Ирон зарæджы къæбицмæ дзаджджын æмæ бæркадджын хуынтæ чи хæссы, ахæмтæй хъæздыг стæм. Ахæмты нымæцмæ хауынц хæдахуыр зарæггæнджытæ Мæргъиты хотæ дæр. Искæмæн куы ской кæнай Мæргъиты хоты тыххæй, уæд уайтагъддæр бамбардзæн æмæ йæ хъустæ ацахсдзысты,  рæсугъд æмæ аив зарджытæ чи æххæст кæны, уыцы хæдахуыр зарæггæнджыты. Кæд хæдахуыр зарæггæнджытыл нымад сты, уæддæр уымæй бынтондæр нæ кайы сæ ахадындзинад, зарæджы табугæнджытæн сты уарзон. О, ирон зарæджы аивадмæ сæхирдыгонау уæзгæ хайбавæрд чи бахаста æмæ абоны бон дæр чи хæссы, уыдоны нымæцмæ хауынц ацы хотæ дæр.

Мæргъиты бинонтæ цардысты Карелы районы ирон хъæутæй иу – Къæдзæхсæры. Сæ ныййарджытæ уыдысты адæмы уарзон, кæрдзындæттон, алы хатт дæр уазæгæн сæ хæдзары дуæрттæ уыдысты гом. Хъæубæстæ сын уæлдай тынгдæр аргъ кодтой адæммæ сæ æмуд ахасты тыххæй. Уыдон сæ дыууæ дæр хорз арæхстысты музыкалон уадынгæрзтыл цæгъдын æмæ зарынмæ æмæ фæскуыст хъæлдзæгдзинадæй цух нæ уыдысты сыхбæстæ дæр. Фыд, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран, æхсарджын тох кодта немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ. Иу ахæм карз тохы рæстæджы знаджы судзгæ нæмыг сæмбæлд йæ рахиc цонгыл æмæ йыл ныууагъта йæ дæрзæг фæд. Фæсхæст сыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ æмæ æхсæнадон хæдзарады рæзтмæ хаста йæ хайбавæрд. Йæ судзгæ хъæдгом ницæмæ дардта – йæ уарзон æмкъай йын уыд ныфсы хос.

Сæ ныййарджыты æвæрццаг миниуджытæй фæхайджын сты сæ кæстæртæ дæр æмæ чысыл куы байрæзтысты, уæд ныр та уыдон систы хъæлдзæгдзинады хос сæ хъæубæстæн. Хæрз къаннæджытæ уыдысты, æгæрыстæмæй сæм радио дæр нæ дзырдта, фæлæ сæхи хъæппæрисæй ахуыр кодтой æмæ зарыдысты адæмон зарджытæ. Уымæй дарддæр се ‘ппæт дæр базыдтой балалайкæйыл цæгъдын. Фæстæдæр бинонтæ 1950-æм азы цæрынмæ ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Сунжæйы хъæуы. Ацы ран ноджы фæтынгдæр зарæджы аивадмæ сæ уарзондзинад. Амæйразмæ фембæлдтæн заводон поселочы Мæргъиты хоты кæстæр Заирæимæ æмæ мын фæдзырдта бинонты цардвæндаджы тыххæй. Хæдзары къæсæрæй нæма бахызтæн, афтæ дзаджджын фынг авæрдта. Мæргъиты кæстæртæ сты Тоня, Тамарæ, Аннæ, æфсымæр Жорик, Маринæ, Наташæ æмæ Заирæ. Сæ ныййарæг мад куы фæзиан, уæд фыдæн æндæр гæнæн нал уыд æмæ æрхаста дыккаг ус. Уымæй та сын кæстæртæ уыд дыууæ – чызг Женя æмæ фырт. Заирæ тынг райгондæй æппæлыд сæ дыккаг мад Хъуылымбегты Пелæйæ, мах æй не ‘ппæт дæр уарзтам нæхи мады хуызæн, уымæн æмæ нын лæггад кодта хи ныййарæгау, абон дæр ма йæ мысынц хорзæн.

Ивгъуыд æнусы 70-æм азты Мæргъиты хоты зарджытæ айзæлыдысты Хуссар Ирыстоны радиойæ: «Мады зарæг», «Уарзын, уарзын, уарзын æз», «Фыдуындтæ цы фæуой уæд» æмæ æндæртæ. Æнгом бастдзинæдтæ сын уыд Цæгат Ирыстоны поэттæ æмæ композитортæ Цæгæраты Гиго, Гаджиты Геор, Уырымты Петя, Гæздæнты Булат, Есенаты Женя æмæ æндæртимæ. Æмæ фæзындысты иу иннæйы фæдыл зарджытæ, куыд «Бæллиц», «Сидтоны зарæг», «Тлийы комы зарæг», «Ма мын кæн тæргæйттæ», «Колхозон хуым», «Ничи мæ хъæуы дæ цуры», «Дымгæ дæ базыртыл ахæсс», «Авд хойы зарæг», «Райгуырæн хæхтæ», «Баталынги, хур фæсхохæй ахызти» æмæ æндæртæ. Мæргъиты хотæ æрмæст цæгъдгæ æмæ заргæ нæ кæнынц, фæлæ ма диссаг сты музыкæйы рæсугъд зæлтæ æрхъуыды кæнын æмæ ранывæндынмæ. Уæлдæр ранымадгонд зарджытæн цалдæрæй дарддæр мелодитæ æрхъуыды кодтой сæхæдæг. Мæргъиты хотæ сæ аивад æвдыстой æрмæст Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ ма Кæсæджы, Цæцæны Ленинград æмæ æндæр сценæты дæр æмæ конкурстæ æмæ æркастыты кæддæриддæр æлхæдтой аивадуарзджыты зæрдæтæ, сæ номыл хъуыст тыхджын къухæмдзæгъд, фæистой бирæ хæрзиуджытæ æмæ арфæйы ныхæстæ.

Азтæ цæуынц, Мæргъиты хотæ дæр хисæрмагонд царды ссардтой сæхи фæндæгтæ. Фæлæ иумæ куы æрбамбырд вæййынц, уæд та ногæй азæлынц, адæймаджы уæнгтæ рог чи фæкæны, бонрухс ноджы райдзастдæр кæмæй свæййы, зарæджы ахæм æхцондæттæг мыртæ.

                                                  ХУЫБИАТЫ Никъала 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.