Цæгат Ирыстоны телекомпани «Осетия-Ирыстон» сарæзта телепроект «Азар-ма». Архайынц дзы куыд фæлтæрд, афтæ хæдахуыр зарæггæнджытæ дæр.

Вокалон телепроект «Азар-ма»-йы архайджытæ сæ разы æвæрынц хæс, цæмæй сбæлвырд кæной Ирыстоны рæсугъддæр хъæлæс.

Проекты хайад райста Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты студенткæ Джиоты Любæ дæр. Ацы вокалон конкурс Любæйæн у йæ фыццаг фæлварæн. Уæдмæ дæр Любæ зарыд æрмæст бинонтæ æмæ æмгæртты ‘хсæн. «Æз архайын нæ университеты журналистикæйы факультетæн студи «ЮОГУ-ТВ»-йы. Хорз ахастытæ нын ис Цæгат Ирыстон-Аланийы телекомпани «Осетия-Ирыстон»-имæ. Ноябры мæйы уыдон фехъусын кодтой, зарæггæнджыты кæй хонынц сæхимæ вокалон проекты хайад райсынмæ. Æз дæр зарын кæй уарзын, уый зонгæйæ мæ ме ‘мгæрттæ баразæнгард кодтой, цæмæй хайад райсон телепроекты. Дыууæ къуыри дæр нæма рацыд, афтæ мæм хонæн гæххæтт æрцыд», – зæгъы Любæ.

Жюрийы сконды уыдысты ахæм зынгæ музыканттæ, куыд Бекъойты Вано, Хадыхъаты Аллæ æмæ Бабаты Виктория.

Конкурсмæ хайад райсынмæ æмæ «Ирыстоны хуыздæр хъæлæс»-ы титул райсыны тыххæй æрбацыд 47 хайадисæг.

Джиоты Любæ æвзарæн туры рæстæджы сæххæст кодта англисаг æвзагыл Бруно Марсайы зарæг. Жюрийы уæнгтæ стыр райзæрдæимæ сæмбæлдысты хуссарæй æрцæугæ уазæгыл. Фæлæ сæ хъуыды уыд иу, ома, ацы зарæджы дæ хъæлæс уымæн у ныллæг. Уæд Любæ загъта, йæ бон кæй у азарын ирон зарæг дæр. «Уадид мæ сæры февзæрд ме ‘мбал Хъодалаты Марияйы фыст зарæг «Мæсыг» сæххæст кæнын. Азарыдтæн æй æмæ жюрийы уæнгты зæрдæмæ фæцыд. Бахатыдысты мæм, цæмæй ма ноджыдæр азарон иу зарæг æмæ ма сæххæст кодтон Токаты Али-ханы ныхæстыл фыст зарæг «Фыццаг фæкасты уарзт». Афтæ бахаудтæн конкурс «Азар-ма»-йы дарддæры этапмæ. Зарджыты композицитæ æххæстгæнгæйæ мын гитарæйыл цагъта нæ университеты вокалон-инструменталон ансамблы гитаристкæ Кокойты Аннæ.

Финалмæ цы 10 зарæггæнæг бахауд, уыдон сконды ис Джиоты Любæ дæр. 14 майы уый тох кæндзæн «Ирыстоны рæсугъддæр хъæлæс»-ы ном райсыныл.

Интернет хъæлæс дæттыны тыххæй Любæйæн лæвæрд æрцыд 6-æм номыр. Йæ ныхæстæм гæсгæ нырма нæ равзæрста, финалы цы зарæг азардзæнис, уый. Фæлæ зарæг æнæмæнг уыдзæн ирон æвзагыл. «Гæнæн ис, æмæ мын конкурсмæ сæрмагондæй ныффысса зарæг Хъодалаты Мария» Æз хорз æмбарын, ацы конкурсы финалмæ кæй ба-хаудтæн, уый мыл ныр стыр бæрндзинад кæй æвæры мæ райгуырæн Хуссар Ирыстоны раз. Раст зæгъгæйæ, тынг тыхсын, уымæн æмæ конкурсы хайадисджытæ сты фæлтæрд музыканттæ. Æз та дæн хæдархайгæ. Астæуккаг скъолайы музыкæйæ цы зонындзинæдтæ райстон, уыдон, кæй зæгъын æй хъæуы, фаг не сты ахæм бæрнон конкурсы хайад райсынæн», – зæгъы æвзонг зарæггæнæг.

Любæйæн нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй суа конкурсы фæуæлахизуæвæг.

Уазӕгты Марфӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.