон турнир уагъд цæудзæнис, ууыл æрдзурын. Уыдон хуынд æрцыдысты информаци æмæ мыхуыры комитетмæ, цы ран журналистты базонгæ кодтой турниры хайад чи райсдзæнис, уыцы спортсменты номхыгъдимæ. Æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпион Тедеты Сослан фембæлдзæнис Узбекистаны чемпион Улугбек Холовимæ. Ацы дыууæ курдиатджын спорсмены, боксы сталыты фембæлд рингыл суыдзæнис иууыл цымыдисондæр.

Турниры организатортæ сты æхсæнадæмон змæлд «Ирон легион», «Урал Бокс Промоушен» æмæ РХИ-йы Президент Бибылты Ана-толи. Растдæр нæ бæстæйы сæргълæууæджы фæндмæ гæсгæ уагъд цæуы Хуссар Ирыстоны ацы турнир.

Тедеты Сосланæй дарддæр ма спортуарзджытæ æвдисæн суыдзысты æвзонг боксертæ æмæ фидæны ныфсытæ Чилæхсаты Таир, Тедеты Сæрмæт, Байты Сослан, Хуыгаты Алан, Къæбысты Аслан, Моурауты Хетæгы тохтæн. Ацы спортсментæ се ‘ппæт дæр сты Сланты Виталийы спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ.

Тренеры ныхæстæм гæсгæ Бибылты Анатоли цалынмæ Президентæй æвзæрст не ‘рцыд, уæдмæ дæр уыд боксæн табугæнæг. Уæлдай цымыдисдзинад æвдисы не ‘мзæххон IBF æмæ WBA-йы версимæ гæсгæ дунейы чемпион Гасситы Мураты тохтæм. Гасситы Мурат та йæ диссаджы спортивон цæттæдзинад æмæ техникæйæ йæ уæлахизтæй ноджы æрбангом кодта æппæт ирон адæмы. Анатоли Ильяйы фырты фæнд уыд ацы стыр турнир «Олимп»-ы ауадзын. Ардæм хуынд æрцыдысты бирæ зындгонд адæймæгтæ, уыцы нымæцы Олимпион чемпионтæ: Таймæзты Артур, Рæмонты Сослан, Бæройты Хасан æмæ æндæртæ, зæгъгæ.

Турниры фæстæ уагъд æрцæудзæнис концерт. Уырдæм хуынд æрцæудзысты зынгæ зарæггæнджытæ Цæрыкъаты хотæ, Цæрыкъаты Феликс æмæ æндæртæ. Сланы фырт ма куыд загъта, афтæмæй Ирыстоны цæры иууыл курдиатджындæр спортсментæ. Уый рахатыд æрæджы Гасситы Мурат дæр, Хуссар Ирыстоны уазæгуаты куы уыд æмæ йын Театралон фæзуаты æвзæнгты спортивон скъолайы  хъомылгæнинæгтæ рингыл цы бокс фенын кодтой, уымæй. Уадз, ацы турнир нæ лæвар фæуæд канд æвзонг спортсментæн нæ, фæлæ ма спортуарзджытæн дæр, зæгъгæ, загъта Сланты Витали.

Зынгæ тренер ма куыд загъта, афтæмæй турниры хайад цы спортсментæ исынц Китай, Латви, Узбекистан æмæ Хъæрæсе Черкесы бæстæтæй, уыдон се ‘ппæт дæр сты фидар спортсментæ. Журналисттæ цымыдис кодтой Тедеты Сослан æмæ Чи-лæхсаты Таир турнир-мæ цас цæттæ сты, уымæ. Дыууæ спортсмен дæр фидарæй ныфс бавæрдтой ирон адæмы кад дæлæмæ кæй не ‘руадздзысты.

Æвзæнгты ‘хсæн дунейы чемпион Тедеты Сослан загъта: «Турнирмæ мæхи цæттæ кæнын. Мæ тренер Сланты  Виталиимæ лæмбынæг сахуыр кодтам мæ ных-мæлæууæджы  æппæт сусæгдзи-нæдтæ. Мæ зæрдыл дардзынæн, тренер мын цы амындтытæ радта тренировкæты рæстæджы, уыдоны.

Пресс-конференцийы ма хайад райста Хуссар Ирыстоны боксы федерацийы президент Уалыты Альберт дæр «Гасситы Мураты уæлахизы фæстæ нæ республикæйы рæзгæ фæлтæр се ‘ргом ноджы тынгдæр аздæхтой боксмæ. «Олимп»-ы боксæй цы рæзгæ фæлтæр тренировкæ кæны, уыдон сты бирæ. Уымæ гæсгæ сын зал нæ фаг кæны. Мæнмæ афтæ кæсы, Советон дуджы нæ горæты цы боксы скъола уыд, уый ногæй сæндидзын кæнын хъæуы. Ахæм уæрæх масштабты махмæ боксæй турнир никуы цыд, уымæ гæсгæ уазджытыл фембæлын хъæуы æмбæлонæй».

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.