Æрæджы Республикæ Хуссар Ирыстоны спортивон царды æрцыдис радон æхсызгон цау. Цхинвайлаг æрыгон богал, 18-аздзыд Зассеты Арсæмæг ссис уæгъдибар хъæбысхæстæй кадетты ‘хсæн дунейы чемпион. Уый йæ райгуырæн бæстæмæ æрхаста сызгъæрин майдан æмæ уымæй йæ бавæрд бахаста Хуссар Ирыстоны спортивон æнтыстытæм. Болгарийы уагъдцæуæг ерысты Зассеты Арсæмæг финалы æнцонтæй рамбылдта Гуырдзыстоны минæвар Георги Чихрадзейы. Ирон богалы бахъуыд æрмæстдæр 49 секунды æмæ йæ ныхмæлæууæджы рамбылдта 10:0 хыгъдæй. Дардыл та айхъуыст ирон лæппуйы стыр æнтыст. Ирыстоны æцæг богалтæ кæй хъомыл кæнынц, уый та радон хатт фæбæрæг дунеон спорты аренæйы. Æрыгон спортсмены уæлахизыл тынг фæцин кодтой йæ тренер Коцты Тамерлан, йе ввахс хиуæттæ. Уыдоны циныл цин кæнынц æгас Ирыстоны спортуарзджытæ дæр.

Зассеты Арсæмæгыл ивгъуыд къуырийы кæрон Ручъы ирон æгъдаумæ гæсгæ, æртæ уæливых æмæ дзаггарзимæ сæмбæлдысты йе ‘мбæлттæ æмæ, кæм архайы, уыцы спортивон скъолайы минæвæрттæ.Ам æрыгон богалы хистæртæ бафæдзæхстой Хуыцау æмæ Ирыстоны зæдтыл. Зæрдиаг арфæйы ныхæстæ йын загътой йæ дарддæры спортивон карьерæйы тыххæй. Стыр бузныджы ныхæстæ айста Арсæмæг йæ уæлахизы тыххæй.

Æрыгон хъæбысæйхæцæг æмæ йæ тренерыл цы тæлмæнтæ ныууагъта Болгарийы уагъдцæуæг чемпионат, стæй ерыстæ куыд ацыдысты æмæ сæм сæхи куыд цæттæ кодтой, уый тыххæй сæ дыууæйы дæр æрбахуыдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центрмæ бынæттон журналисттæн информаци радтыны тыххæй. Пресс-конференци уагъта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты   пресс-службæйы кусæг Хуриты Батрадз. Уый, фыццаджыдæр, арфæйы ныхæстæ загъта уæлахиздзау спорт-смен æмæ йæ тренерæн, Ирыстоны ном та радон хатт кæй айхъусын кодтой, æмæ ирон богалы тых æндæр бæстæты спортсментæ сæхиуыл кæй бавзæрстой æмæ йæ ныхмæ фæлæууæг кæй нæ уыд. Брифингуадзæг ма цыбыртæй журналистты зæрдыл æрлæууын кодта Зассеты Арсæмæгы уæлахизы тыххæй, æнцонтæй кæй рамбылдта гуырдзиаг спортсмены 10:0 хыгъдæй.

Уæлахиздзауы тренер Коцты Та-мерлан йæ раныхасы банысан кодта, райгондæй кæй баззад йæ хъомылгæнинагæй æмæ райгонд кæй у ерысты фæстиуджытæй. Коцты Тамерланы куыстæн радон æнтыст кæй уыдис, уый ирдæй зынд, æппынæдзух йæ мидбыл кæй худт æмæ стыр цины æнкъарæнтимæ журналисттимæ йæ тæлмæнтæ кæй дих кодта, уымæй. «Мах куыддæриддæр фæндыдис, афтæ ацыдысты нæ хъуыддæгтæ ацы ерысты. Стыр цины æнкъарæнтимæ æмбæлæм нæ уæлахизыл. Уæлахиз та уыдис тынг рæсугъд. Нæ хъæбысæйхæцджытимæ, Арсæмæг, Андрей æмæ Сосланимæ цæуы стыр куыст æмæ нын ис æнтыстытæ», – загъта Коцты Тамерлан.

Йæ уæлахизы тыххæй брифингы цыбыртæй загъта æфсæрмыгæнаг богал Зассейы фырт. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй сæрыстыр у йæ уæлахизæй æмæ йын тынг æхсызгон у, Ирыстонæн циндзинад кæй æрхаста, уый. Арсæмæг йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уый нырма кæрон-мæ йæхи не ‘нкъары дунейы чемпионæй. «Хъæбысæйхæцын мын ерысты иууыл зындæр уыдис ирайнаг богалимæ. Афтæ зæгъæн ис æмæ уый кæй уыдис мæ иууыл сæйрагдæр ныхмæ-лæууæг. Уый ма рамбылдта кадетты ‘хсæн Азийы чемпионаты дæр. Мæнæн тынг æхсызгон уыдис кæй рамбылдтон. Ныр та мæ пълæнтты ис, цæмæй суон олимпион чемпион. Уый тыххæй та дарддæр кусдзынæн мæхиуыл», – загъта уæлахиздзау.

Куыд рабæрæг, афтæмæй Арсæмæгæн йе ‘фсымæр Ален дæр у зындгонд хъæбысæйхæцæг æмæ йын æппынæдзух спорты ацы хуызы æххуыс кæны. «Мæ хистæр æфсымæр мын бараст кæны, цы рæдыдтытæ æруадзын, уыдон. Йæ амындтытæ мын сты æххуыс æмæ сæ алыхат дæр æххæст кæнын», – загъта Зассеты Арсæмæг.

Коцты Тамерлан ма куыд банысан кодта, афтæмæй уыдон Европæйы уагъдцæуæг чемпионаты развæлгъау сахуыр кодтой спортсменты, чи сæ куыд цæттæ у æмæ куыд хæцынц. «Мах зыдтам нæ сæйрагдæр конкурентты Европæйы чемпионатæй. Спорты ацы хуызы традицимæ гæсгæ, иууыл тыхджындæр ныхмæлæуджытыл нымад цæуынц Ираны спортсментæ, Америкæ, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Уæрæсейы. Болгарийы ерысты Арсæмæг йæхæдæг куыд рахатыд, афтæмæй йæ сæрыл хæцыдысты америкæйæгтæ. Арсæмæг чысыл куы аулæфа, уæд та йæм æнхъæлмæ кæсынц æдзухон тренировкæтæ. У курдиатджын лæппу æмæ йемæ кусын дæр у æнцон. Бантысдзæн ын, цæмæ тырны, уый», – зæгъы тренер.

Коцты Тамерлан ма йæ раныхасы хорз хъуыддагыл банымадта, æрæджы Хуссар Ирыстоны арæзт кæй æрцыд Национ Олимпион комитет, уый. Банысан кодта, зæгъгæ, комитеты сырæзт ахъаз уыдзæн спортс-ментæн сæ уавæртæ æмæ фадæттæ фæхуыздæр кæныны хъуыддаджы æмæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболатæн, йæ инициативæйы тыххæй.

Брифингы кæрон РХИ-йы Иформаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Хъотайты Мария уазджытæн зæрдылдарынæн балæвар кодта хуызджын альбомтæ Хуссар Ирыстоны фенддагдæр бынæтты нывтимæ.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.