Нæ бæстæйы спортивон царды æрцæудзæнис æхсызгон хабар. Рæхджы хуссарирыстойнаг футболисттæ хайад райсдзысты Европæйаг ерысты.

23-æм майы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры нæ республикæйы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей пресс-конференцийы куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны æмбырд-гонд командæ хайад райсдзæнис Европæйы уагъдцæуæг футболон чемпионаты, кæцы уагъд цæуы ConIFA сæрдариуæгадæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, турнир уагъд цæудзæнис Хæххон Къарабахы 1-æм июнæй 9-æм июнмæ. Хуссарирыстойнаг спортсментæ бæлвырдæй нæ зыдтой, хайад дзы исдзысты, уый. Уымæн æмæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ финанс кæныны фарст скъуыддзаг нæ цыдис æмæ уый та бандæвта футболисты цæттæдзинадыл.

Уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг æмбырдгонд командæ турнирмæ сæхи цæттæ кæнын райдыдтой дыууæ къуырийы размæ. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, фаг нæу, цæмæй ахæм æмвæзадыл уагъдцæуæг чемпионаты сæ хъазт ацæуа бæрзонд æмвæзадыл. «Уымæ гæсгæ ставкæ æвæрдзыстæм функционалон цæттæ-дзинадыл, нæ ныхмæлæуджыты исдзыстæм цырддзинад æмæ фæразондзинадæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, футболы стыр нысаниуæг ис спортсмены фидар моралон удыгъæдæн æмæ уыцы хъуыддаджы та не спортсментæ сты цæттæ, ис сæм хорз ахъазыны зæрдæ. Мах фæнд кæнæм, цæмæй нæ хъазт рауайа хорз æмæ динамикон», – загъта Зассеты Сергей.

Уый  куыд банысан кодта, афтæмæй футбол у спорты ахæм хуыз, кæцы домы хорз цæттæдзинад æмæ хъусдард здахын. Радзырдта, абон архайæг футболистты командæ куыд хъазы æмæ лæмæгъдæр кæцырæтты вæййынц, уыдæттыл.

Практикæ куыд амоны, уымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг командæ хъазты рæстæджы хорз фæхъахъхъæнынц сæ голты. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, практикæ куыд уынын кæны, афтæмæй лæмæгъдæр сты командæйы размæбырсджытæ. Ацы цухдзинæдтæ хынц-гæйæ, цæттæгæнæн хъазтыты фылдæр хъусдард здæхт цæуынц уыцы фарстытæм.

Пресс-конференцийы хуссарирыстойнаг æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Хъоцыты Сослан дæр банысан кодта спортсментæ  бирæ рæстæг кæй нæ цæттæ кæнынц сæхи, фæлæ се ‘хсæн кæй ис хорз ахастытæ.

«Махæн не ‘мбырдгонд командæйы æвзонг лæппуты ‘хсæн ис хæларадон ахастытæ, уыдон кæрæдзи тынг хорз æмбарынц æмæ уый та ахсджиаг хъуыддаг у, фæзуаты сæхи куыд дарой æмæ сæ хъазты фæстиуджытæн. Æхсызгон ма мын у уый дæр æмæ спортсменты тырнындзинад бæрзонд кæй у æмæ сæхиуыл дæр кусынц», – банысан кодта Хъоцыты Сослан.

Пресс-конференцийы хайадисæг, хуссарирыстойнаг æмбырдгонд командæйы хъазæг Бекъойты Ацæмæз дæр йæ рады банысан кодта, сæхи хорз бацæттæ кæныны тыххæй сын фаг рæстæг кæй нæй, уый. «Цæмæйдæриддæр ахæм ерыстæм хорз бацæттæ кæнæм, уый тыххæй æппынкъаддæр хъæуы мæй æмæ æрдæджы бæрц. Кæд уыййас нæ бацæттæ кæндзыстæм нæхи ацы чемпионатмæ, уæддæр ме ‘мбæлттæн сæ ныфс нæ сæтты. Уый махæн у тынг ахсджиаг хъуыддаг», – загъта Бекъойты фырт.

Журналисттæн Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей фенын кодта, хуссарирыстойнаг командæ цы спортивон дарæсы хъаздзысты, уый. Спортивон дарæс алкæй зæрдæмæ дæр тынг фæцыдис, уымæн æмæ сæ бахуыдтой зынаргъ æмæ гъæдджын италиаг хъуымацæй. Дарæсы конд у Ирыстоны триколоры хуызтæй. Хуыйгæ та сæ бакодта цæгатирыстойнаг спортивон дарæс хуыйæн фирмæ «Арион».

Комитеты сæрдар  цыбыртæй радзырдта куыд сæ фæхуыдтой ацы чемпионатмæ, чи сты йæ хайадисджытæ, куыд дих æрцыдысты æмæ дзы цавæр ивындзинæдтæ æрцыд, уый тыххæй.

Нæ футболисттæ турниры фæлгæтты сæ фыццаг хъазт акæндзысты 2-æм июны. Уыдон футболон фæзуаты фембæлдзысты Ныгуылæн Сомихстоны æмбырдгонд командæимæ. 3 июны та нæ командæ хъуамæ ахъаза Паданияйы (Италия) командæимæ. Уый фæстæ бон та хуссарирыстойнаг командæ фембæлдзæнис Секейский крайы (Румыния) æмбырдгонд командæимæ.

ConIFA нысан кæны Хæдбар футболон ассоциациты конфедераци. Уый у æппæтадæмон футболон организаци, кæцыйæн штаб-квартирæ ис Швецийы. Йе скондмæ хауынц футболон ассоциацитæ æмæ адæмты командæтæ, территоритæ æмæ бæстæтæ, кæцытæ не сты ФИФА-йы уæнгтæ. Ныртæккæ ConiFA-йы уæнгтæ сты 55 субъекты. Республикæ Хуссар Ирыстон ацы футболон организацийы уæнг ссис 2014 азы. Æмæ уыцы азæй фыццаг хатт хуссарирыстойнаг  командæ  хайад  райста дунеон  чемпионаты,  кæцы  уæд уагъд цыдис 31 майæ 8-æм июнмæ Швецийы горæт Эстерсунды.

Зассеты Сергей журналистты зæрдыл æрлæууын кодта ахæм хъуыддаг, зæгъгæ, 2015 азы хуссарирыстойнаг футболисттæн сæ бон  не ссис хайад райсын Европæйы чемпионат «ConIFA Евро  2015»-ы. Уый   уагъд цыдис Венгрийы æмæ йæ хицауады бахъуыд Гуырдзыстоны амындмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы республикæйы спортсментæн фæхуынды гæххæттытæ цæмæй ма радтаиккой, ууыл сразы уæвын.

2017 азы Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ хайад райста Европæйы чемпионаты Цæгат Кипры, кæцы уагъд цыдис ConIFA къухдариуæгадæй.

Зассеты Сергей   банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæ дарддæр фæнд кæны дунеон чемпионаты хайад райсын, кæцы уагъд цæудзæнис Африкæйы 2020 азы. «Мах ныридæгæн хæдбар футболон ассоциациты конфедерацийы къухдариуæгадмæ арвыстам нæ разыйы дзуапп чемпионаты хайад райсыны тыххæй. Фæлæ уал сæйраг у уый, цæмæй нæ футболисттæ ацы чемпионаты сæхи равдисой æмбæлонæй. Уыцы хъуыддаг ахъаз уыдзæнис, цæмæй нæ командæ хайад райса 2020 азы уагъдцæуæг дунеон чемпионаты», – загъта уый.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй хуссарирыстойнаг командæйы балцы хъуыддагæн финансон æххуыс бакодта нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ йын коман-дæйы номæй иумæ зæгъынц стыр бузныг.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.