Куыддæр Цъæйы рæсугъд æрдзы хъæбысы аныгъуылдтæн, афтæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты зарæджы рæнхъытæ:

«Цъæйы дон, кæсын та дæм, кæсын.

Демæ мæ æрфæндыди тæхын!..»

Æцæгæйдæр, Цъæйы комы Моладзаны хохы алыварс цы рæсугъд нывтæ ис, уым адæймаг банкъары æгæрон æнцойдзинад, уды рæсугъд тæмæнтæ йæ сæ уæлныхты сисынц, æмæ йæ æфтауынц ног, райсомы уддзæфау сатæг фæндтæ æмæ хъуыдытыл. Адæм дзы цыма, къæссавæлдæхт фæвæййынц, уыйау сæ айрох вæййы ацы мæнг дунейы цы тых-тонайы уацары вæййынц, уый. Æмæ уый иттæг хорз у! Æгайтма адæймагмæ ис, кæддæр иу хатт уæддæр чи разыны æмæ рарттивы, удыхъæды ахæм миниуджытæ.

Цæвиттон, Цъæйы альплагеры æрвылаздæр уагъд цæуы Юри Визборы номыл хифыст (бардон) зарджыты фестиваль. Уырдæм æрцæуынц Уæрæсейы алы  къуымтæй, стæй Укранинæйæ дæр. Ацы аз дæр дзы цытджын уазджытæй уыдысты бирæ зындгонд бардтæ. Уыдон нымæцы уыди зарæджы ацы жанры бындурæвæрджытæй иу Валентин Вихорев дæр.

Зарæджы ацы жанр цæхгæр хицæн кæны иннæ жанртæй. Бардон зарæгæн йæ сæйраг æууæлтæ сты хъуыдыйы сæрибардзинад, æнкъарæнты алыгъуызондзинад, царды уæззау уагæвæрдтæм ныхмæлæуд-протест. Ацы жанры хайад исын йæ бон у, стыр дæсныдзинад кæмæ нæй, фæлæ йæ миддунейы æнкъарæнтæ æддæмæ кæмæн тонынц зарджыты æмæ музыкæйы хуызы, ахæм зарæггæнджытæн дæр.

Фестивалы хайад истой Цæгат Ирыстоны минæвæрттæ дæр иуцалдæрæй: Карина Партиспанян, Маргарита Стеблина æмæ æндæртæ.

Уымæй дарддæр ма фестивалы хайад иста Сочийаг ирон чызг Дзæгъиаты-Дышекова Катерина. Уый адæймаджы зæрдæ йæхимæ здæхта йе цæг ирон удыхъæды миниуджытæй, йæ зæлланг хъæлæс æмæ аив зарджыты руаджы. Фестивалы ацы æмæ æндæр хайадисджытæн тæрхонгæнæг уыдысты жанры зынгæ дæснытæ Владимир Ильин, Владимир Шемшученко æмæ æндæртæ.

Цалынмæ конкурсы хайадисджыты номхыгъд не сбæлвырд, уæдмæ уал зарæг-гæнджытæ рацыдысты мастеркласстæ. Уыдон тынг пайда уыдысты зарæггæнæджы фæндагыл лæуд чи у æмæ слæууинаг чи у, уыдон дæсныйад фæхуыздæр кæнынæн. Хъус-джытæн амындæуыд зарæджы текст æмæ гармонийыл куыд кусын æмбæлы, зарæггæнæг сценæмæкæсæджы раз æххæстæй куыд хъуамæ райхæла, йæ зæрдæйы æнкъарæнтæ йæм куыд хъуамæ фæхæццæ кæна, уыдæттæ.

Æппæт адæттæ иттæг хорз фидыдтой Цъæйы алæмæттаг æрдзы хъæбысы, фæлæ уæддæр зæрдæйæн хъыг уыди, ирон зарæджы зæлтæ дзы кæй нæ райхъуыст, уый. Раст у, аивадæн уæлдай нæу, цавæр фæнды æвзагыл дæр зарæгæн йæ зæлтæ аив æмæ рæсугъд фидыдтой, фæлæ цыма Цъæйы комыл цавæрдæр æнкъарддзинад æфтыдта, афтæ каст адæймагмæ.

Афтæ уыди, æви нæ, уæддæр аивады тыгъдады адæймаджы зæрдæ ссары æнцой, æрбады йæ гаччы. Æмæ куыннæ! Уыцы ран дуарæхгæдæй дæр ничи цард, давынæй дзы ничи тарст, йæ гæрзтæ дзы æмбæхстæй ничи дардта, иу дзы иннæйы сæфтмæ нæ бæллыд, раст цыма дзы адæм сæ царды сæрыл тох кæныны сæраппонд цы хотыхтæ фæдарынц, уыдон æрæвæрдтой, æркалдтой.

Афтæмæй аивгъуыдта иу къуыри. Фестивалы хайадисджытæй алчидæр уыд тыхст-дзинады уацары. Куыд уыдзæн, цы уыдзæн, зæгъгæ, сæ уды джитæнтæ цыдысты. Æгæ-рыстæмæй дзы, дæсгай азты хайад чи исы, уыдон дæр æгъуыссæг фесты адæргæй. Конкурсы хайадисджытæй дарддæр ма ацы ран уыдысты ардæм, сæ аивадæн сын аргъ кæнынмæ, сæрмагондæй, чи æрцæуы, ахæм адæм дæр. Уыдон зарæггæнджытимæ систы иу бинонты хуызæн, æмæ æдзух сæ хъус  дардтой уыдонæн се ‘нтыстытæм, хъыг кодтой сæ къуылымпытыл.

Ахæм æнахуыр уавæрты иучысыл ацæрын дæр тынг пайда у адæймагæн. Дзурынц, зæгъгæ, рагон грекъаг мифологийы хъайтар Прометей ацы комы тыгъд у. Уымæй дард-дæр ма ис ахæм хъуыды дæр, ома ацы комы ис кæлæнгæнæг тых æмæ монон сусæгдзи-нæдтæ чи дæтты, уыцы Шамбала. Афтæ у æви нæ, уыдон уды хæрзиуæгæн пайда сты, æви нæ, уый дызæрдыггаг у, фæлæ, бæлвырд, аивадыл цæрддзу чи кæны, уыцы адæмы æхсæн вæййы æндæргъуызон, цыдæр æнахуыр дунеæнкъарынад, æмæ уый апырх вæййы сæ алыварс адæмыл дæр.

Уæдæ адæмы удыхъæдыл Цъæйы комы æндæвдад афтæ тыхджын нæ уаид, иуæй-иу зарæггæнджыты куырдиат дзы зынгæрттывд куынæ кæнид, уæд. Ахæм стъалыйы ферттывдау уыди Хадыккаты Аланæйы фæзынд Цъæйы фестивалы сценæйыл. Æрыгон чызгæн, æвæццæгæн, йæ туджы дæр куыннæ уыдзæн аивады тæваг – зындгонд зарæггæ-нæг Хадыккаты Аллæ йæ  фыдыхо у – фæлæ уæддæр Аланæйæн йæхи æрмдзæф ис, хæдбындур курдиаты хицау у. Уый зарæг куы самоны, уæд æмæ канд адæм не рыхъусынц, фæлæ, цыма Цъæйдон дæр æрсабыр вæййы, æруромы йе ‘нусон балц. Диссаг у ацы чызджы сфæлдыстадон фæндаг. Уый æмхиц у хъайтарон зарджытæм. Мæнмæ уыцы хъуыддаг иттæг хорз нæ кæсы, цæмæн хъæуы æрыгон чызджы ахæм уæззау темæйы сæр, зæгъгæ. Фæлæ, чизоны ахæм у æцæгæйдæр йæ дунеæмбарынад, чизоны æмæ йæ ууыл амоны йæ удыхъару.

Хадыккаты Аланæ ивгъуыд аз сси Фестивалы сæйраг хорзæх – Гранприйы хицау. Уымæ гæсгæ ацы аз уымæн лæвæрд æрцыд æрмæст Фестивалы хайадисæджы грамотæ.

Фестивалы уæлахиздзаутæ райстой дипломтæ лæвæрттæ, грамотæтæ, фæлæ се ‘ппæт дæр иумæ хорзæхджын уыдысты Ирыстоны æрдзы рæдау аудындзинад æмæ зарæджы удæгасгæнæг зæлты æндæв-дадæй.

Цъæйы комы та, цыма, ногæй айзæлыдысты зарæджы зæлтæ:

«О, Цъæйдон, кæсын та дæм, кæсын,

Демæ мæ æрфæндыди тæхын

Айсæфти мæ рыст уæнгты фæллад,

Цъæй дон, дæ базыртæ мын ратт!»      

Годжыцаты Н.        

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.